Иу Горбачев нын фаг нæ фæци, иннæ нæ… Æмæ ма нын фыццаг иумæйаг знаг уæддæр у – æрмæст ирон адæм нæ фесты йæ уæййаг политикæйы амæттаг, советон адæмы æмхуызон ауæй кодта, ацы Горбачев та нын нæ удварны æрфытæм æвналы… Махæн та зонд-зонæн кæд цы уыди! Æмæ, иу хатт куы ныббарæм, уæд сæдæ æфхæрды баййафæм. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, зоны сæйраг алчыр дæр æмæ ноджы фыддæр кæны. Фæлæ йæм ничи ницы дзуры æви ничи уæнды… Æрæджы зындгонд тележурналист Шафранæн кæй радта, уыцы интервьюйы фæстæ хъуамæ растадаиккой ирон адæм, фæлæ та йын ацы хатт дæр йæ ных ничи бакъуырдта профессор Цорæты Зауыры йедтæмæ.

Цард вазыгджын у, хатт зын вæййы иуæй-иу проблемон фарстатæ аскъуыддзаг кæнын. Хаттæй-хатт та нæ вæййы фаг рæстæг дæр!

Уæд хъæуы хиуыл хæцын, фарст сахуыр кæнын, стæй та йыл уынаффæ кæнын. Æнæхъуаджы нæ загъта антикон дуджы куырыхон лæг, зонын хæрзи-уæгон хъуыддæгты иууыл бæрзонддæр тых кæй у. Ахæм хъуамæ уа нæ фыццаг фæндийаг.

Интервьюйæн йæ райдиан дæр тынг цымыдисаг у: Шафран фæрсы епископы, епархийæн «чырыстæттæ æмæ чырыстон динмæ иумæйагæй цахæм ахаст ис», уымæй.

Зын бамбарæн у: æмæ ма чырыстон аргъуаны епархийæн æндæр цахæм ахаст хъуамæ уа чырыстæттæм? Æвæццæгæн, куыддæр æндæргъуызон?..

Ацы фарсты фæдыл Шафран йæхицæн дæтты, цыфæнды логикæйы, кæннод та, гæнæн ис æндæр логикæйы аххосæй, темæ фæивыны бар æмæ йæ фæрсы епархийы ахастæй нал, фæлæ чырыстæттæм хицауады ахасты тых-хæй. Чизоны йын епархи æмæ республикæйы хицауад иу сты?

Дарддæр – ноджы цымыдисагдæр. Шафран нын фидарæй уырнын кæны:

«… æндидзын райдыдтой муртаккаг дины сектæтæ, уæлдайдæр та скифты æмæ сæрмæтты фæдонтæм чи хауы, ахæмтæ». Иу чысыл дæр историимæ зонгæ чи у, ахæм адæймаг ахъуыды кæндзæн, скифтæ æмæ сæрмæтты дуджы бынтондæр кæй ницæй сектæтæ уыдис! Шафран «сектæтæ» хоны ахæм организациты, кæцытæ тырнынц ирон адæмы традицион динон культурæ бахъахъхъæнынмæ. Уыдон регистрацигонд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадмæ гæсгæ. Шафран, традицон æргъадтæ хъахъхъæнгæйæ, хъуамæ æмбара проблемæйы мидис, фæлæ, æвæццæгæн, уый æм-барынадмæ гæсгæ традици æрмæстдæр парахат кæны чырыстон дины æмбарынадыл. Ацы интервьюйыл сæвæрæн ис стыр «дзуарæвæрд», фæлæ хъуамæ нæхимæ ссарæм хиуылхæцындзинады тых, уымæн æмæ хиуылхæцын у иууыл уæлдæр хæрзиуæг.

Ам алчыр ныхас исы йæхимæ. Мæнæ уын йæ дзуапп:

 «Цæй æмæ райдайæм кæронæй. Скифаг-сæрмæттаг æгъдæуттæ, тради-цитæ фыдæлты бацыдысты алайнаг чырыстон динмæ».

Чизоны епископ нæ зоны дзырд «фыдæлтыккон»-ы нысаниуæг. Уæд мах бахъæудзæн дзырдуатмæ æркæсын. Ожеговмæ гæсгæ дæр æмæ Шведовама гæсгæ дæр фыдæлтыккон нысан кæны бындурон, суанг равзæрдæй фæстæмæ. Уæдæ æмбæрстгонд у, скифаг æгъдæуттæ куыддæр æгъдауæй кæй сæмхæццæ сты алайнаг чырыстон динимæ, фæлæ фыдæлтæй фæстæмæйы æгъдæуттæ сты.

Куыд кæсæм, афтæмæй дзырд цæуы, фыдæлтæй нæм чи æрхæццæ, уыцы æртæ чъири æмæ æртæ фæрскыл, кæцытæй куывтой алайнаг чырыстæттæ – скифты фæдонтæ дæр.

Уый зæгъы, зæгъгæ, алайнаг чырыстон дин чысыл «хæдгъуыз» у, алчыр куыд зæгъы, афтæмæй хицæн кæны «хуымæтæг чырыстон динæй». Уæддæр æмæ уæддæр алайнаг чырыстон дин у – æндæргъуызон, цæй бахъуыды йæ кæнæм ахæм хуызы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ йæ хæдгъуыздзинад æрмæстдæр бæрæг у æртæ чъири æмæ æртæ фæрскæй. Диссаг!

Цæуыл тыхсы алчыр? Алайнаг  чырыстон динимæ алцы дæр хорз у, нæ? Ис афтæ зæгъæн, ома цæттæ кæн алайнаг чырыстон аргъуыдыл 1100 азы сæххæсты бонмæ – уый федералон масштабты хабар у. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ тыхсын кæны «тенденци»! Уый та цы у? Ома æндидзынц алыгъуызон «уасдинтæ æмæ  æндæр афтæхуыйнæг традиционалисттæ». Цытджын архиепископ хъуа-мæ зона, æндидзгæ скæны уый, кæцы уыдис кæддæр, стæй нал уыд, «Уасдин» та у нырыккон динон организацийы ном. «Афтæхуыйнæг традиционалистты фæдонты æндидзынады» тыххæй та дзурын дæр нал хъæуы!

Дарддæр – ноджы фыддæр, алчыры хъуыдымæ гæсгæ республикæйы цыдæр диссæгтæ цæуы, фæлæ цы, уый, йæ ныхæстæм гæсгæ, зын бамбарæн у. Ис цахæмдæр маргиналон къорд, кæцытæ «сæ уæрджытыл» фыссынц ног дин. Фæлæ хъуамæ йæ зæрдыл дара æмæ зона, чырыстон дин райсыны онг скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæн кæй уыдис сæхи динон уыр-нынæдтæ, кæцытæ абон дæр цасдæрбæрцæй æмбæхст сты чырыстон дин æмæ исламаг идейæты, нæмтты æмæ элементты хæрвы, цæрынц адæмон традицион культурæйы. Уый  у нырыккон ирон адæмы æнгæсдзинæдты астæумагъз. Æмæ дæу фæнды, цæмæй мах суæм æндæргъуызæттæ, дæу фæнды, цæмæй асæтта уыцы астæумагъз?

Алкæмæн дæр ис æвзарыны, йæхи хъуыды йын уа, уый бар, ничи у уый ныхмæ. Фæлæ мах стæм уый ныхмæ, иууылдæр нæ тыхæй счырыстон кæныныл кæй архайы, алыгъуызон æрымысгæ тугтæригъæдты нæ аххосджын кæнгæйæ. Зæгъæм, традицион уырнынады минæвæртты адресыл  æппæт æрымысгæ азымтæм гæсгæ цæуы афтæ, цыма уыдон сты «куырмытæ, кæцытæ куырмыты тæрынц сæрсæфæнмæ», цыма мах æрымысыдыстæм цахæмдæр монон æнæсæрфатдзинад æмæ, цыма уый тынг тæссаг у æмæ афтæ дарддæр… Алцы дæр ахæм уагыл, алцы дæр тас æфтауæг.

Шафран æй дарддæр фæрсы, цæй тыххæй фыстæуы уыцы истори, зæгъгæ. Уыцы фарст йæхæдæг хъуамæ радтаид традиционалисттæн сæхимæ, фæлæ иугæр уыдон йæ цуры нæ фесты, уæд сæ бæсты дæр дзуапп дæтты епископ йæхæдæг. Æмæ уæм куыд кæсы. Цахæм дзуапп ын радта? Диссаджы дзуапп, 37 азы куыд уыд, афтæ: «Ацы фарст хауы æндæр органтæм, кæцытæ хъуамæ сæ хъус дарой ахæм фарстатæм». Хъусут, «органтæ», сымахмæ сиды Леонид. Сымахæн æндæр ницыуал куыст ис, нæ фыдæлты «Фарн»-æй хæрз чысыл истытæ уæддæр цæмæй бахъахъхъæ-нæм, ууыл  ма чи архайы, уыцы традицион дины архайдмæ хъус дарыны йедтæмæ?..

Æмæ амоны æрдæгфынæй органтæн, цыма ис цæхæмдæр фарсхæцынад æмæ уый цæуы кæцæйдæр, стæй ма кæй ис цавæрдæр ресурстæ дæр… О, фæлæ кæм сты уыцы ресурстæ? Æмæ йæхæдæг халы йæ сусæгдзинæдты дзæкъулы комбаст.

Куыд рабæрæг, афтæмæй, йæхи ныхæстæм гæсгæ, æппынкъаддæр 20 азы бæрц кæй куыста нæ Райгуырæн бæстæйæн æддейæ. Æмæ алы бæс-тæты  «хуызджын революцитæ чи арæзта, бирæ ахæм тенденцитæ» æххæстгонд  цыдысты йæ цæстыты раз. Ныр йæ бирæазон фæлтæрддзинад хæссы Ирыстон-Аланийы бындурмæ æмæ алцы дæр æмбæрстгонд у ирд бонау! Æппæт уыдæттæ дзурæг сты знæгтæ агурыныл, нæ фæсивæды нæ национ уидæгты  бын къахыныл…

Куыд уынæм, афтæмæй чырыстæттæ Ирыстоны нæхи къухтæй аразынц ног аргъуантæ, фидæны фæлтæртæн табуйаг тыгъдадтæ. Æмæ сæ уый тыххæй та хъæуы бынат ссæрибар кæнын, нæ фыдæлтæ нын кæй ныууагътой, уыцы культурон æргъадтæй чысыл цыдæртæ бахъахъхъæнынмæ бафæлвæрдтытæ дæр уидагæй сыскъуынын.

Шафран та сиды, ныр «органтæм» нал, фæлæ бæрнон кусджытæм, ома уæ хъус ма адарут, цытæ цæуы, уымæ. Епископ стыр разæнгардæй разы у йемæ. Фæлæ, кад йæ номæн, афтæ кæй зæгъы, зæгъгæ, «ирæттæ-алантæ сты ахæм иунæг наци, Уæрæсейы империйы чи никуы ауæй кодта, йæ фæсонты йын кард чи никуы ныссагъта». Фæлæ ам дзырд цæуы кæцыдæр  конфессионалон æнувыддзинадыл нæ, фæлæ æрмæстдæр этносыл. Уæддæр чырыстондзинады æнкъарæн фæуæлахиз æмæ нæм æрдхъирæн кæны, кæй нæ ратдзæн, историон æгъдауæй Уырыс æмæ Ирыстон-Аланийы чи иу кæны, уыцы бастдзинад аскъуыныны бар.

Ацы фарсты фæдыл нæ бон у йе вварс рахæцæм! Мах дæр никæмæн ратдзыстæм ахæм бар!

Æрмæст кæм сты уыцы фыдбылызджынтæ, кæцытæ сты не хсæн æмæ архайынц фыдбылыз нын æрхæссыныл? Тынг зын у талынг уаты сау гæды агурын, уæлдайдæр дзы куынæ уа, уæд. Фæлæ йæ мах æмбарæм, уæддæр æй кæй агурынц. Агурынц æй уый тыххæй, цæмæй фæтæрсын кæной къухдариуæгад æмæ адæмы, æмæ тасы аууон фæтыхджындæр кæной сæ миссионерон архайд, фæфидардæр кæной чырыстон дины позицитæ Цæгат Кавказы, номхуындæй Ирыстоны.

Мах стæм уырнынад сæрибарæй равзарыны фарс, фæлæ уыцы бар хъуамæ уа алкæмæн дæр, равзаргæтæн нæ, фæлæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.