1953 азы мæ фыдыфсымæр Артен æмæ мæ фыдыфсымæры лæппу Васяимæ Зигарайы (Зикъарайы нæ) ʻфцæгыл цыдыстæм Чеселтæй Дзæуджыхъæумæ. Нæ фыдыфсымæр нын фæндагыл дзырдта бирæ хабæрттæ. Фыццаг бахæццæ стæм, Саччыфæтæны (ома Сагджын фæтæн) дон Зигарайы донимæ кæм иу кæны, уырдæм. Уыцы бынæттæ куыд нæ зыдтам, æдзух хос уымыты карстам. Фæлæ уый дзурын райдыдта:

– Мæнæ уыцы сисы хæлттæ уынут? Уым нæ бинонтæ ныхсдарон цард кодтой (сæрдыгон фос рæстæгмæ кæм дардтой, уый). Гуырдзы нæ куы асырдтой, уæд фæстæмæ æрыздæхтыстæм ноябры кæрæтты, мит уыд, рахызтыстæм Дзомагъы ʻфцæгыл. Нæ хъæуы, Чеселты, ницыуал æрæййæфтам, цъыбыртты сыгъд нæ бакодтой, афтæ уыд æнæхъæн Чеселтгомы дæр. Ацы ранмæ ма æрбацыдыстæм, бацалцæджытæ ма йæ кодтам, æмæ æнæхъæн зымæг Гасийы къуылдымы цæрджытæ ам арвыстой сæ зымæг. Нæ уыд хæлц æмæ уæртæ уынут Тæрсджын æмæ Æфтауцдон, комы æддæмæ нæ зынынц, уым нын картоф тыд уыд, уыдон нæ фæфиппайдтой гуырдзыйы æлгъæгтæ æмæ сын аирвæзтысты æнæхæрдæй. Къахтам сæ миты бынæй æмæ сæ бæрцæй хордтам. Хуссæрттæ æнæ карстæй баззадысты æмæ-иу зæй куы рацыд, уæд-иу цъæнут разынд, уый-иу æмбырд кодтам, афтæмæй нæ фос аирвæзтысты.

Нæ хъæуæй, Дзабитæ æмæ Цыбыртæй (Чеселты хъæуæй) уыцы фыдæбæттæй амард 18 адæймаджы, æдæппæт уыдыстæм 16 хæдзары. Цъамады хъæуæй ацыдысты 40 адæймагæй æмæ ма дзы фæстæмæ æрыздæхт 21, 19 дзы амард фæндæгтыл низ æмæ æххормагæй. Фæндæгтыл чи амард, уыдон сæдæ дыууынæй фæфылдæр сты æнæхъæн Чеселтгомы. Мæнæ уый та, – ацамыдта иу къахвæндагмæ, – Тхелы комæй цæуы Хъилхохы хуссарвæрсты. Тхелы цæрджытæ æрæгмæ бамбæрстой, гуырдзы æрбаввахс сты, уый. Дыууæдонастæу сын рацæуæн нал уыд. Æрмæст ма сын баззад, Хъилхохы бынты цы иу къахвæндаг цыд Тæдзæнтæм (Зигарайы бынмæ), уый. Тхелы цæрæг нал баййæфтой, фæлæ сæ фæсте сырдтой Стыр комы, Хъилхох æмæ Бурхохы ʻхсæнты. Бирæ сæ нал хъуыд сæ баййафынмæ, фæлæ Тыджыты Гала иу уынгæг ран Къæбырты, цыран иу бæхæн йедтæмæ бахизæн нæ уыд, сæ разы æрбадт, фæлæ йæм иу нæмыг йедтæмæ нæ уыд, æмæ ныхъхъæр кодта йе ʻфсымæр Разденмæ:

– Иу нæмыг йедтæмæ мæм нæй æмæ мын дæ нæмгуытæй раппар!

– Зæронд хæрæг, æнæхъæн æфсад цал нæмыгæй аздахынмæ хъавыс?

– Раппар мæм дзы, сымах цæут!

Цалдæр нæмыг æм радта. Уыцы уынгæг ран фыццаг бæхджыны фехста, стæй дыккаджы, æртыккаджы æмæ иннæтæ фæстæмæ лидзынмæ фесты. Гала сын аккаг уыд, нæ сыл ауæрста… Мæнæ уын уый та Дæллаг уынгтæ, дæлæ йæ бынмæ – Тæдзæнтæ. Мæнæ уый та у Уæллаг уынгтæ. Ам райгуырд дæ мад, – дзуры Васямæ.

   Мах фæджихау стæм, къæйты уæлæ йæ мад куыд райгуырд? Уый та дарддæр дзуры:

– Дæ мады мад Биазрон уыд, дæ мад лыгъды рæстæджы гуыбыны уыд. Ардæм куы схæццæ сты, уæд йæ арыны афон æрцыд. Уайтагъд ын нымæттæй халагъудгонд ацарæзтой æмæ уым райгуырд дæ мад Ленкъа.

Схæццæ стæм Зигарайы æфцæгмæ. Хъуамæ азилай галиуæрдæм, комкоммæ ахизæн нæ уыд. Йæ разы стыр цъити – бырæнцъаг, стæй скъуыд.

– Фæндаг чи нæ зыдта, уыдонæй ам, – дзуры дарддæр Артен, – бирæ аирвæзт цъитийы скъуыды, сисæн дæр сын нал уыд.

Чысыл фæзбынатгондмæ, куы бахæццæ стæм, уæд æмраст слæууыд йæ сæр йæ риуыл æруадзгæйæ, йæ цæссыгтæ калдысты. Фæзы бирæ дуртæ сагъд, се ʻхсæнты æрдæг метрæй чысыл фылдæр уыдаид, фæрсæм æй:

– Адон цы сты?

– Лигъдон адæмæй бирæтæ схæццæ сты ардæм, баталынг афтæмæй, чердæм ма ацыдаиккой, уымæн дæр ницыуал зыдтой, Джинаты скъæтты дæр нал цыдысты адæм. Ничи сæ уыд хъуыдыгæнæг дæр, стæй талынджы тæссаг уыд, абырджытæ стъыхтой адæмы, сæ уæлæ псултæ дæр-иу сын раластой. Уыд хурхæтæны рæстæг æмæ уæд та къæвдагæнаг вæййы. Йæ къæвдатæй æнæхъæн къуыри нæ банцад, нал сын уыд хæринаг, кæрдæг дæр дзы нал уыд æмæ мæгуыр æфхæрд адæм цагъды кодтой, æмæ сæ ам ныгæдтой, сæ сæрты ʻрдыгæй сын сагътой къæйдуртæ.

***

Æрмæджытæ æмбырд кæныны рæстæджы Уанаты фем-бæлдтæн уæздан лæг Болататы Радейыл æмæ мын радзырдта:

– Козаты Гетта æхсарджын лæг уыд, ацы хуытæ дзы æмризæджы рызтысты. Уанаты мидæмæ фæцæуы. Йæ хъустыл ауад сылгоймаджы цъæхахст, кæуы, æрдиаг кæны. Уый йæ цыд фæтагъддæр кодта. Авд гуырдзиагæй æрцахстой иу сылгоймаджы æмæ йыл тыхæй хæцынц, сылгоймаг цыд куыройæ, хаста ссад дзæкъулы. Сывæрджын сылгоймаджы акъæртт кодтой, зæгъгæ, цы йын уыдаид – лæппу æви чызг. Хъамайы бырынкъæй сывæллон систой æмæ сæ иу хъæр кæны: «Лæппу у, иу та амардтам не знæгтæй».

Сæ бæхтыл сбадтысты æмæ Джеры ʻрдæм афардæг сты. Гетта сæ фæстæ хъуызгæ цыд. Иуран сæгъ рацахстой… Ссыдысты Джеры дзуармæ, сæхицæн фынг æрæвæрдтой дзуары хуылфы, сæ мигæнæнтæ бахизæны бахъил кодтой… Гетта мигæнæнтæ систа æмæ сæ сæхи мигæнæнтæй уым ныццагъта.

Геттайы фæстæ зылдысты, нæхицæй сын фæцис æххуыс-гæнæг æмæ йæ амардтой. Зарæг ма йыл бæргæ скодтой, фæлæ…

Макæ ма, Гетта,

Дæ деда дæ нал федта…

Уанаты рудзгуытæ донæрдæм,

Геттайы мæлæт та бонырдæм!

***

– Лыгъды рæстæджы фæстæмæ куы здæхтысты, уæд Гуфтайы хъæуккæгтæ, – дзуры Джиоты Вара, – аст сылгоймаг æмæ æртæ нæлгоймагæй рахызтысты Дзомагъы ʻфцæгыл. Сæ хъæбысы уыд дыууæаздзыд чызг. Уарыд мит, тымыгъ хаста. Сылгоймæгтæ нæлгоймæгты рарвыстой, цæмæй сывæллон ма амæла, тагъддæр ныххæццæ уой хъæумæ. Лæгтæ сывæллоны хъæумæ дзæбæхæй ныххæццæ кодтой. Фæстæмæ раздæхтысты сылгоймæгты агурæг. Тыхдымгæ лæгты фæд æмбæрзта, сылгоймæгтæ фæндагæй фæиппæрд сты, дон митæмбæрзтæй кæм нал зынд, ууылты бацыдысты, сæ быны уæлæнгай их нытыдта, доны ныккалдысты æмæ уым ныссалдысты. Чызг, Джиоты Лизæ, аирвæзт, æмæ Къуыдаргомы йæ цард ахуыргæнæгæй арвыста.

***

Мæ фыдыхойы лæг Гæбæраты Къола Хеиты цард. 1920 азы сæ куы сырдтой, уæд йæ фыд семæ нæ акуымдта, зæгъгæ, ам гуырдзыимæ æвзæр нæ дæн, семæ хæцгæ нæ кæнын. Къола фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд ма æрæййæфта сыгъд хæдзар, фыд нал разынд. Хæдзары сыгъдæттæ сыгъдæг кæнын куы райдыдтой, уæд Къолайы фыды стджытæ уырдыгæй скалдтой. Уыцы бынаты цы хæдзар сарæзтой уый дæр басыгътой фæстаг хæсты. Фæлæ махæн басæттæн ницæмæй ис, байрагджын бæхау нæм бамыр-мыр кæнынц, æмæ фенхъæлæм: адонæй хуыздæр адæм нæй, уæлдайдæр цæгаты ʻрдыгæй.

Кæм уыдысты нырмæ нæ историктæ, нæ ахуыргæндты фылдæр хай?

«Æфсæрмы» кодтой нæ хистæр «æфсымæртæй». Чи сæ бынатмæ æнхъæлмæ каст, чи та зонадон къæпхæнмæ, чи та-иу дзы йæ чиныгыл разæй бафыста «Къуыдар у Рацъы иу хай». Уый ма зонай, Рацъ йæхæдæг Ирыстоны иу хай уыд. Уыдæтты Ирыстоны мæт нæ уыд. Ирыстоныл æппындæр нæ мæт кодтой йæ къухдариуæггæнджытæ дæр.

Иу рæстæджы нæ хос кæрдынмæ арвыстой Къобетмæ. Нæ палаткæтæ нын сæвæрын кодтой стыр мæсыгæй хидыл рахизæны цур æмæ нын загътой: «Ам кæрдут, Къобеты хъæуы алыварс». Æз Дзауы партийы райкомы 2-аг секретарæн бауайдзæф кодтон:

– Дарддæр нæ арвитут æмæ уым ныккæрддзыстæм. Ацы бынæтты уадз хъæуы цæрджытæ сæхæдæг ныккæрдой.

– Адонæн афтæ хъæуы, æгæр схъæл æмæ схъæздыг сты, – уыд партийы райкомы дыккаг секретары дзуапп.

– Æмæ дын уый хъыг у, хъæздыг куы уой, уæд дзы ды дæр кæм хæбизджын бахæрдзынæ, кæм – дзыкка. Ам адæм куынæ уа, уæд ды районы 2-аг лæг нæ уыдзынæ.

Цыбыр дзырдæй фæхыл стæм. Райдыдтой змæстытæ, куы амбæлдыстæм, уæд йæ фарст уыд:

– Куыд уыдзыстæм?

– Куыд уыдзыстæм, куы æрбаирвæзой, уæд нæ ныццæгъд-дзысты.

Æз ын Къобеты хъуыддаг æрымысыдтæн…

– Дæлейæ нын афтæ дзырдтой æмæ…

Гъе ахæм гæстæ нæм уыд. Æрмæстдæр хъуыды кодтой сæхи хæрзæбоныл.

Адæм фæлмæцыдысты æмæ лыгъдысты. Цымæ уый геноцид нæу?

Моралон æгъдауæй мардтой æцæг патриотты. Æцæг зонадон кусджыты æввахс нæ уагътой. Йæ фыст чингуытæй уырысы уæлдæр ахуыргæнæндæтты кæмæн ахуыр кæнынц, уыдон æввахс нæ уагътой. Цымæ адæттæ геноцид не сты?

Æлборты Роман иу дзырдта Санахъоты Серойы тыххæй:

– Уый уыд уæздан æмæ æцæг зондджын лæг, патриот, арæх æвдыста йæ æнæразыдзинад Къобамæ, обкомы секретарь куы уыд, уæд. Ацыд Мæскуымæ. Домдта Сталинæй, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ æрбаиу кодтаид Хъазбег, Душет, Мцхета, Касп, Гур, Карел, Хашур, Боржом, Сачхерет æмæ Оны районтæ. Гуры районæй нæ иста æртæ гуырдзиаг хъæуы. Фыццаг ныццыдæн ын ратта ахæм дзуапп: «Ацы районтæ æз сымахæн куы раттон, уæд гуырдзы суыдзысты советон хицауадæн цыфыддæр знæгтæ». Дыккаг хатт та ныццыд Таутиаты лæппуимæ. Сталин фæ-сидт Орджоникидземæ, зæгъгæ, националон фарст уымæ хауы. Фæлæ Серо æмæ Сергойы ‘хсæн рауад хыл. Сталин цыма ницы хъусы, уый рацу-бацу кодта йæ хатæны йæ сурдымæн цъиргæйæ. Серго Орджоникидзе ралыгъд кабинетæй… Серо та фæрсы Сталины: «Цæй, цы ми нын кæныс? Адон ирон адæ-мы зæххытæ сты, цæрджытæн сæ 75% ирæттæ сты». Уый йæхи фæбирæгъ кодта æмæ сдзырдта знæтæй: «А что скажет грузинский народ?!» Серо æрæздæхт æмæ йæ уайтагъд систой йæ бынатæй, снысан æй кодтой ахуырады гæсæй. Иу бон мæм фæдзырдта. Ратта мæм иу чысыл чырынгонд æмæ мын загъта: «Ацы чырын ныххæс нæ министрмæ æмæ дæ куы æрвита кабинетæй, уæд-иу зæгъ: «Владимир Аржеваны фырт домдта, цæ-мæй фыццаг письмо мæ цуры бакæнай». Уый письмо райхæлдта, æркаст æм æмæ йæ ратил-батил кæны. «Нæ йæ æмбарын, цы фыст дзы ис». Радта йæ мæнмæ, зæгъгæ ма йæ бакæс. Æз æй кæсын, фыст уыд иронау: «Мæ зынаргъ министр, цал хатты загътон махмæ гуырдзиагау ничи фæрсы æмæ нæм корреспонденци æрвит уырыссагау». Уый худæгæй афæрсыл. Уыд бæрзонд рæсугъд сылгоймаг. Фæсидт йæ хæдивæгмæ. Министр ын дзуры: «Цал хатты дын загътон, Абхаз æмæ Ирыстонмæ фыстæджытæ æрвит уырыссагау». Уый фæхауд цармæ: «Ай у Гуырдзыстон æмæ фыстæджытæ хъуамæ æрвитæм гуырдзиагау». Уый фæстæ Серо бирæ нал акуыста…»

Цæрæнбонты махæн нæ сафджытæ уыдысты нæхиуæттæ. Цы сарæзта махæн Сталин, Сослан-Дауыт? Гуырдзыйæн сарæзтой паддзахад Иры зæххытæй æмæ бæрзæйæ. Тайгайы-иу цъиу куы стахт, уый дæр-иу чи базыдта, уыцы Сталин Ирыстоны цы цыд 1937 азы, уый нæ зыдта?..

Нæ гæстæй бирæтæ уыдысты гуырдзыйы ʻрдæм æмæ нæхи зондджын кадрты æввахс нæ уагътой, алы рæтты ныппырхытæ сты. Цæдисы рæстæгæй Сталины номыл ис уынг æмæ ирон адæмы сæрыл сæхи нывондæн чи хаста, уыдон та рохуаты баззадысты, куыд Коцты Бега, Беджызаты Чермен æмæ бирæ æндæртæ!!!

Уыдис нæм бынатмæ бырджытæ, хæрд æмæ фæллойæ чи не ʻфсæды, ахæм шпионтæ. Искуы сæ исчи æфхæрд баййæфта? Æппындæр ничи! Сисæм ма не скъолаты. Гуырдзымæ сывæллон куы райгуыры, уæд ын йæ сæры магъзы ныннæмынц: «Дон дæр мах у, уæлдæф дæр мах у, цъиутæ дæр мах сты, æппæт адæм махæй рацыдысты», æмæ афтæ дарддæр. Мах та? Сисæм ма ахуыры къабаз!

Æмбарын сын кæнæм, ахуыры къабазы фæстаг 30 азы цытæ æрцыд, уый? Куыд æмбæлы, афтæ нæ.

Уыих фæуат газет «Хурзæрин»-ы №18–20 номырты Елбачиты лæппу цы фыста, уый ма сын уæддæр бакæсут!!!

Мах фысæй æмæ лобиайы къусæй асламдæрыл цæмæн исчи хъуамæ нымайа, сæхæдæг далысты аргъ дæр куы нæ сты… нæ кæддæры æххуырстытæ… Нæхæдæг нæхи дæлæмæ цæмæн уадзæм?! Адæм куы стæм!

Нæма бафсæстыстæм нæ бухарайаг худтæ, бæрцытæй, хъаматæй, стыр сыкъатæ æмæ кувæндæттæй æппæлынæй?!.

ДЗАБИТЫ Зарбег

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.