Паддзахадон бюджеты райстмæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц, нæ республикæйы æмбæстæгтæй чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн хатырон кредиттæ райсын кæй фæндыд, уыцы адæм. Амалиуæгад райтынг кæнынæн æнæмæнгхъæуæг бизнес-плантæ, уыдон раджы бацæттæ кодтой. Бæстондæр информаци базонынмæ, ома, къамис кæд скусдзæн æмæ цы уæлæмхасæн документтæ æмбырд кæнын хъæуы, уый базоныны тыххæй-иу арæх бацыдысты, Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады министрадæн В. Путины уынгыл цы хайад ис, уырдæм. Ацы хайады куыд зæгъынц, афтæмæй амалиуæгады тыххæй бизнес-плантæ кæмæ ис æмæ дæлбар кредиттæ райсын кæй фæнды, уыдонæн фехъусын кæндзысты информаци, уæлæмхасæй куыддæр хъуыддæгтæ æрнывыл уой, афтæ. Куыддæр къамис скуса, афтæ райдайдзысты куырдиæттæ исын æмæ стæй конкурсы хуызы æвзардзысты хуыздæр бизнес-проекттæ. «Бизнес-проекттæ ныридæгæн йæ къухы кæмæн сты, уыдон тæрсынц, ома, хъуыддаг куы адаргъ уа, уæлдайдæр та хъæууон хæдзарады фадыджы кусын-мæ чи хъавы, уыдон. Фæлæ махæрдыгæй фарс къуылымпыдзинад нæ уыдзæн. Не скаст бюджеты райстмæ уыд», – зæгъынц Экономикон рæзты министрады къамисы.

Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы фæдыл закъон нæ республикæйы архайы 2018 азæй. Уæд Парламенты ист æрцыд закъон, кæцымæ гæсгæ паддзахадон бюджеты æфтиæгты 2% хицæн æрцыд, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады архайын кæй фæнды, уыдоны хæрзиуæгæн. Уыцы закъонмæ гæсгæ 2018 азы кредиттæ лæвæрд æрцыд 49 амалиуæггæнæгæн. Ивгъуыд аз амалиуæггæнджытæй Хицауад кæмæн баххуыс кодта, уыдон нымæц дыууæ хатты фæфылдæр», – зæгъынц къамисы уæнгтæ.

Уыдон ма куыд зæгъынц, афтæмæй ивгъуыд азты къамис хорзыл цы проекттæ банымадта, уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты хъæууон хæдзарады чи архайдта, ахæм фермертæ æмæ арендатортæ. Къаддæр уыдысты базарадон æмæ сæудæджерады фадыджы чи архайы, ахæм амали-уæггæнджытæ. Æхсæнадон фадыджы чи архайы, ахæм цыппар амалиуæггæнæгæн дæр æрцыд æххуыс Хицауады æрдыгæй.

Фонды иумæйаг æфтиæгтæ азæй-азмæ фылдæр кæнынц. Паддзахадон бюджетæй цы фæрæзтæ рахицæн æрцæуы, уыдонмæ бафты, уый размæ азты хатырон кредиттæ чи ахаста æмæ ныр Паддзахадмæ проценттæ чи фиды, уыдон депозиттæй. Æцæг ис ахæм амалиуæггæнджытæ дæр, кæцытæ æвзæр фыстой сæ проценттæ, сæхи-иу атылиф кодтой алыгъуызон аххостæй. Фæлæ 2019 азы Хицауады амындмæ гæсгæ Хъæууонхæдзарадон министрады бындурыл арæзт æрцыд цæстдарæн къамис, кæцы бакуыста кредиттæ фæстæмæ раздахыны механизмыл. Уыдон лæмбынæгæй сæ цæст дарынц Хицауад цы фæрæзтæ радта, уыдонæй куыд пайда цæуы, уымæ. Бирæ арендатортæ иу рафсон-бафсон кодтой, ома, æрдзы фыд-аудæнты аххосæй мæ бизнес бабын, фæлæ цæмæй уыцы цау фидар æрцæуа, уый тыххæй хатдзæгтæ арæзта цæстдарæн къамис. Цæсгомджын фермер æмæ арендатормæ та Хицауад æххуысы къух æнæфæдаргæ нæ фæвæййы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.