Фæрниаты Къостайы райгуырдыл сæххæст 115 азы

Арвы ферттывд иу уысм бæстæ дардыл куыд арухс кæны, афтæ дардыл йæ цыбыр царды Фæрниаты Къоста барухс кодта ирон поэзийы тыгъдад. Ахæм дзырдта иу æмæ дыууæ хатт нæ загътой поэзииртасджытæ, поэт, прозаик, драматург æмæ публицист Фæрниаты Къостайæ.

Фæрниаты Къоста райгуырд 1908 азы Цæгат Ирыстоны, Сечеры хъæуы. Йæ фыд Салти уыд мæгуыр зæхкусæг, фæлæ сабыр æмæ сыгъдæгзæрдæ адæймаг. Къоста сæ хъæуы райдиан скъола каст куы фæцис, уæд сфæнд кодта, цæмæй йæ ахуыр адарддæр кæна. Йæ мад æмæ йæ фыдмæ ахуырдзинад кæй нæ уыд, уый тыххæй сæ нæ фæндыд, цæмæй сæ фырт Къоста ахуыр кæнынмæ ацæуа искуыдæм, райса исты ахуырдзинад. Фылдæр сæ фæндыд уа сæ фарсмæ æмæ сын æххуыс кæна хъæууонхæдзарадон куыстыты. О, фæлæ сæ хиуæттæ æмæ сыхæгтæ уыдтой ахуырмæ Къостайы æвзыгъддзинæдтæ, йæ тырнындзинæдтæ æмæ басастой ныййарджыты.

Къоста йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы астæуккаг скъолатæй сæ иуы æмæ йæ каст фæцис 1926 азы. Уыцы аз бацыд Мæскуыйы журналистикæйы институтмæ, фæлæ дыккаг къурс нæма фæци, афтæ рацыд.

Æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта фæскомцæдисы обкомы инструкторæй, уыдис газет «Мах фæлтæр»-ы редактор. 1929 азæй ногæй ацыд Мæскуымæ æмæ 1931 азы каст фæцис К. Либкнехты номыл педагогон институт. Мæскуыйæ æрыздæхгæйæ, куыста Хуссар Ирыстоны театры директорæй, рауагъдады сæргълæууæгæй, газет «Большевикон аивад»-ы редакторæй. Цæгат Ирыстоны рауагъдады директорæй.

Къоста æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1919 азы, иуæндæс азы йыл куы сæххæст, уæд. Уыдон кæд уыдысты йæ фыццаг фæлварæнтæ, уæддæр сæ зынд, лæппумæ хорз фидæн кæй æнхъæлмæ каст, уый. Йæ поэзи уæлдай тынгдæр ферттывта дыууынæм азты кæрон. Уæлдайдæр та, йæ чиныг «Уадындз» мыхуырæй куы рацыд, уый фæстæ. Ирон чиныгкæсджыты зæрдæмæ фæцыдысты йе ‘мдзæвгæтæ, чиныг æлхæдтой æмæ сæ кастысты цингæнгæ. Уый фæстæ ма Къоста 1930 азы Дзанайты Иван æмæ Хъамбердиаты Мысостимæ рауагътой иумæйаг чиныг, схуыдтой йæ «Зæй».

Фæрниаты Къоста у фыццаг ирон романы автор. Йæ роман «Уады уынæр» кæд кæронмæ фыст нæ фæцис, уæддæр дзы цы ссæдз сæргондæй фылдæр ис, уыдонæй алкæцыйы дæр ирдæй æмæ æнцон æмбаргæйæ æвдыст цæуы, автор зæгъынмæ цы хъавы, уый. Чиныгкæсджыты зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ хорз райстой пьесæ «Хæрзбон»-ы дæр. Адæмты ‘хсæн ноджы стырдæр кад сæвзæрд поэмæ «Сæрибарыл тох»-æн, афтæ йæ иннæ поэмæтæ дæр. Æрмæст лæгъз фыст æмæ æнцон кæсæн не сты, фæлæ цы факттыл фыссы, уыдон æвдисы мидисджын æмæ алыфарсонæй.

Къоста ма активон уыд куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны периодикон мыхуыры дæр. Йæ уацты уæндон æмæ ныфсджынæй æвдыста рæстæджы комулæфт. Сæ фылдæр хайы æвдыста, адæмы цардæн ныхдуртæ чи æмæ цы арæзта, уыдоны тыххæй æмæ ахæм уавæртæй тагъддæр рахизынæн цы хъуыд, уыдæттыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый алкæй зæрдæмæ нæ цыд æмæ 1937 азы басыгъд культы азарæй.

Куыд бирæ æндæр поэттæ, афтæ дардыл уыд Къостайы поэзийы тематикæ дæр. Кæд тынг бирæ нæ фыста, уæддæр цы æмдзæвгæтæ æмæ уацмыстæ сфæлдыста, уыдоны, сæйраджыдæр, зынд, йæ адæм æмæ бæстæмæ йе стыр уарзт. Арæх фыста, царды раст фæндагыл зыгъуыммæ къахдзæфтæ чи арæзта, фæтк æмæ æгъдау чи хæлдта, уыдоны ныхмæ. О, фæлæ йæ арæхдæр фыссын фæндыд, йæ алыварс цы рæсугъд æрдз уыдис, ууыл. Йе ‘мдзæвгæтæй сæ иу «Дидинæг»-ы афтæ зæгъы:

Дидинæг нал тæрсы тæвд хурæй,

Стъалытæм худы æхсæв.

Ноджы ма зайдзæн уый цур дæр

Сойджын цъæх-цъæхид кæрдæг.

Уæддæр æмæ ныр дæр ис, йæхицæн æнæбындурæй кады хъуыддæгтæ чи домдта æмæ домы, ахæм адæймæгтæ. Уыдонимæ Къостайæн иудзинæдтæ кæй нæ уыд, уæндонæй сын кæй уайдзæф кодта, уый та зыны йæ иннæ æмдзæвгæ «Кад»-ы.

Банцай…Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй,

Зонын дæ кадæн йæ кад.

Не стæрын барвæндæй, гомдзыхæй

Барджынтæй искæй дæлфад.

Къостайы æмдзæвгæтæ чифæнды ма бакæса, алчи дæр дзы рахатдзæнис авторы удыхъæды фидардзинады миниуджытæ, мастæн фæразон кæй у æмæ йæ тых кæй никуы сæтты, уый. Иу ран йе ‘мдзæвгæтæй сæ иуы афтæ зæгъы:

Ма кал дæ цæссыг, æвгъау у,

Бафснай йæ риуы бæстон,

Ма зæгъ: «Ирыстон æрхауы»,

Акæс, нæ фæндаг – æндон.

Æнæ хæлц, исад нæй цæрæн, фæлæ Къоста йе ‘мдзæвгæтæй сæ иуы æвдисы, уыдонмæ кæд æмбæлы тырнын, уæддæр зыд кæнын кæй нæ хъæуы, уый.

Бирæ нæ домын æз фæззæгæй,

Зæрдæ мæм хондзæн бæркад.

Бонтæ æрвитдзынæн хъæлдзæгæй

Иу дæр нæ нæ уыдзæн æнкъард.

Йæ фыдыбæстæ бирæ кæй уарзы, уыцы рæнхъытæ Къостайæн йæ поэзийы арæх сты, фæлæ сæ хуыздæр æмæ æргомдæрæй кæм æвдисы, уыцы рæнхъытæй иутæ сты мæнæ адон:

Диссаг дæ, диссаг, мæ зæрдæ,

Рох дæр нæ кæныс нæ хъæу!

Федтон Уырысы дæр…æндæртæ:

Иу дæр дзы уый хуызæн нæу.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.