Чырыстон уырнынадмæ гæсгæ 12-æм апрелы зазхæссæн банысан кодтой Мады Майрæмы æмæ Æртæиууон аргъуаны.

Бæрæгбонон литургийы ацы аз иннæ азтæм абаргæйæ къаддæр адæм райстой хайад. Дыууæ аргъуаны динамонджытæ развæлгъау адæммæ æрсидтысты, цæмæй коронавирусæй хибахизыны нысанæн, Чырыстийы куывдтытæ æххæст кæной сæ хæдзæртты.

Фæлæ, уæддæр республикæйы цæрджыты ‘хсæн разынд ахæмтæ, кæцытæ хъæуæгыл банымадтой аргъуантæм æрбацæуын. Аргъуантæ сæ дыууæ дæр уый размæ дезинфекци æрцыдысты. Бахизæны æхсæнадон фæтк хъахъхъæдтой барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ. Мидæмæ хизджытæн сæ къухтæ дезинфекци кодтой æмæ сæ фæдзæхстой, цæмæй, сæ кæрæдзимæ дæрддзæф лæууой. 

Мады Майрæмы аргъуаны уагæвæрæг Иерей Хетæгкаты Иаков уыр-нонтæм æрсидт, цæмæй уæддæр ма халой Хицауады барамынд æмæ æххæст кæной коронавирусæй хи бахизыны фæдыл райсгæ мадзæлттæ.

 Дарддæр уый æрдзырдта зазхæссæны бæрæгбоны нысаны тыххæй: «Чырыстийы бæрæгбонтæн рагæй фæстæмæ нæ адæмы удварны ис стыр нысаниуæг, сты фарны тæгтæй бæттæг, бæллиццаг фидæн æмæ цард фидаргæнæг. Нæ фыдæлтæ æууæндыдысты Хуыцау æмæ зæдтыл, дзуæрттыл, дауджытыл. Бæрæбонты руаджы-иу сæ уæззау цард зæрдæрухсдæр кодтой. Уымæ гæсгæ бæрæгбон гуырын кодта хорз цардмæ тырнындзинад.

Чырысти Иерусалиммæ куы бацыд, уæд ыл адæм æмбæлдысты, куыд тæригъæдтыл уæлахизгæнæг, афтæ. Æмæ йыл æмбæлгæ та  кодтой пальмæйы къалиутимæ. «Осанна» хъæргæнгæйæ. Уый та нысан кодта, зæгъгæ, дæ нымайæм нæ Хуыцауыл. Зазбæлас æмæ хæрисы къалиутæ сты Хуыцаумæ æмæ нæ кæрæдзимæ уарзондзинады нысан. Сæйраг у, цæмæй нæ зæрдæтæ уыцы уарзондзинадæй макуы сцух уой».

Литургийы фæстæ аргъуаны кусæг Зазбæласы æмæ хæрисы къалиутæ бапырх кодта сыгъдæг донæй, саргъуыдта сыл æмæ уый фæстæ бар радта адæмæн, цæмæй сæ сисой сæ къухмæ.

 Æрвылаз дæр, литургимæ æрбацæуæг адæм дзуарджын цыд кодтой Згъудеры дзуармæ, фæлæ сæм ныр Иерей Яков æрсидт, цæмæй ацæуой сæ хæдзæрттæм æмæ уым ноджы дæр акувой.

Къаддæр адæм не ‘рбацыд Æртæиууон  аргъуанмæ дæр. Ардæм цы адæм æрбацыд, уыдон мидæмæ хизгæйæ фæдзæхст цыдысты, цæмæй акувой æмæ зазбæлас æмæ хæристы къалиутæ тагъд-тагъд сисой, архайой кæрæдзимæ æввахс ма балæууыныл. Уый размæ бон фыд Серги социалон хызæгты æрсидт адæммæ, цæмæй сæхи хизой æмæ гæнæнуæвгæйæ уынгтæм ма цæуой. Бацамыдта сын, хæдзары уавæрты куыд кувын хъæуы хуыцаумæ, фæлæ ахæм стыр бон аргъуанмæ æнæмæнг кæй хъæуы цæуын. «Низ махмæ нæма æрхæццæ, паддзахады разамынад арæн афоныл сæхгæдтой. Мах та Хуыцаумæ кувæм, цæмæй нæ фервæзын кæна ацы стыр фыдбылызæй», – зæгъы Хуыцаумæ кувæг сылгоймаг.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.