РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Цхинвалы районы арæзтадон æрмæджыты завод.

Заводы директор Тедеты Сослан радзырдта заводы продукцийы, кондады гуырахстты, ног гæнæнты тыххæй. «Мах уадзæм тротуарон плиткæ, арæзтадон блоктæ, бордюртæ, электроадæттæн хæххытæн цæджындзтæ, канализацийæн цæгтæ. Блоктæй ныртæккæ ифтонг кæнæм Цхинвалы сабидоны арæзтады, нæ бордюртæ æмæ плиткæйæ пайда кæнынц уынгты хæрзарæзтады тыххæй. Махмæ ма стыр закъаз ис паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-æй. Электроадæттæн хæххытæн сын хъæуы 1500 цæджындзы саразын», – радзырдта Президентæн Тедеты Сослан.

Бибылты Анатоли банысан кодта Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ среализаци кæныны заводы стыр бæрндзинады тыххæй. «Уæ куыстыл баст у Инвестпрограммæйы объектты куыстытæ снысангонд æмгъуыдты сæххæст кæнын æмæ уæ рауадзгæ æрмæджытыл та баст у арæзтады гъæд. Сымахыл æвæрд ис стыр бæрндзинад», – банысан кодта Президент.

Уый ма бацымыдис кодта заводы æвæрд ног дурцъæлгæнæнмæ. Директоры ныхæстæм гæсгæ, хисæрмагонд дурцъæлгæнæн фæахъаз уыдзæн, цæмæй республикæйæн æддейæ æрмæджыты иу хай ласын мауал хъæуа æмæ иумиагæй фæтагъддæр кæндзæн кондады процесс.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.