Советон Цæдисы рæстæгимæ абаргæйæ, ныртæккæ наркотикон буарадтæй чи пайда кæны, уыдоны нымæц у бирæ фылдæр. Уæрæсейы Федерацийы барадхъахъхъæнæг органты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, абон бæстæйы наркотиктæй пайда кæнынц дæс-иуæндæс милуанмæ æввахс адæймаджы. Уымæй дæр уыдонæй бирæтæ наркотикон буарадтæй пайда кæнын райдыдтой, скъолайы ма куы ахуыр кодтой, уæд…

Стыр хъыгагæн, нæ хæстæфхæрд Ирыстоны дæр нæ къаддæр кæны наркотиктæй чи пайда кæны, уыдоны нымæц. Ацы фыдбылызы аххосæй бабын вæййынц ныййарджытæн иунæг чи вæййынц, ахæм хъæбултæ дæр.

Æрæджы йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтам иу æвзонг нæлгоймаджы, кæцы йæ ныййарджытæн уыд иунæг хъæбул æмæ сæ тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ кодта. А-фæстаг рæстæджы нæ республикæйы наркотикон буарадтæй спайда кæныны аххосæй амардысты æртæ æвзонг адæймаджы. Сæ иуæн дзы бантыст цардæмбал æркæнын, баззад ын сывæллæттæ дæр, фæлæ иннæ дыууæ сæ фæстæ никæй ныууагътой…  Ау, нæ фæсивæдæй сæ фыдызæхх бахъахъхъæныны сæраппонд цъус куынæ фæмард, мыййаг, уæд ма ацы фыдбоны наркотикты тыххæй та цæмæн мæлынц æвзонг адæймæгтæ. Низ дын ма уа æмæ афтæмæй дæхицæн проблемæтæ агурай æмæ дæхи фæнизджын кæнай цыдæр æнæхайыр наркотикты тыххæй, дæ ныййарджытæн стыр маст æрхæссай, уый стыр æнамонддзинад у.

Æмæ та мæ зæрдыл æрлæууыд, ацы аз апрелы мæйы Республикæ Абхазы парламенты депутаттæ уголовон æмæ уголовон-процессуалон кодексы закъонмæ ивындзинæдтæ кæй бахастой, уыцы ахсджиаг хъуыддаг. Барасткæнинæгтæм гæсгæ, уæлдай стыр бæрцы наркотиктæ парахат кæныны тыххæй гæнæн ис фыдгæнджытæн тæрхондон рахæсса цæрæнбонты ахæстоны фæбадыны тæрхон кæнæ та мæлæты тæрхон исад сконфискаци кæнынимæ. Закъоны проекты автор, депутат Дмитрий Дбары ныхæстæм гæсгæ, закъон йæ тыхы бацæудзæн 2020 азы 1-æм январæй æмæ  тыхон структурæтæн фаг рæстæг уыдзæн ацы закъон сæххæст кæныны тыххæй сæхи бацæттæ кæнынæн. «Фæстаг фондз-æхсæз азы дæргъы наркотикты аххо-сæй чи амард, уыдоны нымæц фæфылдæр 20-30% æмæ нæ уымæ гæсгæ бахъуыд уæлдай карздæр мадзæлттæ райсыны сæр», – загъта Дмитрий Дбар.

Абхазы генералон прокуратурæйы зæрдыл æрлæууын кодтой, зæгъгæ, бæстæйы 1993 азæй фæстæмæ баконд æрцыд мæлæты тæрхоны тыххæй моратори. Мæлæты тæрхон кæмæн рахастæуа, уымæн ис æфхæрд фæивыны бар æрмæстдæр 25 азы ахæстоны фæбадыны фæстæ. Ведомствойы бæрæг-гæнæнтæм гæсгæ, Абхазы мидхъуыддæгты министрады фæдагурæн изоляторы ныр-тæккæ ис, цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон кæмæн рахастæуыд, ахæм æртæ адæймаджы, фæлæ дзы нырма мæлæты тæрхон кæмæн рахастой, ахæмтæ нæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ мæлæты тæрхон официалон æгъдауæй цы бæстæйы хæссынц, ахæм иунæг бæстæ ма постсоветон тыгъдады кæй у Беларусь.

Хуссар Ирыстоны Парламент дæр куы райсид ахæм закъон, кæцымæ гæсгæ наркотиктæ пархатгæнджытæн хаст цæуид уæлдай карздæр тæрхон, ома, цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон. Науæд йæ фындзæй дарддæр чи ницы уыны, йæ Ирыстоны фи-дæныл хъуыды дæр чи никуы акæны,  ахæм æдзæсгом æмæ налат адæймæгтæ сæхи дзыппыты пайдайæн сафынц адæмы сывæл-лæтты. Наркотиктæ чи уæй кæны, уыдоны ‘хсæн уыд æмæ ис сылгоймæгтæ дæр, кæцы-тæн сæхицæн дæр ис хъæбултæ. Ахъуыды ма кæнæд ахæмтæ, сæ хъæбултæн сын исчи наркотиктæ куы уæй кæнид, уæд цымæ сæхи куыд дариккой… Æниу, наркотиктæ чи уæй кæны, уыдонæй дæр бирæтæ нæ аирвæзтысты Хуыцауы, хъысмæты тæрхонæй. «Удхайраджы зин» сын сæхи цоты дæр бацайдагъ кодта цардхалæг, мæлæтдзаг низыл. Уыдис-иу ахæм цаутæ дæр, æмæ ныййарæг мад йæхæдæг уæй кодта кæйдæр хъæбултæн ацы тæссаг наркотиктæ æмæ уыцыиу рæстæджы наркотикон буарадтимæ судзин арæзт йæ хъæбулæн дæр. Æвæццæгæн ын тарст йæхæдæг, йæ бæрц куы фæфылдæр кодтаид, уымæй… Фæлæ уæддæр йæ кæрон хорз нæ рауад, кæдмæ йæ хъахъхъæдтаид йæ мад æмæ æвзонгæй ахицæн йæ цардæй.

Æмæ цал ахæм æнамонд цауы æрцыд нæ чысыл Ирыстоны, чи сæ фæнымайдзæнис? Æрмæст фæстаг дыууæ мæйы ацы тæссаг низы амæттаг баисты 5-6 адæймаджы æмæ уый стыр æнамонддзинад у не ‘взонг республикæйæн. Нæ демографион фонд кæд иу чысыл фæхуыздæр, уæддæр нырма бæллиццаг нæу æмæ наркотикты азарæй чи басудзы, уыдонæй бирæтæн цардæмбæлттæ æр-кæнын дæр нæ бантысы.

Хуссар Ирыстоны 6-æм æрсидт Парламенты депутаттæ дæр æмхъæлæсæй райстой закъон, препарат «Лирика» æмæ йæ аналогтæ чи парахат кæны, уыдонмæ ахасты административон æмæ уголовон бæрндзинад фæкарз-дæр кæныны тыххæй. Фæлæ уæддæр, уымæ нæкæсгæйæ, иуæй-иу адæймæгтæн басæттæн ницæмæй ис, уæлдайдæр искæйы æнамонддзинадыл стыр æхцатæ бакусыныл чи сахуыр, ахæмтæ дарддæр дæр ацы препарат ласынц нæ республикæмæ. Дыууæ боны размæ телерадиокомпани «Ир»-ы «Ног хабæртты» куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ арæныл æрцахстой æвзонг нæлгоймаджы, кæцымæ разынд «Лирика» æмæ йæ аналог. Препарат «Лирика» тæссаг у йæ психологон фæстиуджытæм гæсгæ, кæцы адæймаджы æркæны депрессийы алы хуызтæм, суанг сæхимæ сæ къух райсыны онг.

Абон нæ республикæмæ фыдбылыз чи ласы, нæ фæсивæды, Ирыстоны фидæны ныфсыты чи сафы, уыдоны бæлвырд кæнын хъæуы. Махæй алкæйы хæс дæр у, ахæм налат адæймæгтæн уайдзæф кæнын. Ахæмтæн бынат ма хъуамæ уа нæ хæстæф-хæрд Ирыстоны, хъæуы сыл хъоды кæнын… Ау, Азау æмæ Таймуразыл сæ сыгъдæг уарзондзинады тыххæй хъоды куы бакодтой, уæд нын нæ фæсивæды сæрсæфæнмæ чи кæны, уыдоныл цæмæннæ ис хъоды бакæнæн… Ныртæккæйы уæззау дуджы карз мадзæлттæ исын куы хъæуы æхсæнады ацы тæссаг низы ныхмæ, уæд «Иры Стыр Ныхас» цæмæннæ кусы нæ фыдæлты ацы æгъдау фæстæмæ раздахыныл. Мах æгæр чысылнымæц адæм стæм æмæ нын зæфцы фыдæй иу адæймаджы фесæфт дæр стыр бæллæх у!..

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.