Кæд сæдæ азæй фылдæр рацыд ацы цъархъуына тугхæццæ цæссыгкалгæ рæстæгæй, уæддæр махæй рох никуы уыдзысты нæ нанаты æмæ дадаты ныхæстæм гæсгæ, уыцы уæззау цаутæ. 

Цард æгъатыр у, уымæн йæ  цалх æппынæдзух зилгæ кæны, тæригъæд никæмæн кæны, йæ размæ чи фæуа, уый фæнды зылын уа, фæнды раст, йæ уæзæй йыл атулы æмæ йæ  æнæауæрдонæй йæ быны ассæнды.  Хуссар Ирыстоны адæмы дæр уыцы тугкалæн 1920-æм азты ахæм хъысмæты азар басыгъта. 20 июнь ирон адæмы зæрдæты æнустæм баззайдзæн уæззау æмæ арф хъæдгомæй.

Цымæ цæмæн æрхъавыдысты нæ сыхæгтæ ирон адæмы æд уидæгтæ сыскъуынынмæ, цымæ цы аххосджын уыдысты сæ разы?  Ӕвæццæгæн, йæ сæйраг аххосаг уый мидæг уыд æмæ нæ кæй æрфæндыд æнгомæй Стыр Уырысимæ цæрын.

1920 азы 12 июнæй фæстæмæ Ирыстон æмæ йæ хъæутæ уыдысты тынг уæззау уавæры. Гуырдзыстоны национ гварди бырста размæ æмæ ницæуыл ауæрстой, хъæутыл æндзæрстой арт, кæй æййæфтой, уыдоны мардтой, ластой сын сæ фæллæйттæ.

Сыстадысты ирон адæм сæ хъарм артдзæсттæй æмæ лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæт-тæ уæргътимæ лыгъдысты  калмы дзыхæй. Уæззау æмæ даргъ фæндаг уыд, бирæтæ сæ мæлæт ссардтой уыцы фæндагыл.

Гуырдзыйы меньшевиктæ хъæутæм куыд æввахс кодтой афтæ та-иу кæмтты айхъуыст фæдисы хъæр: “Фæди-и-ис! Фæди-и-ис! Ирыстон цъæх арты бын судзы. Рæвдздæр ут, лидзгæ ут! Сабиты, зæрæдты тагъд кæнут ардыгæй. Джугъелийы гвардионтæ алырдыгæй арт æфтауынц Ирыстоныл, цæгъдынц адæмы”.

Мæ фыдымад Верæ нын-иу арæх кодта ацы уæззау хабæртты кой. Куыд зын фæндæгтыл цыдысты лигъдон адæм æфцгуытыл Цæгат Ирыстонмæ. “Хъæу уыд тыхст уавæры.Тагъд бæргæ кæнынц, фæлæ сыл цыма ризæг бахæцыд, уыйау сæ къухмæ цы мигæнæн райсынц, уый та зæххмæ асхъиуы, йæ гуыпп фæцæуы. Зæрæдты богъ-богъ, сывæллæтты цъæхаст, фосы æмбу, æмткæй нæ хъæуы цæрджыты зæрдæхалæн хъыллист Хуыцаумæ хъуыст. Мæ бинонтæ дæр лидзынвæнд скодтой, фæлæ кæдæм, æцæгæлон бæсты дæм чи  æнхъæлмæ кæсы? Фæлæ дыл æндæр бон куы нæ уа, уæд цы фæуай.

Хæдзары кæрты мæ фыды фыд Никъо галтæ сифтыгъта. Мæ дадайы фыд Джибо зæронд лæг уыд, йæ бон цæуын нал уыд æмæ йæ уæрдоныл æрхуыссын кодтой. Мах дæр нæ мадимæ фондзæй уым сбадтыстæм. Нæ хæссинæгтæ бæхтыл сæвæрдтой. Хъæу дæр растадысты æмæ кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ архайдтой рæвдз цæуыныл. Дзырдтой, зæгъгæ, нæ хъæуы хæцынхъом чи уыд, мæ фыд дæр семæ – уыдон растадонтимæ гуырдзыйы гвардионты ныхмæ тох кæнынц. Мæ фыды æз бирæ рæстæджы нæ федтон, цалынмæ хæст ныссабыр Ирыстоны æмæ лигъдон адæм фæстæмæ цыдысты Хуссармæ. Нæ фыд нæ бирæ агуырдта æмæ нæ фæрсгæ-фæрсын ссардта Дыгургомы иу фæрныг лæджы хæдзары. Диссаг у адæймаджы цард, кæддæр нæ фыдæлтæ  ацы кæмтты, ацы хæхты цардысты, фæлæ Тугъантимæ фæтуджджын сты æмæ алыгъдысты Хуссармæ. Ӕркодта нæ нæ фыды уæзæгмæ. Ӕмæ та ногæй нæ цард сæндидзыдта.

Мæ мады мад Нуцайы мысинæгтæй бирæ ницы бахъуыды кодтон. “Раройы æфцæгæй нæм тæргæ бæхыл  æрбахæццæ иу лæппулæг фæдисы, тагъд лидзут, зæгъгæ… Ратымбыл кодтам нæ хæдзарæй цыдæр муртæ æмæ сæ нæ къухты айстам, бæхтыл дæр ма цыдæртæ авæрдтам. Мах Чеселты ‘рдæм нæ, фæлæ Сæриттатыл фæхæрд кодтам.  Чи фистæгæй цыд, чи та  бæхтыл. Рагъмæ схæццæ стæм, уырдыгæй ма фæстæмæ кастыстæм, гуырдзыйы лæгсырдтæ хъæутыл цъæх арт куыд бандзæрстой, фæздæг кæмтты куыд ныббадт, уыдæттæм. Рагъæй ауырдыг кодтам Цæгаты ‘рдæм æмæ хъæды бацыдыстæм. Чысыл фæз ран æрбынат кодтам. Иу ахæмы райдыдта къæвда уарын, суазал кодта. Лигъдон адæмы ‘хсæн æвзонгдæр фæсивæд æртытæ скодтой æмæ нæхи ахъарм кодтам. Мæ кæстæр æфсымæр фæндагыл уæззау рынчын фæцис. Куы мард уæд-иу мæ мадæн ныллæгъстæ кодта, зæгъгæ, мæ ам ма ныууадзут. Амард. Мæ ныййарджытæ йæ хъæды иу ран баныгæдтой. Бирæ, тынг бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстам.

Цæгат Ирыстоны бирæ нæ баззадыстæм. Уалдзæджы фæстæмæ æрыздæхтыстæм нæ  фыды уæзæгмæ, нæ сыгъд бынæттæм.  Не ‘фсымæры мард буар дæр раластой семæ æмæ йæ нæхи хъæуы уæлмæрды бавæрдтой” – дзырдта йæ мысинæгты Нуца.

Фæлæ кæд фæстæмæ æрыздæхæг лигъдæттæн сæндидзыдта ногæй сæ цард, кæд сты ныууагъта арф фæд. Рацыд рæстæг æмæ та нын ногæй XX æнусы кæрон нæ тугмондаг сыхæгтæ расидтысты ног геноцид…

ÆЛБОРТЫ Агуындæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.