Дзауы районы Æхслебы хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары райгуырд Цхуырбаты Митъуш. Йæ фыд Никифор службæ кодта Хуссар Ирыстоны фыццаг партизанон бригадæйы æмæ йæ бинонтæ иудадзыг уыдысты гуырдзиаг меньшевикты æфсады тасы бын.

1920 азы июны уыдон Хуссар Ирыстоны зынджы хай куы кодтой, уæд авдæндзыд Митъушы мад Оличкæ æндæр лигъдæтты къордимæ лыгъд цæгаты ‘рдæм. Афтæ æмæ зæгъæн ис, уыцы уæззау ду-джы фыдхъизæмæрттæ кæй бавзæрста дзидзидайæ.

Фæлæ аивгъуыдтой уыцы фыдбонтæ. Фæстæмæ æрæздæхгæйæ, 1929 азы Цхуырбаты Митъуш бацыдис Дзауы астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæцис 1939 азы. Уыцы аз бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты физикæ-математикæйы факультетмæ. Уыцы рæстæджы ахуыргæнæгæй  акуыста Дыууæдонастæуы хъæуы райдиан скъолайы. Стæй йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм.

Службæ кодта Прибалтикæйы æфсæддон окруджы, уыдис цæвиттойнаг хæстон, ссис снайпер, 1940 азы активон хайад райста эстойнаг капиталистты бандæты ныхмæ тохты.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы Цхуырбайы фырт цы полчы службæ кодта, ууыл горæт Тартумæ хæстæг фашистон хæдтæхджытæ æркалдтой бомбæтæ. Фæстæдæр полкыл æрхъула кодта знаджы десант, фæлæ хъæбатыр хæстонтæн цалдæр боны мæлæтдзаг тохы фæстæ, бантыст йæ атонын. Æнæхъæн полкæй ма фашистты æрхъулайæ аирвæзт 50 хæстоны бæрц. Уыдонимæ уыд хистæр сержант Цхуырбаты Митъуш дæр.

Цхуырбаты Митъуш цы полчы службæ кодта, уым ма Дзауы комы лæппутæй уыд цыппар. Уыдон иууылдæр æрхъулайы рæстæджы хъæбатырæй фæмард сты. Уыдон тыххæй Митъуш йæ иу фыстæджы йæ фыдмæ фыста: «Æндæр ницæмæ бæллын, фæлæ мын мæ хæстон æмгæртты туг райсын куы бантысид!» 1941 азы 13 сентябры Ленинграды цур тохты Митъушы взводы командир фæмард æмæ Цхуырбайы фырт, йæ иу къухы пистолет, иннæйы – гранат, афтæмæй фæгæпп кодта æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта: «Взвод, хъус мæ командæмæ! Размæ, тохмæ! Ура!!!» Хæстонтæ знаджы фæстæмæ аппæрстой, фæлæ хъæбатыр иронæн уый уыд йæ фæстаг тох: цыппар уæззау цæфы фæцис, афтæмæй бахауд Ленинграды 80-æм эвакуацион госпиталмæ. Дохтыртæ ма бæргæ архайдтой хъæбатыр хæстоны мæлæты дзæмбытæй байсыныл, фæлæ сын нæ бантыст.

1942 азы 22 марты ленинградæгтæ стыр цытимæ Пискаревы уæлмæрды  бавæрдтой 72 хъæбатыр хæстоны. Уыдонæй сæ иу уыд Цхуырбаты Митъуш. Сæ амæлæты фæстæ сæ схорзæхджын кодтой «Ленинград хъахъхъæныны тыххæй» майдантæй. Ацы уæлмæрды раз ленинградæгтæ сарæзтой хъынцъымгæнæг мады цырт. Уым 9-æм майы вæййы æфсæддон салют.

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.