Гарзджын конфликтты историйы алыхатт дæр вæййы нысаниуæгджын цаутæ. Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы уыдон сты Зары  æмæ Ереды трагедитæ æмæ æндæр трагикон цаутæ.  Хуссайраг ирæтты фыццаг геноцид баст у 13 коммунары фехсыны фактимæ.

Абон, 20-æм июны 103 азы æххæст кæны 1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ 13 Коммунары æгъатырæй куы фехстой æмæ Згъудеры къуылдымыл ирон туджы зæйтæ куы рауагътой, уыцы боныл. 1920 азы 20 июнь ирон адæмы историйы фыстæй баззад æнустæм. Кæд 103 азы рацыд уыцы æнамонд бонæй, уæддæр ирон адæмæй макуы хъуамæ ферох уой цæрæнбонты цыфыддæр знаджы æгъатыр æмæ сырдон митæ.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрыл змæлды хайадисджыты куыд фехстой, ууыл бирæ фыст æрцыд, сæ нæмттæ дæр зындгонд сты. Фæлæ алчи нæ зоны марджыты нæмттæ æмæ фыдракæнды цаутæ. 13 коммунары фехсыны тыххæй хъуыддагмæ фыццаг хатт æркастысты 1921 азы 5 декабры. Фæдагуырд уагъта гуырдзиаг уæлвæткон комитеты фæдагурæг Александр Гинкулов. Фæдагуырды бын уыдысты 20 адæймаджы, ноджы  12 та уыдысты лыгъд. Аххосджынтæй уыцы рæстæгмæ фондзæй удæгас нал уыдысты. Дыккаг фæдагуырд уыд 1923 азы марты мæйы. Фæдагурæг Захарий Машкевич аххосджынтæй сбæрæг кодта æхсты цауы удæгас хайадисджыты: Гогия Касрадзе, Сандро Гогиновы, Кокойты Давид æмæ Илья Майсурадзейы. Уголовон хъуыддаджы минутгай æвдыст цæуы 13 коммунары трагеди.

12 июны гуырдзиаг меньшевикон гварди Цхинвалмæ куы æрбабырста, уæд цуан кæнын райдыдтой ирон адæмы хуыздæртыл, цагътой æнæаххос ирон адæмы, ахстой нацийы хуыздæр минæвæртты. 1920 азы июны  мæйы карз хæстытæ цыдысты Цхинвалы уынгты. Хъуылаты Созырыхъо йæ радзырд «Æртындæсæй иумæ»-йы фыссы: «Дысоны къæвда Чъребайы уынгтæ ныхсадта. Баззадысты ма йын æнæхсад æрмæст туджы лæсæнтæ, зноны хъазуат хæсты  туджы лæсæнтæ. Уыдон афтæ æнцон æрæхсæн нæ уыдысты».

Тохты рæстæджы амынæты бахаудтой ныхмæлæуды 13 активон хайадисæджы. Коммунарты се ‘хсæн уыд 16 аздзыд лæппу, афтæмæй 13 дæр бакодтой абоны РХИ-йы Фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитетмæ æввахс хæдзары ныккæнды.  20-æм июны  æхсæвы 3 сахатыл сæ ракодтой ныккæндæй æмæ сæ нæмгæ-нæмгæ, тугкалгæ акодтой горæты скæсæнырдæм, Згъудермæ. Уацайрæгтæ бамбæрстой мæлæты тæрхон сын кæй рахастой, уый. Кæдæм сæ кæнут фарстæн, дзуапп кодтой, зæгъгæ, сæ кæнæм Гурмæ ахæстонмæ. Æцæгæй та сæ скодтой Цхинвалы сæрмæ Згъудеры къуылдыммæ. Уым уыдысты дохтыр Вацлав Херш æмæ сауджын Алексей Кванчахадзе. Амынæттæн къахын кодтой сæхицæн ингæнтæ, фæлæ  не сразы сты, кæд сæ фыднад фæкодтой, уæддæр. Уæд Цхинвалæй скодтой бынæттон цæрджытæй цалдæры æмæ сын скъахын кодтой траншей. Коммунарты слæууын кодтой дыууæ рæнхъæй.

Уыдонæй сæ иу Дзауы районы Моргойы хъæуккаг Джиоты Андри фæстаг хатт æрсидт ирон адæммæ: «Æмбæлттæ, чысыл фæстæдæр мах нал уыдзыстæм. Абон мах цæгъдынц нæ иумæйаг знæгтæ. Фæлæ мах амарынæй кусæг къласы скуынæг кæнын сæ бон нæ бауыдзæн. Мах фæстæ сæ ныхмæ растдзысты мингай адæймæгтæ, æмæ уæд додой сæ къона! Мах разы стæм мæлæтыл, æрмæст уæлахиз уæнт кусæг адæм…».  Чизоны ма йæ ноджы цыдæр ныфсы ныхæстæ зæгъын фæндыд йæ радтæг адæмæн, фæлæ уæдмæ райхъуыстысты æхсты хъæртæ…

Гогия Касрадзе, иу фынджы фарсмæ йæхицæй æппæлыд, зæгъгæ,  амардта фараст коммунары æмæ йæ хæцæнгарзы дзыхæн пъатæ кодта. Иннæ марæг Ила Майсурадзе та ныфс æвæрдта, зæгъгæ, ирæтты фæстæ та æрæвналдзæн сомихæгты куынæг кæнынмæ. Сауджын Кванчахадзе та æхсты рæстæджы хъæр кодта: «Бей коммунистов и осетин». Лохты Артен та фæсмон кодта, растадонтæй æгæр цъус адæймæгты кæй амардта, уый тыххæй.

Иу цалдæр азы размæ ма 13 Коммунары трагикон цауы тыххæй ноджы фехъуыстон мæнæн ног чи уыд иу ахæм хабар æмæ мæ бафæндыд газеткæсджыты рæгъмæ йæ рахæссын. Уый мын радзырдта РХИ-йы Президенты раздæры паддзахадон уынаффæгæнæг, абон дзæнæттаг Цоциты Барис. 13 Коммунары Згъудермæ куы скодтой, уæд ма меньшевиктимæ уыд йæ адæмыл гадзрахатæйрацæуæг Лохты Артены бинойнаг Чилæхсаты Ольга (Ола). Куыд дзырдтой, афтæмæй уый дæр хъизæмарæй мардта уацайрæгты. Олайæн Артенæй уыд чызг. Фæстæдæр Артены мастисджытæ куы амардтой, уæд Ола дыккагæй чындзы ацыд  Бурнадзетæм. Гуырдзиаг нæлгоймаг цард 8-æм июны уынджы, Сырх Дзуары цæгатварс. Олайæн Бурнадзейæ райгуырд лæппу, кæцыйæн рацыд бирæ сывæллæттæ.

Сылгоймагæн йæ ныхас уыд гуырдзиагвæлдæхт, æгæрыстæмæй, иронау дзырдта акцентимæ. Уый уыд бæрзонд, егъæуттæконд сылгоймаг. Ныртæккæ, Уæлвæткон уавæрты министрад цыран ис, уым сын уыд стыр зæххы фадыг сæндонимæ. Иууыл диссагдæр та, дам, уый уыд, æмæ-иу Ола уынгмæ куы рахызт, уæд-иу куыйтæ сæрра сты, сæ рæйынæй-иу нал æнцадысты æмæ-иу æм лæбурдтой. Уыцы диссаг, зæгъ, фыццаг хатт куы федтон, уæд бацымыдис кодтон хъуыддаг цæй мидæг ис, зæгъгæ. Бамбарын мын кодтой, сылгоймаг тæригъæдджын æмæ марæг  кæй у, уый æмæ мын радзырдтой ацы истори.

Сылгоймаджы ‘намондæн ын йæ фырт балæвар кодта стыр куыдз. Уыдис сын егъау æнгуз бæлас æмæ ууыл баст уыд ацы куыдз, цæмæй сæм къæрныхтæ ма цыдаиккой. 1984-1985 азты, дам, æз изæры куыстæй хæдзармæ куы æрбаздæхтæн, уæд уынын: нæ уынджы æрæмбырд бирæ адæм. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы стыр куыдз йæ баст ратыдта, сылгоймаджы йæ къахæй ацахста æмæ йын йæ тугдадзинтæ алыг кодта. Афтæмæй йыл хæцыд цалынмæ сылгоймагæн йæ уæнгты туг иууылдæр нæ ратагъд, уæдмæ. Ахæм диссаджы истори æрцыд 13 Коммунары фыдмардæй амарыны хайад чи райста, уыдонæй сæ иуыл. Хуыздæр бон нæ акодта уæйгæнæг Лохты Артеныл дæр. Фæмардуæвджыты бинонтæ йæ фыдмардæй амардтой.

1920 азты ирон адæмæн гуырдзиаг меньшевиктæ цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, нацийы хуыздæр минæвæртты кæй фæцагътой, 47 ирон хъæуы фæнык кæй фестын кодтой, уый рох кæнын нæ хъæуы. Ацы трагикон цауы дæр мысын хъæуы, куыд Зары, Ереды трагедитæ, афтæ. Науæд кæддæр нæ фæстагæттæ ферох кæндзысты 1989-2008 азты ирон адæмæн гуырдзиаг фашисттæ цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыцы цаутæ дæр.

Йæ ивгъуыд кæцы адæм ферох кæнынц, уыдонæн та хорз фидæн никуы вæййы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.