15-æм октябры ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл сæххæст  159 азы. Ацы боны цытæн Театралон фæзуаты Къостайы цырты раз уагъд æрцыдис бæрæгбонон мадзал нæ республикæйы культурæ æмæ зонады министрады хъæппæрисæй. Мадзалмæ фæуазæг сты нæ республикæйы хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Къостайы цырты размæ бахастой дидинджытæ. Бæрæгбонон мадзал байгом кодта РХИ-йы Парламенты Националон политикæ, культурæ, ахуырад, зонад æмæ дины фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Уый æрдзырдта ирон литературæмæ Къостайы егъау хайбæвæрдыл, йæ диссаджы уацмысты тыххæй.

«Абон мах ардæм æрæмбырд стæм, цæмæй Къостайы ном ссарæм. Фæлæ Къостайы бон махæн алыбон дæр хъуамæ уаид, уымæн æмæ нæ хурыскаст у. Мах амондджын адæм стæм, уымæн æмæ нын Къостайы хуызæн адæймаджы Хуыцауы цæст бауарзта æмæ йыл мах та тынг нæ цин кæнæм, нæ сæр дзы бæрзæндты нæ хæссæм. Къостайы фæстæ махмæ бирæ зынгæ, курдиатджын гоймæгтæ уыдис, фæлæ Къостайæн уæддæр æндæр бынат ис нæ зæрдæты æмæ йын аргъ кæнынхъом  хъуамæ уæм. Кæддæр Абайты Васойæ æппæлыдысты, зæгъгæ, ды нæ дыккаг хур дæ Къостайы фæстæ, фæлæ Васо афтæ загъта, зæгъгæ, арвыл иу хур ис æмæ фаг у» – банысан кодта Гæбæраты Юри.

Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон йæ раныхасы лæмбынæг æрдзырдта Къостайы уацмысты мидисыл.

«Мах сæрыстыр кæмæй уыдыстæм, стæм æмæ уыдзыстæм, уый у фыццаджыдæр Къоста. Цæмæй адæймаг афтæ зæгъа «Весь мир мой храм, любовь – моя  святыня, вселенная – отечество моё», – уый тыххæй хъуамæ дун-дунейыл хъуыды кæна æмæ йæ зæрдæ адæмы уарзтæй йедзаг уа.

1885 азы Петербургæй куы æрцыдис æмæ Ирыстоны æгæндонæй куы æрæййæфта, уæд æй йæхи мæгуырдзинæдтæ ферох сты æмæ уымæн дзырдта, – «мæхицæй фыддæр, мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр». Къостайы æмдзæвгæты дзырдты равæрд ахæм хуызы у, дзырдты хъуыды кæрæдзийыл афтæ баст у æмæ дзы иу куы æрцæуа дæ хъуыдымæ, уæд иннæтæ кæрæдзийы фæдыл згъæлынц. Йе ‘мдзæвгæ «Æрра фыййау»-ы бирæтæ афтæ æнхъæлынц æмæ Къоста равдыста æцæгæй æнæсæрæн фыййауы, ома йæ фос баззадысты дзæгъæлæй. Фæлæ Къоста ам фыййауы хуызы равдыста, Ирыстонæн æнæсæрæн къухдариуæггæнджытæ чи уыдысты, уыдоны.

Ирон адæмæй ахæм ничи ис æмæ Къостайы æмдзæвгæтæй иу рæнхъ дæр ма зона. Æндæр адæмтæм иу ахæм фыссæг дæр нæй. Уымæй мах нæ зæрдæйы ахаст, нæ уарзт æвдисæм Къостамæ.

Махмæ Къостайæ стырдæр ничи ис. Йæ фарнæй фæрнджын ут. Йæ фарн Ирыстоны куыд никуы амæла, уыцы амонд Хуыцау зæгъæд!» – загъта Хъазиты Мелитон.

Скъоладзаутæ Къостайы тыххæй æмæ Къостайы фыст æмдзæвгæтæ бакастысты æмæ акафыдысты. Къостайы тыххæй ма уырыссагау йæхи фыст æмдзæвгæ бакаст Чехойты Алик. Вокалон-инструменталон ансамбль та дзы сæххæст кодтой цалдæр зарæджы.

Къостайы тыххæй æмдзæвгæ бакаст поэт Хъодалаты Герсан дæр. Абон уымæн дæр у йæ гуырæнбон æмæ йын æрæмбырдуæвджытæ зæрдæбынæй раарфæ кодтой.

Бæрæгбоны цытæн мадзалы хайадисджытæн балæвар кодта чингуытæ.

Кæронбæттæны Гæбæраты Юри раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ сæ фæхуыдта киноконцертон зал «Чермен»-мæ. Ам æвдыст æрцыд Къостайы тыххæй ист фильм «Сын Иристона». Къостайы ролы дзы хъазы номдзыд ирон актёр Тæбæхсæуты Бало.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.