ФУТБОЛ

Национ футболон къорды дыккаг туры Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» уазæгуаты хъазыд «Краснодар – 2»-имæ. Фембæлд уагъд цыд фысымты ног стадионы. Уымæ гæсгæ краснодайрæгтæ хъавыдысты сæ ног аренæйы фыццаг хъазты уæлахиздзаутæ суæвын. Бантыст сын фыццаг пурти бакъуырын дæр. 20-æм минутыл расгуыхт «Краснодар-2»-йы хъахъхъæнæг Дмитрий Иванов. Фæлæ фысымты цин бирæ нæ ахаста. 9 минуты фæстæ хыгъд сæмхуызон. Тынг рæсугъд пурти ныхмæлæууæг командæйы кулдуары бакъуырдта алайнæгты капитан Зассеты Азæмæт. Хъазты дыккаг æмбисы та «Алани»-йæн бантыст хыгъды размæ рацæуын. Хосонты Хетæг пурти балæвæрдта фысымты иварон фæзуатмæ, цыран æм хорз фæцарæхст Хæбæлаты Алан. Хъазты кæрон та хыгъд 3:1 скодта алайнæгты ног хъазæг Абу-Саид Эльдарушев.

 

ÆМХÆЦЦÆ ÆМБУАРХÆСТ

Ивгъуыд къуыри æнтыстджынæй сæхи равдыстой æмхæццæ æмбуархæстæй архайæг ирон спортсментæ Балаты Марат æмæ Æфсæрæгаты Дианæ.

Сочийы уагъдцæуæг турнир АСА 125 Балаты Марат фембæлд бразилиаг Жоао Луис Ногейраимæ. Æнæхъæн тохы дæргъы Марат архайдта хуыздæр æмæ йæ тæрхонгæнджытæ банымадтой уæлахиздзауыл.

Æфсæрæгаты Дианæ та Bellator 262 турниры фæуæлахиз АИШ-ы минæвар Габриэлла Галфиныл. Ирон спортсменкæйæн Bellator-ы ацы тох уыд дыккаг. Фыццаг тохы дæр йæ къухы бафтыд уæлахиз.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.