Знауыры  астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ цытджын æгъдауæй банысан кодтой Ахуыргæнæджы дунеон бон. Бæрæгбоны цытæн 1-7-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ скъолайы драмкружокы къухдариуæггæнæг  Гатыгкоты Дианæйы сæргълæудæй 4-æм октябры ауагътой цымыдисон мадзал. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты, ахуыргæнджытæ, ахуырдзауты ный-йарджытæ, Ногхъæуы æнæххæст астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнингтæ.  Мадзал амыдтой 3-æм æмæ 5-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ Гæбæраты Илонæ æмæ Ткачева Лика. Скъоладзаутæ равдыстой инсценировкæ аргъау «Сырх худ»-æй.  «Сырх худ»-ы роль сæххæст кодта  Къæбулты Аннæ æмæ «бирæгъы» роль та – Имран Раджабов. Ацы аргъаумæ кæсгæйæ, адæймаг йæхи фæхатыд æцæгæйдæр аргъæутты дунейы, афтæ хорз сæххæст кодтой сæ ролтæ дыууæ скъоладзауы дæр, стæй дæр зал афтæ фæлыст уыд, раст цыма архайд æцæг хъæды цыд.  Къæбулты Аннæ æмæ Тхелидзе Меги тынг хорз сæххæст кодтой зарджытæ, сывæллæттæ бакастысты æдзæв-гæтæ. Мадзал рауад тынг цымыдисон æмæ залмæ æрбамбырдуæвджытæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой йæ организатортæн.

Дыккаг бон 5-æм октябры  Ахуыргæнæджы дунеон боны та мадзал ауагътой хистæркъласонтæ скъолайы организатор Гобозты Циурийы сæргълæудæй. Уый тынг хорз бацæттæ кодта сывæллæтты. Бирæ хъарм ныхæстæ загъдæуыд ахуыргæнджыты номыл уыцы дыууæ боны мадзæлтты рæстæджы. Мадзалмæ  фæуазæг сты сывæллæтты ныййарджытæ дæр. Ахуыргæнинæгтæ кастысты æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой алыгъуызон зарджытæ æмæ кæфтытæ. 11-æм къласы ахуыргæнинаг Собаты Кристинæ  бакаст Ирыстоныл фыст æмдзæвгæ.

Знауыры поселочы астæуккаг скъолайы  ахуыр кæнынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг заставæйы службæгæнджыты сывæллæттæ дæр. Уæрæсейаг арæн-хъахъхъæнджыты ныхæстæм гæсгæ, уыдон тынг райгонд сты скъолайы коллективæй Хуыгаты Валяйы сæргълæудæй, ацы скъолайы сæ сывæллæттæн ахуыр кæнынæн æппæт уавæртæ дæр кæй ис, стæй ма ахæм мадзæлттæ уагъд кæй фæцæ-уынц, уый тыххæй.  Ахуыргæнинæгтæ Ахуыргæнæджы боны сæраппонд бацæттæ кодтой нывты равдыст дæр.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Знауыры поселочы астæуккаг скъолайы 19-æм сентябры та банысан кодтой дыууæ нысаниуæгджын  боны – Паддзахадон тырысайы бон æмæ 20-æм сентябры та республикæ расидыны бон, историйы ахуыргæнæг Æлборты Екатеринæйы сæргълæудæй. Ацы бæрæгбонты фæстæ улæфтбонты скъолайы хистæркъласонтæ балцы ацыдысты Чеселтгоммæ. Балц сорганизаци кодта скъолайы организатор Гобозты Циури, семæ ма ацыд 11-æм къласы ахуыргæнинæгты къласгæс Хъотайты Заирæ дæр. Балцы нысан уыд сывæллæтты сæ райгуырæн къуымимæ базонгæ кæнын. Фæстæмæ здæхгæйæ, сывæллæтты райдзаст цæсгæмттæм кæсгæйæ, рахатæн уыд, уыдон сæ балцæй кæй баззадысты тынг райгондæй.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Знауыры астæуккаг скъолайы кæй ахуыр кæны 180 ахуырдзауы. Ацы аз скъолайы къæсæрæй сæ къах æрбавæрдтой 21 фыццагкъласоны. Хуыцау зæгъæд, æмæ ноджыдæр азæй аз фылдæр цы кæна Ирыстоны скъоладзауты нымæц.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.