Фæстаг азты нæ горæты бирæ фæзынд сабитæн хиирхæфсæн фæзуæттæ, кæцытæ ахъаз сты сæ физикон рæзтæн. Уыдоны хорз боныгъæдты фенæн вæййы бирæ сабитæ æмæ сæм æхсызгон вæййы кæсын. Уый бæргæ хорз у, фæлæ нæ горæты цы дзæгъæл куыйтæ ис, уыдон дæр сæхи сæрибарæй хатынц ахæм фæзуæтты. Æнтæф бонты схуыссынц сывæллæтты хиирхæфсæнты бын æмæ сын сæхи схицау кæнынц – æввахс бацæуын нæ уадзынц сабиты. Афтæ у, сабитæн БАМ-ы микрорайоны цы хъазæн фæзуат арæзт æрцыд, уым дæр.

Сабитæй сæ иуы ныййарæг Цхуырбаты Бэлæ  афтæ зæгъы: «Куыйтæй тынг тыхсæм. Иуæй тæссаг у сывæллæттыл фæхæцынæй, иннæмæй та стыр тæссаг сты сывæллæтты æнæниздзинадæн дæр, хъазæн фæзуаты территори кæй чъизи кæнынц, уый тыххæй. Адæм куыд дзурынц, афтæмæй куыдзы хъуын хъуыры куы аирвæза, уæд уый зынын кæны астма. Куыйты ис æхсынчъытæ дæр æмæ фæзынынц сывæллæтты дæр».

Æндæр ныййарæг та мын радзырдта, зæгъгæ, куыйтæ сабиты хъазæн фæзуатмæ æрбахæссынц стæджытæ, алыгъуызон æппæрст дзаумæттæ æмæ йæ уыдæттæй дæр чъизи кæнынц. Бæргæ, зæгъгæ, хъаст кæнæм уый фæдыл, фæлæ нæ хъуыдыгæнæг нæй, нæхæдæг, дам, æй кæддæрты æрæфснайæм, фæлæ дзæгъæлдæр куыйтæ æгæр бирæ сты.

Цы сывæллæтты фæзуаты кой кæнæм, уырдæм хæстæг цæрæг сылгоймаг та мын загъта: «Тынг мæ фæнды, цæмæй сабитæн сæ хиирхæфсæн территорийы алфæмблай срæсугъд кæнон, дидинджытæ дзы ныссадзон æмæ аив уа сывæллæттæн сæхиау. Ацы аз бафæлвæрдтон хъеллаугæнæнты фарсмæ ныссадзын дидинджытæ, фæлæ мын сæ куыйтæ  ныссæстой. Хатт уыцы куыйтæ 10-12 бæрц дæр бавæййынц æмæ уыдон кæм алæгæрдынц, уым цы дидинæг   хъуамæ байрæза.

Куыйтæ æнцойад нæ дæттынц, ардæм хæстæг цы цæрæн корпустæ ис, уыдоны цæрджытæн дæр. Æхсæв дæр вæййынц сæ корпусты раз æмæ сæ рæйынæй нал фенцайынц. Цы иугай бæлæстæ дзы ис, уыдон сты сæ уарзондæр бынæттæ, уæлдайдæр та – сæрдыгон тæвд бонты.

Уæдæ дзæгъæл куыйтæ сабиты хæрзиуæгæн не ‘мбырд кæнынц хиирхæфсæн фæзуатмæ. Уый у сабиты æмæ дзы сæхæдæг хъуа-мæ уой фысымтæ. Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй та йæ хъæуы æрæмбонд кæнын.

Рæстæгæй-рæстæгмæ марын райдайынц дзæгъæл куыйты, фæлæ уыдон фæцъусдæр вæййынц æрмæстдæр рæстæгмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.