Дунейы ног коронавирусон инфекцийы рапарахатæй фæстæмæ Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл дунеон дискусситæ уагъд цæуынц дæрддзæгмæ. Ацы дискусситы куысты ахсджиагдзинад уый мидæг ис, æмæ Хуссар Ирыстонæн у дунеон æмвæзадыл иунæг бадзырдтыты фæзуат. Пандеми бирæ къуындæгдзинæдтæ бахаста дунейы алы бæстæты цардархайдмæ, иуварс дзы нæ аззадыстæм мах дæр. Карантинон мадзæлттæ хъахъхъæныны нысанæн ацы дискусситы раундтæ уагъд нал æрцыдысты Женевæйы, фæлæ æмсæрдæрттæ видеобастдзинады руаджы уынаффæ кæнынц дискусситы фæлгæттæм хауæг фарстытыл.

Фæсконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат ахæм бастдзинады руаджы уынаффæ кодта Женевæйы дискусситы ЕÆÆО-йы минæварады шведаг минæвар Анника Седеримæ.

 Хуссар Ирыстоны фарсæй ма ацы мадзалы хайад райстой Æххæстбарджын минæвары хæдивæг, механизмты куысты хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Коцты Егор æмæ бæстæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусæг Уалыты Маринæ.

Видеобастдзинады руаджы уынаффæ цыд Женевæйы радон дискусситæм бацæттæ кæнынимæ баст фарстатыл. Дискусситы радон раунд ауадзын план цæуы ацы аз марты мæйы кæронмæ. Йæ хайадисджытæ ноджыдæр банысан кодтой Женевæйы дискусситы фæлгæтты архайæг Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл æмæ «Тæвд хахх»-ы куысты позитивон нысаниуæг. Иу хъуыдымæ æрцыдысты æввахс рæстæджы механизмты фæлгæтты радон фембæлд ауадзыны æнæмæнгхъæуæг фарсты фæдыл.

Дзырд ма цыд гуманитарон нысаниуæджы фарстытыл, уыцы нымæцы, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæгæй сæфт чи сты абоны онг дæр, уыдоны хъысмæт сбæрæг кæныныл. Ацы хъуыддаджы фæрстæ æвæрццаг нысаниуæг скодтой Сырх Дзуары Дунеон Комитетимæ æмгуыстадæн.  Коронавирусы пандемийы уавæртæм нæ кæсгæйæ, Сырх Дзуары дæлбар цы Æртæфарсон координацион механизм архайы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæныны фæдыл, уый æввахс рæстæджы активонæй адарддæр кæндзæн йæ архайд.

Нæ уацх

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.