Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилины бардзырдмæ гæсгæ  сусæны мæйы 27 бон нысан цæудзæн Донбассы хæсты амæттаг сывæллæтты мысæн бонæй. Уый цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæйæн уыд видеоконференци, цыран хайад истой Уæрæсейы Федерацийы сенатортæ, Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын минæвæрттæ æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.  Конференцийы фидар æрцыд хæсты фæмардуæвæг сывæллæтты мысæн бон 27 июлы снысан кæнын.

Конференцийы фæстиуджыты фæдыл резолюцийы дзырдæуы, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны дæр хъынцъым кæнынц Украинæйы æфсæддон баиугæндтæ æнæауæрдонæй кæй æхсынц сабыр цæрджыты æмæ сывæллæтты, кæцытæ уæззау цæфтæ райсынц, кæм та фæвæййынц мæлæтдзаг цæфтæ. Хъыгагæн, уыдон нымæц фылдæрæй фылдæр кæны. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, мах дæр цæхгæр стæм сабыр цæр-джыты ныхмæ тох кæнын æмæ сæ, куыд «удгас уарт», афтæ пайда кæныны ныхмæ. Уыимæ иумæ стæм, скъолайы агъоммæ æмæ иумиагахуырадон уагдæт-тæй æфсæддон объекты хуызы пайда кæныны, æмæ дунеон æндæр гуманитарон бартæ халыны ныхмæ, кæцытæ сты Донбассы сывæллæттæ кæй фæцæфтæ æмæ фæзиан вæййынц, уый сæйраг аххоссаг.

«Киеваг хæстон режимы æфсæддон фыдракæндтæ æркæнынц сывæллæтты мæлæты цаутæм, уыдонæн нæй рæстæджы æмгъуыд.

Уымæ гæсгæ Донбассы сывæллæтты амæлыны æмæ фæцæфты цаутæ хынцгæйæ, хъуамæ бæрндзинадмæ конд æрцæуой æфсæддон фыдгæнджытæ», – дзырдта Æххæтбарджын минæвар.

Куыд зонæм, уымæ гæсгæ Украинæйæн стыр æххуыс кæнынц æхсæнгарз æмæ æфсæддон фæ-сауæрцтæй фæсарæйнаг бæстæтæ. Уыдон фыдракæндон архайды аххосæй мæлынц Донбассы сы-вæллæттæ.

Видеоконференцийы рæстæджы нысан æрцыд уый дæр, зæгъгæ, дунеон æмæхсæнадмæ нæ хæццæ кæны ацы æфсæддон хъаугъайы рæстæджы сывæл-лæтты æхсæн цы амæттæгтæ ис, уый фæдыл объек-тивон информаци.

Уымæ гæсгæ сидынц дунейы æппæт паддзахадтæ æмæ зындгонд дунеон организацитæм, уыцы нымæцы Иугонд Нациты Организаци æмæ Европæйы æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацимæ, цæмæй стæрхон кæной, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты æмбæстагон объекттæ гуымир æгъдауæй æхст кæй цæуынц, уымæн. Бæрæг куыд у, афтæмæй уыдон æркæнынц тугкалдмæ æмæ Донбассы сывæллæтты бирæнымæц амæттæгтæм. Тæрхон хъуамæ æрцæуа скъолайы агъоммæ æмæ иумиагахуырадон уагдæттæй æфсæддон объекттæ арæзт кæй æрцыд, уымæн дæр. Бацархайын хъæуы, цæмæй урæд æрцæуа æмæ дарддæр мауал ифтонг кæной Украинæйы æхсæнгарзтæ æмæ хæстон фæсауæрцтæй. Уымæн æмæ Украинæйы гарзджын баиугæндтæ уыдонæй пайда кæнынц æфсæддон фыдракæндтæ аразыны хъуыддаджы.

Конференцийы хайадисджытæ ма банысан кодтой, зæгъгæ, бацархайдзысты цæмæй Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты цы дунеон трибунал архайдзæн, уый руаджы æфсæддон фыдгæнджытæ бæрндзинадмæ конд æрцæуой.

Бадзырдтой ма Донбассы æфсæддон хъаугъайы рæстæджы сывæллæтты æхсæн амæттæгты аххо-сæгтæ æмæ статистикæйы фæдыл объективон æмæ алыварсон информаци рапарахат кæнынæн хъæуæг уавæртæ æмæ фадæттæ саразыныл. Видеоконференцийы хайадисджытæ бадзырдтой Украинæйы къухдариуæгадыл бандавын дунеон гуманитарон барад æмæ 1989 азы Сывæллоны барты тыххæй конвенцийы нормæтæ цæмæй бахъахъхъæной, уый тыххæй дæр.

Конференцийы рæстæджы йæ хайадисджытæ кæрæдзи зонгæ кодтой сæ докладтимæ. Уыдон сæйраг мидис уыд цæмæй мауал мæлой сывæл-лæттæ, ныртæккæ Донбассы зæххыл цы цаутæ цæуы, уыдоны аххоссæй сывæллæттæ цахæм æфхæрд æййафынц, уый.

Цхуырбаты Татьянæ куыд загъта, афтæмæй ны-хæстæм гæсгæ видеоконференцийы хайадисджыты фæндонмæ гæсгæ уæларвмæ суагътой, ацы хъау-гъайы рæстæджы цы 130 сывæллоны фæмард, уыдон номыл уал дымсæджы. Уыцы мисси æххæст æрцыд Ахуырады министрадимæ иумæ Мады Майрæмы аргъуыны раз Сæрибары фæзуаты. Сæххæст æй кодтой, нæ горæты интернаты бындурыл ныртæккæ цы сæрдыгон лагерь архайы, уый ахуыргæнинæгтæ.

Конференцийæн хатдзæгтæ аразгæйæ, уый ахс-джиаг хъуыддаг у. Уымæн æмæ сывæллæттæ, нæ цард дарддæргæнджытæ, ма хъуамæ мæлой мадæр нæмыг æмæ мадæр æндæр ныхмæлæууынады рæстæджы. Сывæллон æнæхин у, уый не ‘мбары цы у гарзджын ныхмæлæууынад, æфсæддон хъаугъа – уымæ гæсгæ, уыдон хæсты амæттæгтæ ма хъуамæ уой.

 

КЪÆБУЛТЫ Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.