ЧИНЫГ  – САБИТЫ ХÆЛАР

Сывæллæтты чиныджы æхсæнадæмон бон æрвы-лаз дæр нысан цæуы 1967 азы 2 апрелæй фæстæмæ. Уыцы бон райгуырд даниаг аргъæуттæ фыссæг Ганс Христиан Андерсен æмæ растдæр йæ райгуырды боны цытæн нысан цæуы ацы бæрæгбон. Йæ инициатор та уыд Сывæллæтты чиныджы æхсæнадон советы фыццаг президент æмæ сывæллæтты дунеон литературæйы культурæйы архайæг Е. Лепман. Уымæн йæ зындгонд фразæ у: «Нæ сывæллæттæн дæттут чингуытæ, æмæ сын сымах ратдзыстут базыртæ».

Нæ республикæйы дæр стыр хъусдард здæхтæуы сывæллæтты чиныджы хæрзиуджытæй фæхайджын кæнынмæ, уарзынц се ‘мкарæн хъайтартыл фыст литературæ кæсын. Кæй зæгъын æй хъæуы, царды кæстæртæ дзæвгар сгуыхтдзинæдтæ равдыстой æмæ æвдисынц æмæ сын фысджытæ сæ раппæлинаг  миниуджытæ æвдисынц сæ уацмысты. Ахæм æвæрццаг хъайтарты та фæзмынц кæстæртæ, æмæ сæрбахъуыды рæстæджы уыдон дæр фæстæ нæ фæлæууынц. Ирон фысджытæ дæр сæ хъусдард тынг здахынц сомбоны цардаразджытæм æмæ сын фыссынц прозаикон æмæ поэтикон уацмыстæ, æвдисынц дзы кæстæрты тырнындзинад, ахуыр æмæ куыстмæ сæ разæнгарддзинад, хистæртæн аргъ кæнын æмæ афтæ дарддæр. Ирон адæмы буцдзинад Хетæгкаты Къоста бирæ уарзта сывæллæтты æмæ сын сфæлдыста аив æмдзæвгæтæ. Журнал «Фидиуæг» рæстæгæй рæстæгмæ радты рубрикæ «Нæ чысыл хуртæн» æмæ дзы сæ уацмыстимæ зонгæ кæнынц ахæм автортæн, куыд Гаглойты Григол, Наниты Асиат, Тъехты Амыран, Гæбæраты Тенгиз, Букуылты Алыкси, Гæбæраты Никъала, Кокойты Эльзæ, Джыккайты Беллæ, Гуыцмæзты Валери, Годжиты Сослан, Икъаты Владимир, Нафи, Хъазиты Мелитон, Гуккаты Шамил, Сланты Ахмæт æмæ æндæртæн. Рауагъдад «Ирыстон»-ы сывæллæттæн фыст уацмыстæ хицæн чингуытæй мыхуыр æрцыдысты Джиоты Катя, Наниты Асиат, Джыккайты Беллæ, Гæбæраты Тенгиз æмæ æндæр автортæн. Раппæлинаг у сывæллæтты уарзон журнал «Ногдзау», уый йæ хæрзгъæд уацмыстæй рухс кæны кæстæрты зæрдæтæ, уыимæ ма сæ цайдагъ кæны æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ фыссыныл дæр. Зæрдæдарæн ис, нæ хистæр кары фысджытæ ноджы тынгдæр се ‘ргом кæй аздахдзысты æмæ сæ хæрзгъæд уацмыстæй кæй рухс кæндзысты æрыгон чиныгкæсджыты зæрдæтæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.