Нæ республикæйы рагæй фæстæмæ карзæй лæууы дыууæ кæнæ фылдæр бынæтты кусыны проблемæ. Бирæтæ кусынц дыууæ, æртæ æмæ, æгæрыстæмæй, цыппæргай бынæтты дæр, афтæмæй та æндæртæ сты æгуыст,  уæлдай фылдæр та æгуыстдзинад ис фæсивæды ‘хсæн. Ацы проблемæ цасдæрбæрцæй скъуыддзаг кæныныл кусынц республикæйы разамынад. Уый фæдыл знон, 2-æм апрелы, РХИ-йы Президент Бибылты Анатолимæ уыдис æмбырд, цыран хайад райстой министрадтæ æмæ ведомствоты, уагдæттæ æмæ организациты къухдариуæггæнджытæ.

Банысангонд проблемæйы фæдыл куыст республикæйы райдыдта, фæлæ дзы æнæрæстдзинæдтæ кæй фæзыны, уымæ гæсгæ Президент æрæмбырдуæвджыты бафæдзæхста, цæмæй йе скъуыддзаг кæнынмæ алчидæр бацæуа арæхстджынæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ æвзæры ахæм хъуыды, цыма  хицæн разамонджытæ проблемæ скъуыддзаг кæныны уынынц, кæцыдæр кусджытæй сæ маст райсыны фæрæз. Уый сæм æрсидт, цæмæй куыстæй ма сæрибар кæной уынгмæрзджыты, санитарты æмæ æндæр хуымæтæджы профессийы адæймæгты, фæлæ райдайой сæхицæй, сæ хæдивджытæй, управлениты разамонджытæй æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæй. «Ахъуыды ма кæнут 2 æмæ фылдæр бынæтты нæм кусынц 1 406 адæймаджы. Уыимæ кусæг нæ вæййы иу бынаты, иннæ бынаты, кæд, уæддæр разыны æртыккаг бынаты. Æмæ, чизоны министрадты куысты эффективондзинад уымæй дæр æвдисгæ у. Цæвиттон, Æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы иу кусæджы куы фарстам, иу рæстæджы авд бынаты кæй нæй кусæн, уæд йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта æмæ загъта, æз, зæгъгæ, 7 бынаты нæ кусын, фæлæ 5 бынаты. Цæй æмæ фæтк æрæвæрæм иумæ. Президент æвзаргæйæ, махæй алчидæр фæдомы, цæмæй царды уа рæстдзинад, фæлæ уыцы рæстдзинад конкретон адæймагæй домгæ куы вæййы, уæд ын зын вæййы йе ‘ххæст кæнын. Уæд фæмæсты кæны æмæ фæзæгъы, мæнæй  цæмæн райдыдтай, зæгъгæ. Æмæ цы уæлдай у, кæмæйдæр хъæуы райдайын», – загъта Президент.

Президент дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ æмæ фылдæр бынæтты чи кусынц, уыцы бынæттæн æрмæст се ‘мбис куы расæрибар уа, уæддæр уайынц 700 бæрц. Æмæ, уый та нысан кæны 700 бинонтæм йæ уæнгтæй чидæр кæй хæсдзæн мызд. Уыцы бинонты ‘хсæн ис сывæллæттæ æмæ  сæ цы хъæуа, уый æлхæнынхъом уыдзысты. Ацы проблемæмæ хъæуы сфæлдыстадон æгъдауæй бацæуын. Кæй куыд фæнды, афтæ сæ нæ хъæуы исын сæ бынæттæй æхсаргарды цъыккау. Уый зын нæу, æрмæстдæр хъæуы хъуыддагмæ сфæлдыстадон æгъдауæй бацæуын. Алы коллективы дæр кусджытæн æмбарын кæнын хъæуы, ахæм куыст кæй цæуы уый тыххæй нæ, æмæ искæмæн йæ хионæн хорз уа, фæлæ, цæмæй уа рæстдзинад. Президент загъта, зæгъгæ, йæм кæй æрбацæуынц ахæм адæймæгтæ, кæцытæ кусынц дыууæ бынаты, фæлæ сæ куыстмызд 17 минæй фылдæр нæ вæййы. Æмæ ахæмтæм æвналын цæмæн хъæуы?

Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, адæймагæн дыууæ бынаты кусыны бар ис, иу ран дзы æрдæг штатыл куы куса, уæд æмæ сфæлдыстадон, зонадон, стæй ахуыргæнæджы куыст куы кæна, фæлæ дзы иу куыст иннæйы хъуамæ ма хъыг дара.

Дарддæр Бибылты Анатоли æрдзырдта, пенсион кары чи ис, уыцы адæймæгты тыххæй, кæцытæ абон дæр сæ фæллойадон архайд кæнынц.

«Иу организацийы кусы 150 адæймаджы æмæ уыдонæй 75 сты, 76 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæмтæ. Æз нæ дзурын æмæ ахæмты сæ бынæттæй æгъатыр æрвыст акæнай, фæлæ йын йæ къухдариуæггæнæг хъуамæ бамбарын кæна уæзданæй, æмбаргæйæ, йæ зæрдæ йын нæ фæриссын кæнгæйæ, радта йын арфæйы гæххæтт æмæ йын зæгъа, ныр ын баулæфыны афон кæй у. Уый тыххæй ис куысты кодекс. Афтæ нæ, æмæ йæ æнæнхъæлæджы фелвасай йæ бынатæй. Ахæм цаутæ уыдис ахуырады къабазы. Сæ царды хуыздæр азтæ снывонд кодтой рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнынæн, стæй сæ нæ бафæдзæхстой, афтæмæй сæ фелвæстой. Уый æндавы адæймаджы удыхъæдыл æвзæр-æрдæм. Ахæмтæм хъæуы адæймагон миниу-джытæй бацæуын. Æмæ уый зын саразæн нæу», – банысан кодта Президент. Цæвиттон та æрхаста йæхицæй. Министр уæвгæйæ, ахæм хæс кæй æрхауд уымæ дæр, фæлæ дзы иу дæр æгады æрвыстæй кæй никуы арвыста, хъыгæй дзы кæй ничи ацыд.

Президент æрсидтис æрæмбырдуæв-джытæм, цæмæй уыдон сæ куыстмæ кæсой бæрнондæр цæстæй æмæ сæ хæстæ æххæст кæной, куыд æмбæлы, афтæ. «Хъæуы æмбарынгæнæн куыст, махæй алкæйдæр уыцы кармæ хъæуы, алчидæр нæ зæронд кæны, æмæ сын æй æмбарын кæнын хъæуы, куыд у, афтæ, закъон куыд амоны, афтæ», – загъта Президент.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик дæр растыл банымадта ацы хъуыддаг. Фæлæ, уыимæ банысан кодта, кæй ис ахæм дæсныйæдтæ кадрты цухдзинад кæм æййафынц. Дзырдæн, зæгъæм, æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы. Уыдонæн бар уыдзæн дыгай бынæтты кусын. Аз фæуд кæны æмæ ахуыргæнджыты ныууадзын хъæуы азы фæудмæ, фæлæ ног ахуыры азæй хъуамæ æркæсой ацы хъуыддагмæ, сахаттæ хъуамæ раст дих æрцæуой.

Президент ноджыдæр банысан кодта, уый йæхи сæрмагонд уынаффæ кæй нæу, фæлæ кæй у адæмæн сæхи домæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.