Коронавирусæй нæ республикæйы цæрджыты бахизыны нысанæн, фæсарæнтæй, Уæрæсейы алы регионтæй Хуссар Ирыстонмæ чи цæуа, уыдон хъуамæ фехъусын кæной ахæм телефонтæй 8 929 810 6096 æмæ 8 929 805 88 96 «Югосетпотребнадзор»-ы хъусынгæнинаджы куыд загъдæуыд, афтæмæй нæ республикæйы абоны бон медикты цæстдарды бын сты 18 адæймаджы, кæцытæ æрцыдысты ахæм бæстæтæй, цыран сбæрæг коронавирусæй фæрынчынуæвджытæ. Уыдонæй æхсæз адæймаджы ныртæккæ дæр сты стационарон карантины, иннæтæ та хæдзарон карантины.

«Югосетпотребнадзор» æрсидт не ‘мбæстæгтæй Уæрæсейы Федерацийы регионты уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæны, уыцы студенттæм, цæмæй сæ ныййарджытæм куы æрцæуой, уæд уой хæдзæртты æмæ уынгмæ ма хизой.

Дыууæ къуырийы сæ карантины дардзысты сæ хæдзæртты. Æхсæнадон алыгъуызон мадзæлттæ дæр хаст æрцыдысты фæстæдæр æмгъуыдмæ. Уымæй размæ та, Президенты барамындмæ гæсгæ, скъолатæ, сабиты рæвдауæндæттæ æмæ æндæр ахуыргæнæндæттæ æхгæд æрцыдысты.

Фæткмæ гæсгæ Ручъы арæны цы пост ис, уым мидæмæ цæуджытæн хъуамæ барой сæ буары тæвд. Нормæйæ уæлдæр кæмæн уа йæ тæвд æмæ æхснырсæджы миниуджытæ йæхимæ чи æнкъара, уыдонмæ хъуамæ уа уæлдай тынгдæр медицинон хъусдард. Хæдзарон уавæрты уыдон хъуамæ хъахъхъæной карантины нормæтæ æмæ сæм уырдæм сæ хъус дарой медицинон кусджытæ, сæ фадыгон дохтыртæ. Куыддæр сæ зæрдæ фехсайа, афтæ конд æрцæудзысты стационармæ.

Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрадæн хæс æрцыд, цæмæй фæсауæрц кæной дезинфекци æмæ хи бахъахъхъæныны тыххæй сæрмагонд медицинон хостæ.

Кæд æмæ уæддæр нæ республикæйы рабæрæг уой коронавирусæй рынчынтæ, уæд цы мадзæлттæ исдзæн æмæ куыд цæттæ у Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрад уый тыххæй сæ пресс-секретарь Битеты Иринæ афтæ зæгъы: «Республикæйы медицинон уагдæттæ цæттæ сты коронавирусы ныхмæ тохмæ. Рынчындоны ис 340 сынтæджы, куы бахъæуа, уæд та спайда кæндзыстæм районты цы рынчындæттæ ис, уыдонæй дæр. Уым кæд эффективонæй нæ бон нæ цæуа хос кæнын, уæд сынтæджытæ раласдзыстæм республикон рынчындонмæ. Инфекцион рынчындонæн дæр ис ахæм фадæттæ, уым дæр сæрибарæй уыцы иурæстæджы схосгæнæн ис 100 адæймагæн». 

Пресс-секретарь ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы ис рæуджыты вентиляцийы аппараттæ, кæцытæ ахъаз уыдзысты коронавирусы пневманийæ чи тыхса, уыцы уæззау рынчынтæн.

Мах ма цымыдис кодтам, ныртæккæ цы уавæры сты горæты аптекæтæ, медицинон препараттæ æмæ маскæтæй куыд ифтонг сты. Афтекты нæй медицинон маскæтæ, фæлæ ОРВи-йы рæстæджы цы хостæй пайда цæуы, уыдонæй ифтонг сты. Æцæг, ранæй-рæтты дыууæ боны размæ нæ горæты ажиотаж куы уыд продукттæ æлхæныны хъуыддаджы, уæд аптекæты дæр цалдæргай къоппытæй æлхæд æрцыдысты хостæ. Маскæты хъуагдзинад та аптекæты хицæуттæ бæттынц УФ хицауады барамындимæ, ома, Уæрæсейы территори-йæ æддæмæ нæй медицинон маскæтæ ласыны бар.

Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы территорийыл уæвынад кæны Сырх Дзуары Дунеон Комитет. Уый бадзырдмæ гæсгæ ласы уæззау рынчынты Гуырдзыстоны медицинон уагдæттæм. Ацы комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон, раздæрау, æххæст кæнынц сæ архайд. Фæлæ бæрндзинад нæ хæссынц сæ дардæры хъысмæты тыххæй фæстæмæ æрбахизгæйæ: «Мах рынчын куы æрласæм, уæд Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кæны, бакæной йæ карантины, æви нæ. Махæн ис бадзырд «Югосетпотребнадзор»-имæ, кæцымæ гæсгæ нын дезинфекци кæнынц нæ машинæтæ», – зæгъы Срых Дзуары æхсæнадимæ бастдзинæдты хайады хистæр Тедеты Маринæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.