Ахуыргæндтæ раджы сбæлвырд кодтой, дины мæнгуырнындзинадимæ цардæн иумиагæй кæй ницы ис, уый. Æз зæгъин афтæ, динæй пайда кæнынц, йæхи уды сæраппонд, йæхицæн хорз æмæ пайдайаг хъуыддаджы тыххæй æндæры ныххурх кæнынмæ цæттæ чи вæййы, ахæм адæймæгтæ. Ацы ныхæстæ æз дзурын уæндонæй, уымæн æмæ мæхæдæг æвдисæн дæн, сæхи Хуыцауы адæймæгтæ чи хонынц, уыдоны æхсæн кæй сты сайæгойтæ, дам-думгæнджытæ, судзгæ æлгъыстытæ чи фæкæны, давгæ чи кæны æмæ, æгæрыстæмæй, лæг чи амары, ахæмтæ дæр.

Ис ма сæм ахæм миниуæг дæр, æмæ цахæмфæнды æвзæрдзинад ма сараз бонæй, уæддæр изæрæй скув: «Хуыцау, ныббар мын, кæд абон исты фæрæдыдтæн, уæд». Æмæ стæй æнцадæнцойæ бафынæй кæн. Дæуæн дæр уырнын кæнынц, куы йæм скувай, хатыр дзы куы ракурай, уæд дын кæй ныббардзæнис цахæмфæнды фыдракæнд дæр, уый. Ацы фарст æз радтон, цы бирæ алыгъуызон сектанттæ нæм ис, уыдонæй цалдæрмæ æмæ сæ дзуапп уыд иу: «Мадызæнæгтæ дæр иу мады хуылфæй рацæуынц, фæлæ æндæр æмæ æндæр хуызæттæ вæййынц уындæй æмæ зондæй дæр. Афтæ сты Хуыцауы хъæбултæ дæр, йæ зондыл æмхуызон нæ фæцæуынц. Гъе, уый дын дзуапп. Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та – рæхуыст.

Бынтон диссаг та уый у, æмæ царды цы нæ ис æмæ æрцæуæн кæмæн нæй, ахæм бирæ цыдæртæ нын кæй фæуырнын кæнынц. Уыдон дын амонынц, тагъд нæ мæрдтæ растдзысты, æрыздæхдзысты нæм æмæ сæ райсынмæ хъуамæ цæттæ уæм.

Цы бирæ алыгъуызон дины сектæтæ нæм ис, уыдон æхсæн, æгæрыстæмæй, ис ахæмтæ дæр, удæгас адæймаджы Хуыцауы но-мыл нывондæн чи хæссы. Ахæмтæ, мæнмæ гæсгæ, лæгмарттæ сты, уыдон та сæхи Хуыцауы адæм хонынц. Æмæ  ахæмтæ иу æмæ дыууæ куы уаиккой, фæлæ уыдон сты Хуссар Ирыстоны алы къуымы, алы хъæуы дæр æмæ хæццæ кæнынц адæмы зонд. Исты фыдбылыз куы æрцæуы, бынтон диссаг та уæд фæвæййынц, нæ уын загътам, дуне сæфы, зæгъгæ. Афтæмæй тæрсын кæнынц адæмы æмæ фидæн хуыздæры ныфс нал вæййы иуæй-иуты. Уымæ гæсгæ бирæтæ цæрынц абоны цардæй æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæмæй сæфтмæ цæуæм. Алчи дæр хорз æмбары, ныртæккæ æрдзы хивæнд миты аххосæй дунейыл кæй цæуынц стыр донивылдтæ, зæххæнкъуыстытæ æмæ æндæр фыдбæллæхтæ дæр. Нæ фыдæлтыл дæр цыдысты ахæм фыдбæллæхтæ. 50-æм азты денджызы æфсæддон нау фæдæлдон æмæ дзы æртæ мин æфсæддоны фæ-мард, уыдонæй мины бæрц уыдысты ирæттæ. 1932 азы та митзæйы бын фæцис Къуыдаргомы Джуссойты хъæу Арашенда. Фæ-мард дзы сæдæ адæймагæй фылдæр.  Хорз хъуыды кæнæм, Мацхарайы дæр æнæхъæн бинонты зæй куыд фæласта, уый. Æмæ нæм цал æмæ цал æнамонд цауы æрцыд æрдзы аххосæй. Фæлæ уыдон ничи баста динимæ, ничи никæй тæрсын кодта Хуыцауæй, зæгъгæ, цардæн йæ кæрон æрхæццæ ис, уымæй.

Æнæуый, диссаджы адæм стæм нæхæдæг дæр. Хорз хъуыддаджы фæстæ зынтæй цæуæм, уый хыгъд æнцонæй цайдагъ кæнæм æвзæрдзинæдтыл. Дам-думтæ кæнынмæ та бынтон диссаг фестæм. Арæх ахъуыды кæнын, зæгъын конкурс расидт куы æрцæуид дунейы бæстæты æхсæн дам-думтæ кæнынæй, уæд дзы фыццаг бынат нæ чысыл горæт æрцахсид. Хорз хъуыддæгтæ аразыныл нæ ничиуал хъуыды кæны. Фыддæрадæн-митæ – цин дæ удæн фенон. Фæлæ уæддæр мæ зæрдæ иууыл тынгдæр риссы, нæ адæм алыгъуызон мæнг диныл кæй ныххæцыдысты, ууыл. Чизоны, раст нæ дæн, æмбарын уый дæр, æмæ йыл бирæтæ кæй ныллæууынц сæ фыртыхстæй. Фæлæ куы фенын, уырнон гæдыныхас кæны, адæмы æхсæн æвзæгтæ раскъæф-баскъæф кæны, уæд та мæ хъуыдытæ митын мæсыгау атайынц. Æмæ куыннæ хъуамæ атайой, акæсæм-ма, нæ чысыл Ирыстоны цалхуызон динон къорды ис, уымæ. Алчи дæр сæ кувы йæхирдыгонау. Кæрæдзи нæ уарзынц, иу иннæйы æфхæры, афтæмæй се ‘ппæт дæр Хуыцаумæ кувынц. Ныр сыл ды æууæнд! Афтæмæй сын макæ зæгъæг нæй, кæд рагæй дæр нæ Республикæйы Парламенты, дины тыххæй райст æрцыд Закъон æмæ уым бæлвырдæй нысан у, зæгъгæ, закъонмæ гæсгæ регистраци чи не ‘рцыдысты, уыцы динон организацитæн сæ архайд парахат кæныны бар нæй, уæддæр, стыр хъыгагæн, уый йæ тыхы нæ бацыд. Макæ зæгъæг сын нæй æмæ дарддæр дæр сæ хъуыддаг кæнынц. Нæ адæм не ‘мбарынц, дины фæдыл сæ чи кæны, афтæ зæрдиагæй семæ чи кусы, уыдон сæ цард кæй аразынц уыдоны бæрзæйæ, уый.

Алкæмæн йæ бар йæхи у, уырны сæ, уæд сæ уырнæд, фæлæ иуæй-иутæ се ‘цæг цæсгом дины бын кæй æмбæхсынц, уый сусæггаг нæу. Мæн никæцы дин уырны, уымæн æмæ мæхи базонынæй фæстæмæ хъуыстон æмæ хъусын нæ хистæртæм. Фынгыл уыдон сæ куывдтытæ райдайынц Хуыцау æмæ Уастырджийæ. Кувæг уыдонæн фæдзæхсы фысымты дæр æмæ сæ уазджыты дæр. Æмæ афтæ дарддæр. Нæ фыдæлтæ цы Хуыцау æмæ дзуæрттæм куывтой æмæ кувынц, уыдонмæ кувдзынæн æз дæр, нымайын æй нæ фыдæлты æгъдауыл. Фæлæ нæхи алы динтыл куы байуарæм, уæд иу афон Ирыстоны ном кæй фесæфдзæн, ууыл æз дызæрдыг нæ кæнын. Æмæ цæмæй уый ма уа, уый тыххæй та кæрон скæнын хъæуы алыхуызон динтæ æмæ сектатæн. Ныллæууын хъæуы, иу дины фæндагыл æмæ йæ кæнын хъæуы æгъдауыл. Уый тыххæй та хъуамæ кусой, кæуыл æмбæлы, уыцы органтæ, цæмæй нæ адæмы ратоной, цы бирæ дины сектатæй байдзаг ис нæ республикæ, уыдоны дзæмбытæй. Афтæмæй сæфынц нæ культурæ, нæ истори, не ‘гъдæуттæ, иуныхасæй, нæ удварны хæзнатæ иууылдæр. Сæхи Хуыцауы æвдисæнтæ чи хонынц, уыдонæн цалдæр хатты вæййы фембæлдтытæ, æмбырдтæ. Зилынц уынгты æмæ сын кæд чингуытæ нал уадзынц, цæмæй сæ уарой æндæртыл, уæд ныр та пайда кæнынц интернеты хызæгæй æмæ дæм æппарынц алыгъуызон амындтæ чингуыты бæсты. Уыдæттæ чи кæсы, уыдоны та нал æвдæлы нæхи бынæттон газеттæ, аивадон уацмыстæ кæсынмæ. Уыдæтты рæстæг сын нал ис. Кæнæ æнæхъæн бон сылгоймаг æмбырды куы фæбада, уынгты дины чингуытæ куы рахæсс-бахæсс кæна, уæд ма уый хæдзары куыстытæ куыд бакæндзæн. Кæннод уырдæм цы фæсивæд цæуынц, уыдон уынгты зилыны бæсты сæ ахуыр æмæ сæ цардыл куы хъуыды кæниккой, уæд цас пайдадæр уаиккой æхсæнадæн. Æвзонг лæппутæй бирæтæ сæ къух систой бинонтæ æркæныныл дæр. Иухатт дзы иу рæсугъд лæппуйы бафарстон, зæгъын бинонтæ цæмæннæ кæныс æмæ мын уæд афтæ зæгъы: «Чындзы чи нæ ацæуы, ахæм чызг æмæ ус чи нæ ракуры, ахæм лæппу, Хуыцаумæ æввахсдæр лæууынц», – зæгъгæ.

Мæнмæ гæсгæ, бамбарын хъæуы иу хъуыддаг: нæ дин нын æндæр æмæ æндæр сектæтыл чи аразы, уыдон сты сæ адæмы знæгтæ. Сæ фæдыл сæппдугъ чи кæны, уыдон та хъуамæ æмбарой, цасфæнды куы фæкувай, уæддæр дын æнæкусгæйæ Хуыцау ницы æрæппардзæн. Ирыстоны цы бирæ кувæндæттæ ис, уыдонæй та алкæмæн дæр ис йæхи равзæрды истори. Уыдон сты нæ монон культурæ æмæ баст сты нæ ирондзинадимæ. Уымæ гæсгæ нæ адæмы нæ хъæуынц алыгъуызон динон къордтæ, фæлæ сæ хъæуы иу дин – кæрæдзийыл сæ чи бæтта, ахæм.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.