26 августы Хæдбардзинад банымайыны боны цытæн бирæ бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд æрцыдис, афтæ ма нæ Республикæмæ алы рæттæй æрцыдис делегацитæ дæр. Цæгатирыстойнаг, хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы сæргълæууæг Хъуысаты Амырхан афтидармæй не ‘рцыд Хуссар Ирыстонмæ ахæм ахсджиаг боны. Уый йæ фондæй ардæм æрласта алыгъуызон хъæугæ дзаумæттæ, – медицинон ифтонггæрзтæ республикон рынчындонæн æмæ уæлæдарæс æвæрæз бинонты сывæллæттæн. Хъуысаты Амырхан куыд банысан кодта, афтæмæй хæрзаудæн фонд уæвынад кæны ныр 9 азы æмæ ардæм арæх бахатынц æххуысмæ канд Уæрæсейы территорийы цæрæг адæм нæ, фæлæ ма хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ дæр.

«Махæн уæлдай нæу, тыхст адæймаг хуссарæй у æви Цæгат Ирыстонæй, – алы хатт дæр ын баххуыс кæнæм æмæ уыцы цауæй диссагдæр никуы сарæзтам. Нырæй фæстæмæ дæр æххуыс кæндзыстæм алкæмæн дæр. Абон та æрластам дыууæ параподиумы (параподиум у реабилитаци скæнынæн техникон дзаума, кæцыйы фæрцы рынчынæн йæ бон вæййы æнæ искæй æххуысæй цæуын йæхи къæхтыл æмæ ма йын сфидар кæны йæ зæнджы хæцъæфтæ) – иу дзы хъомыл адæй-магæн у, иннæ та – сывæллонæн. Ис ма нæм инвалидон каляскæтæ, туаггуыры концентратор, аспиратор (электронон æнцъирæн аппарат, кæцы стыр æххуыс у хирургон операциты æмæ алыгъуызон хосгæнæн процедурæты рæстæджы). Уымæй уæлдай ма ног ахуыры азы райдианы æрлæудмæ 50 скъоладзауæн æрластам ахуыргæнæн дзаумæттæ, 30 сывæллонæн – зымæгон дзабыртæ æмæ бирæ æндæр канцелярон товартæ», – загъта Хъуысаты Амырхан.

«Æз мæхæдæг дæр дохтыр дæн, – Цæгат Ирыстоны кусын сывæллæтты паддзахадон реа-билитацион центры хистæрæй. Уымæ гæсгæ зонгæ дæн мæ коллегæтимæ æмæ ма баххуыс кæныны хъуыды кæмæ вæййы, уыдонимæ. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Бибылты Анатолийæн, кæцы, суанг ма Парламенты Сæрдар куы уыд, уæдæй абонмæ æххуыс кæны фæсивæдæн куыд хуссары, афтæ цæгат хайы дæр. Бирæ хъæугæ мадзæлттæ нæм æххæст æрцыдысты Бибылты Анатолийы фæрцы», – банысан кодта Хъуысаты Амырхан.

Уазджытæ ма бабæрæг кодтой сывæллæтты поликлиникæ дæр, базонгæ сын сты сæ куысты уавæртимæ æмæ сын баныфсæвæрдтой, кæй сæм фæкæсдзысты медицинон лæггæдтæ ноджы бæрзонддæр æмвæзадыл бакæнынмæ. Бæлвырдæй та – æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæ самал кæндзысты сывæллæтты реабилитацион центрæн æмæ-иу уыцы пациентты нал бахъæудзæн Уæрæсемæ ацæуыны сæр, – фидæны алыгъуызон процедурæтæ аразынæн уыдзæнис ам, бынаты сæххæст кæныны фадат.

 

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.