Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд резервисттимæ, кæцытæ æрсидт æрцыдысты æфсæддон æмбырдтытæм Президенты «2019 азы æфсæддон æмбырдтытæм æрсидын, запасы чи сты, уыцы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæс-тæгты тыххæй» Барамындмæ гæсгæ.

Президент банысан кодта æмбырдтытæ ауадзыны ахсджиагдзинад, куыд РХИ-йы æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы иу хай.

«Ацы азы онг Хуссар Ирыстоны хъæугæ хъусдард нæ уыд мобилизацимæ, цæмæй мобилизаци фехъусын кæныны фæстæ ацы процесс уагъд цæуа бакуыстгонд схемæмæ гæсгæ, цæмæй алы резервист дæр зона йæ бынат æмæ йæ хæстæ. Æмбырдтытæ уадзын хъæуы, цæмæй не ‘мбæстæгтæ, куы бахъæуа, уæд цæттæ уой Райгуырæн бæстæ хъахъхъæныны фæдыл сæ хæстæ æххæст кæнынмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уæлдæр сæйраг командæгæнæг банысан кодта, резервистты æмбырдтытæ уагъд кæй нæ цæуынц хæстон архайдтыты тæссагдзинады тыххæй, фæлæ «Хуссар Ирыстоны адæм, кæцытæ сæ историйы дæргъы бавзæрстой бирæ зындзинæдтæ, хъуамæ æмбарой æфсæддон службæ æххæст кæныны ахсджиагдзинад».

«Алы æвзонг лæппу дæр хъуамæ рацæуа æфсæддон скъола, алчи дæр хъуамæ зона хæцæнгарзæй æмæ техникæйæ пайда кæнын. Æрмæстдæр афтæмæй æмæ 4-æм уæрæсейаг Æфсæддон базæ, УФ-йы æдасдзинады федералон службæйы Арæнхъахъхъæ-нæг управлениимæ махæн нæ къухты бафтдзæн нæ паддзахады æдасдзинад», – загъта Президент.

Уый ма куыд фехъусын кодта, аф-тæмæй æфсæддон æмбырдтытæ уагъд цæудзысты æрвы-лаз дæр.

«2019 азы Æфсæддон æмбырдтытæ фенын кодтой резервисттимæ уавæр, æргом æрцыдысты цухдзинæдтæ, кæцытæ иннæ аз иуварс æрцæудзысты. Ныфс мæ ис, иу азы фæстæ æмбырдтытæ уагъд кæй æрцæудзысты хъæугæ æмвæзадыл – куыд æфсæддон формæ æмæ техникон ифтонгадæй, афтæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынæй дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.