Зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын ирд æмæ хъæлдзæг бæрæгбон Цыппурсы боны цытæн! Ацы стыр бæрæгбон адæмæн лæвар кæны æууæнкдзинад, уарзондзинады æмæ ныфсы æнæахуысгæ рухс. Нæ зæрдæтæ нын байдзаг кæны хорз хъуыдытæй, ахуыр нæ кæны хæларзæрдæдзинадыл, кæрæдзийæн кад кæныныл.

Цыппурсы бæрæгбон нæ иу кæны чырыстондзинады бындур – иумæйагадæймагон, монон-хæрзæгъдаудзинады æргъадты алыварс. Бæрзонд монондзинад алыхатт дæр фидар кодта адæмы фæндондзинад, æмæ йæ разæнгард кодта уæлахизтæм Фыдыбæстæйы дидинæфтыды тыххæй.

Абон мах уæлдай тынгдæр хъуамæ баууæндæм нæхиуыл, æрбангом уæм, Украинæйы фашизмыл фæуæлахизы сæраппонд, цыран уæрæсейаг æфсæддонтимæ иумæ, активон хайад исынц хуссарирыстойнаг хæстонтæ дæр.

Цыппурсы бæрæгбон у сыгъдæгдзинад æмæ ныфсы, сабырдзинад æмæ хæрзаудындзинады символ, æххуыс нын кæны кæрæдзимæ аудгæдæр ахаст дарынæн, не ‘ххуыс æмæ аудындзинад кæй хъæуы, уыдонмæ лæмбынæгдæр хъусдард аздахынæн.

Ацы ирд бæрæгбоны уын мæ зæрдæ зæгъы амонд, фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ! Уадз, Цыппурсы бон уын суæд хæдзары артдзæсты хъармдзинад, уарзондзинад æмæ кæрæдзиæмбарынады бæрæгбон!