«МИР-МОСТ-ОСЕТИЯ»-йы лæвар кадетон скъолайæн

 

Хъахъхъæнынады министрады дæлбар кадетон скъола зонындзинæдты бонмæ райста уæзгæ хуынтæ. Фонд «Международный институт развития» скъолайæн балæвар кодта спортивон инвентарь æмæ актон залмæ та 100 бандоны.

Бæрæгбонон мадзалы хайад райстой РХИ-йы хъахъхъæнынады министр Марат Павлов «Мир-Мост-Осетия»-йы фонды сæргълæууæг Хуссар Ирыстоны – Бекъойты Сослан, афтæ ма фонды минæвар Тадтаты Таймураз дæр.

«Нæ ахуыргæнинæгтæн нæ уыд спортивон залы цы инвентарь хъуамæ уа, уыцы ифтонгадтæ. Æмæ мæнæ нæ сывæллæттæн фæзынд нырыккон спортивон тренажертæ, теннисон стол, боксерон груша æмæ ма ноджы æндæр æрмæджытæ, цæмæй ахуыргæнинæгтæ æмбæлонæй кусой сæ физикон цæттæдзинадыл», – дзырдта ацы скъолайы директор Балыгаты Фатимæ.

Бекъойты Сослан: «Сымах стут Ирыстоны фидæн»

Бекъойты Сослан та загъта, зæгъгæ, фонд «Мир-Мост-Осетия»-йæн Хъахъхъæнынады министрадимæ ис бадзырд арæзт. Уый фæлгæтты фонд алы хатт дæр цæттæ у министрады дæлбар уæвæг кадетон скъолайæн æххуыс кæнынмæ. «Мах дарддæр дæр цæттæ стæм сымахæн æххуыс кæнынмæ. Уадз æмæ ахуыргæнинæгтæ цæвиттойнаг уой æндæр скъолатæн цæсгомджынæй сæ хъус дарой ахуыры процессмæ. Сымах стут Ирыстоны фидæн сымахыл æнцой кæндзæн нæ республикæйы сæрибардзинад æмæ размæцыд. Цæмæй сымах сабыр арвы бын цардаиккат, уый тыххæй бирæ æвзонг фæсивæд радтой сæ удтæ. Ныр сабыр дуг у æмæ дзы хъæуы архайын, размæ цæуын!», – дзырдта Хуссар Ирыстоны фонды сæргълæууæг Бекъойты Сослан.

Ацы аз апрелы мæйы «Мир-Мост-Осетия»-йы кадетон скъолайæн балæвар кодта компьютерон кълас.

***

«Хуссар Ирыстоны мобилон бастдзинады компани «Мегафон Хуссар Ирыстон» зонындзинады бæрæгбонмæ Дзау æмæ Цхинвал интернатты фыццаг къласы ахуыргæнинæгтæн балæвар кодта индивидуалон ахуыргæнæн комплекстæ», – хъусын кæны æхсæнадимæ бастдзинады фæдыл компанийы специалист Бежанты Заринæ.

Ахæм комплекттæ райсдзысты Ленингоры сывæллæтты хæдзары скъоладзаутæ дæр. Уырдæм та мобилон бастдзинады минæвæрттæ фæуазæг уыдзысты 11-æм сентябры. Ленингоры сывæллæтты хæдзар ма лæварæн райсдзæн спортивон инвентарь æмæ интеллектуалон хъæзтыты комплекстæ дæр.

Бежанты Заринæ куыд зæгъы, афтæмæй компани «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор Николай Фирсов æппæт амæлттæй дæр архайы социалон проекттæ реализаци кæнынмæ, уæлдай хæрзаудæн æххуыс та кæны Ленингор, Дзау æмæ Цхинвалы интернаты хъомылгæнинæгтæн.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.