Цæмæй тала бæлас суа, уымæн дзæвгар рæстæг хъæуы, уый тыххæй йæм адæймаг хъуамæ зила, хъахъхъæна йæ знаггадæй. Уæд æххæстæй дзуапп дæтдзæн нæ домæнтæн, сыгъдæг æмæ сатæг уæлдæфæй нæ цух нæ уадздзæн. Бæлæсты æнæхъуаджы нæ хонынц зайæгойты иууыл зынгæдæр минæвæрттæ,  уæвынад кæнынц милуангай азты æмæ ахъаз сты нæ планетæйы цард хъахъхъæнынæн. Нæ республикæ дæр хъæздыг у алыгъуызон бæласы мыггæгтæй. Уыдонæн сæ пайда стыр у царды алы æмæ алы фадгуыты. Уæлдæф сыгъдæг кæнын, стæй сæ рæсугъд бакастæй стыр ахъаз сты, нæ горæты уынгты кæрæтты рагæй фæстæмæ цы бæлæстæ ис, уыдон дæр. Уыдонмæ рæстæгæй-рæстæгмæ зилынц æмбæлон службæйы кусджытæ, бакæнынц дзы алыгъуызон куыстытæ.

Фæлæ æнæзæгъгæ нæй, уыцы куыстытæй иутæ пайдайы бæсты кæй хæссынц знаггад, бæлæстæ æхсæдыны рæстæджы кусджытæ кæй æруадзынц гуымир рæдыдтытæ. Цæвиттон, бæласы хус къалиу хъæуы лыг кæнын, куынæ йæ аиуварс кæнай, уæд уымæ æввахс къалиутæ дæр райдайдзысты хус кæнын. Фæлæ ам хынцын хъæуы уый, æмæ къалиу кæронмæ хус куынæ уа, уæд ын лыг кæнын фæхъæуы æрмæст йæ рынчын хай, иннæ хъæуы уадзын, цæмæй йын фадат уа дарддæр ног тау рауадзынæн. Ноджы ма бæласы зæнгыл чысыл тау рацæуы, уый та рæстæджы цыдимæ байрæздзæн æмæ æмткæй бæлас ног къалиутæй баххæст уыдзæн. Фæлæ уыцы куыстытæ æххæст кæнынмæ æппындæр сæ хъус нæ фæдарынц кусджытæ æмæ æруадзынц рæдыдтытæ. Ахæм ныв фенæн уыд æрæджы, Октябры уынджы Модæты ательемæ æввахс дæр, уым лыг кодтой, нырма цардæгас чи уыд, ахæм къалиуты дæр æмæ уый та раст нæу. Ательейы кусджытæй сæ иу сагъæсгъуызæй ацамыдта, йæ рæстæджы бæрзонд цы назбæлас фæцыд, уымæ, фæлæ йæ къалиутæй бирæ фæхъуыд кусджыты æнæмæт ахасты фæстиуæгæн. Уымæн йæ хъуыды уыд, цæмæй куыстытæ æххæст кæныны рæстæджы алы бæласы зæнгмæ дæр кæсой лæмбынæг æмæ йын ма куынæг кæной, дарддæр рæзгæ чи кæндзæн, уыцы чысыл таутæ.                                                     Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.