Паддзахадон таможнæйон комитеты фæндонмæ гæсгæ республикæйы хицауад хорзыл банымадта транспортон фæрæзтæн паспорттæ саразыны хъуыддаг, кæцытæ ласт цæуынц республикæйы территоримæ, банысангонд бæрæг паспортты уæвынад у æнæмæнгхъæуæг, транспортон фæрæзтæ регистраци кæнын æмæ сæ фæндагон змæлдмæ бауадзыны тыххæй.

Хъæугæ уынаффæ ист æрцыд Хицауады рабадты 21 августы.

Таможнæйон службæйы сæргълæууæджы хæдивæг Къудухты Алексей куыд банысан кодта, афтæмæй транспортон фæрæзтæн паспорттæ радтыны тыххæй хæстæ лæвæрд æрцыдысты Паддзахадон таможнæйон службæмæ, кæцы фадат дæтты РХИ-йы территорийыл транспортон фæрæзтæ уадзыны системæйæн фæтк æрæвæрынæн, уыдон давыны ныхмæ æмæ æндæр бархалджытимæ тох фæтынгдæр кæнынæн.

«РХИ-йы территоримæ транспортон фæрæзтæ ласыны рæстæджы таможнæйон декларацийы нысан æрцæудзæн, машинæйы хицауæн æнæмæнгхъæуæг кæй у 10 боны æмгъуыдмæ транспортон фæрæзы таможнæйон документтæ саразын æмæ транспортон фæрæзы паспорт райсын Паддзахадон таможнæйон комитеты сæйраг офисы.

Таможнæйæн ахæм хæстæ радтыны æнæмæнгхъæуындзинад сæвзæрд уымæн, æмæ машинæйы хицæуттæ мæйгæтты нæ арæзтой транспортон фæрæзы паспорттæ æмæ нæ регистраци кодтой сæ транспортон фæрæзтæ, бирæ хæттыты та-иу æй хайгай скодтой, æмæ уый республикæйы территоримæ ласт машинæ-тыл контроль вазыгджындæр кодта», – банысан кодта Къудухты Алексей.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, транспортон фæрæзтæн æвдисæнтæ радтыны хъуыддаджы, ома, машинæты регистраци кæныны раздæрау архайдзæн Паддзахадон автоинспекци, фæлæ таможнæйон органы лæвæрд транспортон фæрæзы паспорты бындурмæ гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.