Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан ссис Сиднейы турниры уæлахиздзау, кæцыйы призон фонд уыд 520 мин доллары. Аслан финалы фæуæлахиз бритайнаг спортсмен Энди Маррейыл – 6:3, 6:3. Фембæлд цыд 1 сахат æмæ 31 минуты. афтæмæй Хъæрæцаты Аслан йæ профессионалон карьерæйы рамбылдта профессионалон теннисиситты ассоциацийы (АТР) æртыккаг титул. Уый фæрцы Асланæн лæвæрд æрцыд 250 рейтингон очкойы æмæ рейтингы 20-æм бынатæй рахызт 15-æм бынатмæ. Афтæ ма йын лæвæрд æрцыд 87 370 доллары.

ФУТБОЛ
Национ футболон лигæйы (ФНЛ) чемпионаты дыккаг хаймæ йæхи цæттæ кæны Дзæуджыхъæуы «Алани». Командæ Кисловодскы 20 январы хæларадон хъазт акæндзæн Ставраполы «Динамо»-имæ. Уый хъазы ФНЛ – 2-йы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ставрапойлæгтæн кæй ис ног тренерон штаб. Сæйраг тренерæй нысан æрцыд Цхуырбаты Валерий. Тренерон штабмæ бацыд цхинвайлаг Мулдарты Алексей. Уый Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы сконды ссис Европæйы чемпион, кæцы уагъд цыд КОНИФА-йы эгидæйы бын. Мулдарты Алексей ма йæ профессионалон карьерæйы рæстæджы уыд «Мордовия»-йы капитан. Командæимæ ссис Национ футбулон къорды чемпионаты уæлахиздзау æмæ рахызт премьер-къордмæ. 2013 азы хъазын райдыдта Казахстаны «Актобе»-йы æмæ ссис ацы бæстæйы чемпионаты уæлахиздзау.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.