Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли байхъуыста Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагимы докладмæ æфсæддон æмбырдтытæ ауадзыны тыххæй, запасы чи ис, уыцы æмбæстæгты хайадистæй.

Мадзал ма бабæрæг кодтой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, тыхон министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, афтæ ма районты администрацийы сæргълæуджытæ.

Гассеты Ибрагим радзырдта, зæгъгæ, æмбырдтытæ ауадзыны нысан уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæстон æмæ мобилизацион цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнын, афтæ ма æфсæддон хыгъды чи ис, уыцы æмбæстæгты номхыгъд сбæлдвырд кæнын.

Министры ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ РХИ-йы уагъд цæуынц фыццаг хатт.

«Банысан кæнын мæ фæнды, РХИ-йы æмбырдтытæ мобилизацион резервимæ ахæм масштабы уагъд цæуынц фыццаг хатт. Уый арæзт æрцыд Гарзджын тыхты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныны нысанмæздæхт архайд æмæ ацы фарстмæ РХИ-йы Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг Бибылты Анатолийы хъусдарды фæрцы», – загъта уый.

Афтæ ма Гассеты Ибрагим банысан кодта, резервон скондимæ куыст активондæр кæныны тыххæй мадзæлтты комплекс кæй адарддæр уыдзысты, æмбырдтæ та  хаст æрцæудзысты регулярон æгъдауæй Гарзджын тыхтæ цæттæ кæныны планмæ.

Хъахъхъæнынады министр фехъусын кодта, зæгъгæ, Президенты Барамынд æххæст кæнгæйæ, уагъд æрцыд горæт Цхинвалы, районты администрацитæ, организациты æмæ куыстуæтты минæвæрттимæ æмбырдтытæ.

Бакуыст æрцыдысты  резервистты æмæ техникæйы æрæмбырд кæнын, дæлхæйтты комплект кæныны фарстаты.

Министр ма фехъусын кодта, зæгъгæ, ахæм куыст уагъд нæ цыд, Советон Цæдис куы ныппырх ис, уый фæстæ. “2004-2005 азы бафæл-вæрдæуыд, запасы чи ис, уыдоны тыххæй бæлвырдгæнæнтæ баххæст кæнын, фæлæ уымæн уыд æрмæстдæр ситуативон нысаниуæг”, – загъта Гассеты Ибрагим.

Уый банысан кодта æфсæддон къамисариаты æмæ æххæсткæнынады хицауады органты – Мидхъуыддæгты министрад, Юстицийы министрад, æндæр тыхон структурæтæ æмæ æххæсткæнынады хицауады æндæр органтæ æмæ бынæттон хæдразамынады органты активон æмархайды æнæмæнгхъæуындзинад.

Уымæй дарддæр ма  министр банысан кодта, æмбырдтытæ кæй сбæрæг кодтой цухдзинæдтæ, кæцытæ иуварс цæудзысты.

Хуссар Ирыстоны бирæ рæстæджы дæргъы мобилизацион æмбырдтытæ уагъд кæй нæ цы-дысты, уый банысан кодта Президент дæр.

«Хъыгагæн, бирæ рæстæджы дæргъы мах нæ уагътам, запасы чи ис, уыцы æмбæстæгты мобилизаци. Уыцы уавæр æнæмæнгхъæуæг номхыгъдæй ахауд, æмæ йæ бамбарын кæн-дзынæн, цæмæ. 2008 азы уæлахизы фæстæ махмæ æнæбындуронæй нымадтой, зæгъгæ, республикæйы æдасдзинадыл нæ хъæуы тыхсын, Хъахъхъæнынады министрад, 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæ, афтæ ма æндæр тыхон структурæтæй ныфс æвæргæйæ, ныфс дарын», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, уый раст кæй нæу æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыдда-джы хъуамæ архайой республикæйы нæлгоймæгтæ дæр.

Президент хъæуæг организацитæн бахæс кодта, цæмæй анализ саразой уавæрæн, æфсæддон æмбырдтытæм цы æмбæстæгтæ не ‘рбацыдысты, уыдонæн сæ аххосæгтæ сбæрæг кæнын æмæ бæлвырдгæнæнтæ бавдисын.

Бибылты Анатоли йæ хъусдард аздæхта æрмæст резервистты æмбырдтытæм нæ, фæлæ ма æмгъуыдон æфсæддон службæмæ æрсидынмæ дæр.  Уый банысан кодта, алы æвзонг лæппу дæр кæй хъуамæ рацæуа службæ æфсады.

«Паддзахадæн ацы фарстмæ уыдзæн принципиалон ахаст уæдмæ, цалынмæ сыхагон паддзахад махæн уа знаг æмæ цалынмæ йæ реваншистон амбицитæ нæ ныууадза. Цалынмæ ис ахæм тасдзинад, уæдмæ, алы нæлгоймаг дæр, 18 азы кармæ схизгæйæ, хъуамæ æмбара, Хъахъхъæнынады министрад цы мобилизацион мадзæлттæ уадзы, уыдон æнæмæнгхъæуæг кæй сты паддзахады, уыдоны бинонты æмæ æввахс хиуæтты æдасдзинадæн. Иумæйаг æфсæддон хæсы закъон нырма ничи аивта», – загъта Президент.

Уый Хицауады Сæрдарæн бахæс кодта, цæмæй министрады æмæ ведомствотимæ сæргълæуджытимæ бакусой ахæм фарстыл, кæцымæ гæсгæ æфсады службæ чи нæ рацыд, уыцы нæлгоймæгтæ ист ма цæуой куыстмæ.

«Æфсады нæ баслужбæ кодтай – нæ дæ айсдзысты куыстмæ. Уый ацы фадыджы фæтк сифтонг кæндзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг ма Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорæн бахæс кодта, цæмæй æнæмæнгхъæуæг куыст ауадза фадыгон инспектортæ æмæ æфсæддон къамисариатты æнгом æмархайды фæдыл.

Мадзалы кæрон Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Хъахъхъæнынады министрады хæрæндон, цыран ныхас кодта салдаттæ-æрсиддонтимæ æмæ базонгæ æфсæддонты хæринæгты менюимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.