Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта телерадиокомпани «Ир»-ы кусджыты.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист»-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы директор Чилæхстаты Георги æмæ «Ног хабæрттæ» амонæг Гаглойты Каринæйæн.

Телеканалы бирæ азты чи кусы, уыдон Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 100 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны кады грамотæтæ  æмæ бузныджы фыстæджытæй.

«Мæ бон у зæгъын, абоны бон нæ республикæйы телерадиокомпани «Ир» кæй у информацийы ахсджиаг гуырæн. Сымах фæрцы хуссарирыстойнаг телевизормæкæсæг исы объективон информаци, Хуссар Ирыстоны æмæ йæ арæнтæй ахизгæйæ цы цæуы, уый», – загъта уый.

 «Бузныг, телерадиокомпани «Ир»-ы сырæзты райдианты чи лæууыд республикæйы зын рæстæджыты, уыдонæн. Уыдоны хайбавæрдæн зын у саргъ кæнын», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Сæхи рады,   телерадиокомпани «Ир»-ы кусджытæ бузныджы ныхæстæ загътой паддзахады сæргълæууæгæн йæ хъусдарды æмæ сын сæ архайдæн кæй саргъ кодта, уый тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.