Хуссар Ирыстон сӕ фӕндон равдыстой ӕмӕ ноджыдӕр ӕвдисынц, сӕ фидӕн Уӕрӕсейы сконды кӕй уынынц, уый бафидар кодтой, 1992 азы 19 январы ӕмӕ уый фӕстӕ референдумты рӕстӕджы.

«Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры фӕзуаты Мӕскуыимӕ цы видеобастдзинад организаци ӕрцыд, уым йӕ хайадисджытӕ уынаффӕ кодтой, Хуссар Ирыстонӕн 1992 азы цы референдум уагъд ӕрцыд, уый фӕстиуджытыл. Уӕд цӕрджыты 99,9 процент рахӕцыдысты Гуырдзыстонӕй рахицӕн ӕмӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны æвварс.

Мадзалы Хуссар Ирыстонӕй хайад райста ХИПУ-йы ректор, профессор Тедеты Вадим, Уӕрӕсейы студийы хайадисджытӕ та уыдысты Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Гобозты Вячеслав; историон зонӕдты кандидат, евро-атлантикон ӕдасдзинады центры ӕмӕ Мӕскуыйы дунеон ахастыты паддзахадон институты ӕхсӕнадӕмон иртасӕнты институты сæйраг зонадон кусӕг Сергей Маркедонов ӕмӕ Хӕдбар Паддзахадты Ӕмхӕларады Кавказы бӕстӕты институты хайады къухдариуӕггӕнӕг Владимир Новиков.

1992 азы цы референдум уагъд ӕрцыд, уый фӕстиуджытыл дзургӕйӕ, РХИ-йы Президенты уынаффӕгӕнӕг Гобозты Вячеслав банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны адӕм цы фӕндон равдыстой, уымӕн ӕмгъуыд нӕй. Уӕды референдумы цы дыууӕ пунктӕн хъӕлӕс кодтой – Хуссар Ирыстонӕн хӕдбар паддзахады статус радтын ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерациимӕ баиу кӕныны ахсджиаг хъуыддагӕн зынгӕ бынат ис ирон адӕмы историйы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕндӕр референдумтӕн нӕй ахæм тых, цӕмӕй бандавой уыцы документы юридикон тыхыл. Уый у, хӕдбар Республикӕ Хуссар Ирыстоны барадон системӕйы дихгӕнӕн кӕмӕн нӕй, уыцы скондон хай ӕмӕ йын ис ӕппӕт юридикон бындуртӕ, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ баиу кӕныны процесс цыфӕнды рӕстӕджы дӕр райдайа. Уый та баст у ӕмбӕлон политикон уынаффӕ райсыныл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕндӕр паддзахады скондмӕ бацӕуын нӕй гӕнӕн, ахæм хъуыддагмӕ уыцы паддзахад цӕттӕ куы нӕ уа, уæд.

Зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ног азы агъоммӕ йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы кӕй банысан кодта, бӕстӕйы къухдариуӕгад цӕттӕ кӕй у Уӕрӕсейы Федерациимӕ цыфӕндыхуызон интеграцимӕ – йе скондмӕ бацӕуынӕй суанг цӕдисон паддзахад суӕвынмӕ.

«Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ахастыты иу кӕнӕ иннӕ хуыз барадон хъуыддаджы реализаци кӕнын фылдӕр баст у политикон фактортыл. Йӕ кӕройнаг фӕстиуӕг ахъазгӕнӕг ӕмӕ ӕмных хъуамӕ уа дыууӕ фарсы национ интерестӕн», – банысан кодта паддзахадон уынаффӕгӕнӕг.

Бӕстӕ райрӕзын кӕнынӕн ис цалдӕр фадаты

Уыцы хъуыды видеобастдзинады рӕстӕджы загъта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим. Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуынӕй ӕмӕ рӕзты хӕдбар фӕндагӕй дарддӕр ӕркӕсын хъӕуы нӕ республикӕйы Цӕдисон паддзахады скондмӕ бакӕныны вариантмæ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм уавӕры Хуссар Ирыстон Уӕрӕсе ӕмӕ Беларусиимӕ уыдзӕн иунӕг паддзахады сконды, фӕлӕ баззайдзӕн дунеон барады хисӕрмагонд иуӕгӕй.

Хуссар Ирыстон цӕмӕй дарддӕр рӕза ӕмӕ размӕ цӕуа, уый тыххӕй Гуырдзыстонӕй хъӕуы ӕрдомын, цы ныппырх кодта, уыдон хӕрдзтӕ бафидын ӕмӕ ӕдасдзинады гарантитӕ радтын: «Ӕнӕмӕнгдӕр, агрессоры хъӕуы бахӕсджын кӕнын, цӕмӕй Хуссар Ирыстонӕн цы зиӕнттӕ ӕрхаста 1989-2008 азты хӕстон архӕйдтыты фӕстиуӕгӕн, уыдон бафида. Ӕдасдзинады гарантиты тыххӕй та къухтӕ æрфыссын хъӕуы, Гуырдзыстон тыхӕй кӕй нал спайда кӕндзӕн, уыцы сразыдзинадыл ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы бартӕ банымайын», – дзырдта Вадим.

Историон зонӕдты кандидат Сергей Маркедонов куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ 1990 азы Гуырдзыстоны къухдариуӕгад цы уынаффӕ райста Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы автономитӕ аивыны тыххæй, уый ссис Цхинвал ӕмӕ Тбилисы ӕхсӕн хъаугъа ӕруадзыны сӕйраг аххосаг. Уым ма, зӕгъгӕ, ахсджиаг нысаниуӕг ис адӕймагон факторӕн дӕр.

Сергей Маркедонов ма дзырдта Хуссар Ирыстоны паддзахады рӕзты уавӕртыл. Ахӕм бӕстӕтӕн ис рӕзты цалдӕр фæндаджы – Косовойы   вариант   равзарын кӕнӕ ӕндӕр паддзахады скондмӕ бацӕуын.

Эксперты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ахастытыл дзургӕйӕ, дыууӕ бӕстӕйы интеграцийы ӕмвӕзад у бӕрзонд. Банысан кодта, Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы Федерацийы скондмӕ бацӕуыны процессыл тагъд кӕнын кӕй нӕ хъӕуы.

Дыккаг фронт бакӕнынӕй бахизын

Историон зонӕдты кандидат Владимир Новиковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ Уӕрӕсейы Федерацийы скондмӕ Хуссар Ирыстоны бакӕнын уӕрӕсейаг паддзахады интерестӕм нӕ хауы, уымӕн ӕмӕ уый ӕркӕндзӕн Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фӕлгӕтты дыккаг фронт бакӕнынмӕ. Гуырдзыстоны фӕивдзӕн мидӕггагон политикӕ, Уӕрӕсейы ныхмӕ расиддзысты хӕст. Ӕмбарын ма хъӕуы иу хъуыддаг, ӕмӕ Гуырдзыстон ныртӕккӕ кӕй у Уӕрӕсейы иу «чысыл рудзынг», кӕцыйы руаджы коллективон Скӕсӕны санкциты иувӕрсты хизы.

Эксперты хъуыдымӕ гӕсгӕ, дыккаг фронт бакӕнынӕй фылдӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн Хуссар Ирыстон. Уымӕ гӕсгӕ уымӕн ӕруадзӕн нӕй.

Видеобастдзинады хайадисджытӕ ма сӕ хъуыдытӕ дзырдтой уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытӕ ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.