(М.Горькийы райгуырдыл сæххæст 150 азы)

Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Горький йæ сабион бонтæй йæ амæлæтмæ. Йæ фæндæгты тыххæй иу хатт афтæ фыста: «Хождение…. по Руси было вызвано не стремлением ко бродяжничеству, а желанием видеть, где я живу, что за народ вокруг меня?..».

Æнæзонгæ йын нæ уыд Кавказ дæр æмæ алы хатт дæр йæ фæндаг уыд Цæгат Ирыл. Æнæрахатгæ нæ фæцис Иры цардуаг, ирон лæджы удыгъæд, сæ уазæгуарзондзинад, стæй уæд йæ кæлæнгæнæг æрдз. Ахаста йæ цæст æппæтыл дæр æмæ загъта: «Гæнæн ис æмæ зæгъон, ацы бæстæйы æрдзы æгæрон рæсугъддзинад æмæ йæ адæмы романтикон фæлмæн удыгъæд, ацы дыууæ тыхы бах-хуыс кодтой хæтаг лæгæй литератор саразынæн».

Ирон адæм Горькиимæ базонгæ сты, сывæллон ма куы уыд, Алексей Пешковы ном æмæ мыггаг куы хаста, фæхæцæг ыл куы нæ ма уыд, уыцы рæстæгæй. Уый та уыдис 1891 азы. Æвзонг лæппу рараст Дæллаг Новгородæй, уыдис Хъырымы, Кубаны областы, æрбахæццæ Беслæнмæ. Уый уыдис ахæм рæстæг, куы цыдис арæзт æфсæнвæндаг Петровскмæ (Махачкаламæ). Базонгæ ирон лæппутимæ. Æвзонг лæппуйы райстой куыстмæ, хъахъхъæдта кусджыты æфтауцдон. Цасдæры фæстæ йæ иу лæппу акодта йемæ Алагирмæ. Алексей уым арвыста йæ сæрдыгон бонтæ, хызта иу хъæздыг лæджы фос. Уæд базонгæ бæстондæр Иримæ, сæ зæрдæйы уагимæ, уыдон та бæлвырдæй разындысты йæ радзырдтæ: «Ме ‘мбæлццон», «Комы» æмæ «Дыууæ дзæгъæлдзу» -йы.

Йæ очерк «Æцæгæлон адæм»-ы кæны ирон лæгау-лæг Башкайы кой. Йемæ базонгæ æфсæнвæндаджы куысты, банымадта йæ диссаджы лæгыл.

Зæрдæрыстæй каст Алексей Гуры æрцæ-уæг егъау трагедимæ. Сæрибаруарзаг лæппутæ æрцыдысты ахст, æрцыд сын марыны тæрхон, уымæй дæр ауындзгæйæ адæмы раз. Уыцы æгъатыр хъуыддаг цы уавæрты цыд æххæст, куыд дардтой сæхи дзыл-лæйы хурхыл хæцджытæ, цы додойаг уавæры уыдысты адæм, уыцы сценæмæ кæсгæйæ ныффыста очерк «Кавказаг абырджытæ».

М. Горькийæн уыдон абырджытæ нæ уыдысты, уыдысты рæстдзинады сæрыл дзурджытæ, абырджытыл та сæ нымадтой уæды хицæуттæ, сæ марджытæ.

Максим Горький æмæ Ирыстон тынг егъау æмæ вазыгджын фарст у. Абоны фæлтæрæн та зонинаг сты М.Горькийы ном, йæ царды фæндæгтæ, йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ. Уыдон та уыдысты дæрзæг æмæ дурджын, уынгæг æмæ нарæг, тухи æмæ фыдæбоны фæндæгтæ.

М. Горькийы мæгуырдзинады фæндæгтæ махмæ диссаг нал кæсынц, уымæн æмæ уыдон Иры зæххыл æлдариуæг кодтой. Нæ ирон фысджытæй чи уыд царды рæсугъд фæндæгтæй хайджын – иу дæр нæ! Цал ирон фыссæгмæ æрхауд хæтæнхъуаг царды фæндæгтæ. Горькийы хъысмæт дæр махты хъысмæтты хуызæн кæй уыд, уымæн æй æввахс æрбайстой сæ зæрдæмæ ирон адæм. Йæхи хуызæн адæмыл кæй сæмбæлд, уый та Горький айста æввахс йæ зæр-дæмæ æмæ канд хуымæтæг адæм нæ, бирæ ирон фысджытимæ уыд зонгæ. Уый дын: Гатуты Дзахо, Голоты Владимир, Нигер, Косыраты Сæрмæт, Фæрнион Къоста, Дзесты Куыдзæг. Хорз зонгæ уыд экономикон зонæдты дохтыр Абайты Ладиимæ. Сæ фылдæримæ М. Горький базонгæ 1934 азы советон фысджыты I съезд куы уагъта, уæдæй.

Нæ бантыст М. Горькийæн лæгæй  лæгмæ Къостаимæ базонгæ уæвын, фæлæ йын йæ уды гъæд æмæ сфæлдыстадон    бынтимæ, хорз зонгæ кæй уыд, уый тыххæй фыста: «Я знаком главным образом с поэтическим творчеством К.Л. Хетагурова… Это замечательный поэт, творчество которого трогает человека социальной правдивостью и душевными, четко оформленными стихами».

Ирыстоны разагътайы фæлтæр, нæ куырыхон фысджытæ: Мамсыраты Дæбе, Плиты Грис, Дзесты Куыдзæг, Тыбылты Алыксандр, Гатуты Дзахо, Уырыймæгты Езетхан, Хъуылаты Сикъо, Боциты Барон, Дзаттиаты Тотырбег æмæ æндæртæ. М.Горькийы нымадтой сæ ахуыргæнæгыл. Уыдонæй сæ иу, зынгæ ирон фыссæг, Дзаттиаты Тотырбег афтæ загъта: «…я писал под непосредственным влиянием рассказов А.М. Горького. Моей всегдашней мечтой было и есть создание типов, характеров, образов, по глубине и яркости хоть сколько  нибудь похожих на горьковские. Я не жалел сил для изучения горьковской творческой лаборатории, его непревзойденного мастерства художника слова, и я не был первым из осетинских писателей, кто стремился к этому».

М.Горькийы сфæлдыстадимæ рагæй сты хорз зонгæ ирон интеллигенци, не скъоладзаутæ, нæ студенттæ. Йе сфæлдыстад ын кæсынц куыд уырыссагау, афтæ сæ ма-дæлон æвзагыл дæр. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ ирон æвзагмæ рагæй цæуы тæлмацгонд М.Горькийы сфæлдыстад.

Нырма уал уый, æмæ 1948 азы ирон æвзагмæ тæлмацæй хицæн чиныгæй мыхуыры рацыдысты М.Горькийы уацмыстæ. Ацы ахсджиаг хъуыддагыл зæрдæбынæй бакуыстой: Коцойты Арсен, Нигер, Нафи, Дзугер, Ардасенты Хадзыбатыр.

Ирон адæм сæ революцион тохы фæндагыл цæугæйæ, стыр хæзнайыл нымадтой М.Горькийы «Мад»-ы, «Уари зарæг»-ы, стæй уæд «Уадфидиуæг»-ы зарæджы дæр. Æгæрыстæмæй, «Уари зарæг» ирон æвзагмæ тæлмац æрцыд 1909 азы Мамиттаты Степаны къухæй.

Ирон сценæ, ирон театр аууоны нæ ныу-уагътой М.Горькийы драматургийы. Нæ сценæйыл æвæрд æрцыдыстыт йæ пьесæтæ: «Царды бын», «Васса Железнова», «Егор Булычев æмæ æндæртæ», «Знæгтæ» æмæ а.д. Уыдонимæ иумæ, М.Горькийы уацмыстæй бирæтæ рацыд ирон æвзагмæ тæлмацæй хицæн чингуытæй дæр, куыд роман «Мад», радзырдтæ «Челкаш», «Фыды фыд Архип æмæ Ленкæ», «Растад Перьмы», «Макар Чудра», «Коновалов», «Зæронд ус Изергиль» æмæ æнд.

Нæ поэттæй бирæтæ ссардтой М.Горькийы ном. Уыдон та сты: Хозиты Яков, Хъазбегты Хъазбег, Плиты Грис, Хъайтыхъты Геор æмæ æндæртæ.

Максим Горький уырысы литературæйæн чи уыд æмæ у, уый бæлвырд у, фæлæ махæй ма хъуамæ уа рох, М.Горький йæ хъус бæстон кæй дардта Цæдисон Республикæты литературæты рæзтмæ дæр, уæлдайдæр иры хуызæн къаннæг литературæты рæзтмæ. Уыцы хъуыддаг та бæлвырдæй зыны, 1928 азы Ромен Ролланмæ цы фыстæг фыссы, уым. Загъдæуы дзы: «Целая новая литература создается у народов Кавказа, у черкесов, у осетин, а также у казанских татар».  (кæс газ. «Правда» 1928, 23 май).

М.Горькийы зæрдæмæ тынг фæцыдысты Дзахойы «Зелимхан» æмæ «Мæхъæлæт-тæ», фыста йæм, домдта дзы, цæмæй рæстæгыл кæронмæ фыст фæуа йæ зынгæ уацмыс «Гага-аул».

М.Горькийы сфæлдыстад æнæхъæн денджыз у, бирæ адæмтæ йыл загътой сæ хъуыдытæ.

Иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд ныхас ирон адæмы ‘рдыгæй дæр Горькийы лæджыгъæд æмæ куырыхондзинадыл. Рæстæггай йыл сæрмагонд уацтæ ныффыстой Тыбылты Алыксандр, Нигер, Нафи, Сабайты Сулейман æмæ æндæртæ.

Уадз абоны рæзгæ фæлтæр зоной,  чи уыд М.горький канд Уæрæсейы нæ, фæлæ дунейы литературæйы аренæйы дæр.

Горький уыдис йæ литературон псевдоним. Йе цæг мыккаг уыд  Пешков, Алексей йæ ном, йæ фыды ном Максим. Райгуырдис 1868 азы Дæллаг Новгороды. Йæ фыд уыдис мæгуыр-хъæддæсны куыстгæнæг. Мæгуыр, хъуаг бинонтæ, саби хорзæй ницы уыдта хæдзары æмæ схауæггаг, зылдис Уæрæсейы къуымты. Йæ царды уаг, йæ фыдæбæтты фæндæгтæ фæстæдæр фæфыста йæ трилоги «Детство», «В людях», «Мои университеты»-йы.

Йæ зын фæндæгтæ йæ æркодтой революцион тохмæ, Уарийы зарæгмæ, хорз зонгæ уыд Ленинимæ, бирæ скъæрæнты бахауд, бирæ дудгæбæттæ федта, фæлæ цудгæ никуы фæкодта, цыдис сыл размæ, фыста сыл алыгъуызон уацмыстæ. Максим Горький бæрзонд систа Уырысы пролетарон литературæ, ссис йæ бындурæвæрæг, уый руаджы сырæзт Советон Фысджыты Цæдис (1934).

М.Горькийы литературон бынтæ: «Фома Гордеев», «Мать», «Враги», «Жизнь Мотвея Кожемякина», «Дело Артамоновых», «Егор Булычев и другие», «Мещане», «Городок Окуров», «Жизнь Клима Самгина» æмæ бирæ æндæртæ дзурæг сты Горькийы дунембарынадыл, йæ рæстагон хъуыдытыл, йæ дисса-джы сагъæстæ адæмы цард æмæ дарддæры уавæрыл.

Амард 1936 азы 68 аздзыдæй, ныгæд æрцыд Мæскуыйы Сырх Фæзуаты. 1951 азы та йын Мæскуыйы æвæрд æрцыд стыр цырт.

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны   сахарты дæр ис Горькийы номыл уынгтæ, бирæ рæтты æвæрд æрцыдысты йæ бюсттæ.

Плиты Гацыр,

Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.