Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент  Бибылты Анатоли бабæрæг  кодта  уазæгдон  «Алан»-ы бæстыхай æмæ базонгæ ис, фарон цы уазæгдон «Ирыстон» пырх æрцыд, уырдыгæй ардæм чи ралыгъдысты, уыдоны царды уавæртимæ.

Уазæгдон «Алан»-ы дыууæ хатæны рæстæгмæ æрцардысты 5 сылгоймаджы. Президенты ныхæстæм гæсгæ, «сæ царды уавæртæ æппындæр дзуапп нæ дæттынц нормæтæн, бæстыхайы хъæуы капиталон цалцæг, æмæ уымæй уæлдай та уазæгдон æдзух цæрынæн нæу».

Бæстыхайы директор Мæргъиты Фатимæ банысан кодта, уазæгдоны персоналы куыст кæй фæфылдæр, пырх уазæгдонæй сæм куы ралыгъдысты, уый фæстæ. Æмæ ам чи цæрынц, уыдон та хаттæй-хатт хъыг дарынц уазджыты.

Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта ацы фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн ацы аз. Уый ма загъта, зæгъгæ, паддзахадон унитрарон куыстуаты статусы уазæгдон «Алан» сцалцæг кæнынæн æмæ ифтонг кæнынæн хъæуы ссарын инвестор.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.