Тыбылты Леонид ма президент куы уыд, уæд тынг архайдта фæсивæды ‘хсæн физикон культурæ æмæ спорт райтынг кæныныл. Йæ сæрмагонд программæ «Спорт в шаговой доступности»-мæ гæсгæ цалдæр мæйы æмгъуыдмæ нæ горæт æмæ республикæйы районты баконд æрцыд тренажерон залтæ æмæ гом футболон фæзуæттæ. Уæдмæ дæр иуæй-иу рæтты уыд спортивон залтæ, фæлæ уыдысты пырх, хъуыдис сæ сцалцæг кæнын. Тыбылты Леониды хæслæвæрдмæ гæсгæ, æрæвнæлдтой спортивон залтæ цалцæгкæнынмæ, ифтонг æрцыдысты нырыккон инветарæй. Ахæм тренажерон залтæ цы районты бакодтой, уым цæрæг фæсивæдæн фæзынд уавæр спорт æмæ физикон культурæйы архайынæн.

Тренажерон залтæ цалдæр азы размæ кæм бакодтой, уыцы районтыл, азылдыстæм. Цымыдис кодтам, ныртæккæ цы уавæры сты. Бацыдыстæм Гуыбаты æфсымæрты уынгмæ. Ам тренировкæ кодтой цалдæр лæппуйæ. Зал сыгъдæгæй баййæфтам. Тренажертæ дæр кæд дæрдджын зындысты, уæддæр иууылдæр уыдысты кусæгон режимы. «Ацы зал нæ районы рагæй арæзт уыд. Фæлæ 2008 азы августы хæсты ныппырх. Тыбылты Леонид президент куы уыд, уæд æй сцалцæг кодтой. Æмæ ныр ам æппынæдзух фæсивæдæй у йемыдзаг.  Ацы зал цытджын æгъдауæй куы гом кодтой, уæд ЦАРЗ-ы фæсивæд бахатыдысты Леонид Харитоны фыртмæ, цæмæй нын сараза гом футболон фæзуат æмæ уым та цæмæй сæрдыгон бонты тренировкæ кæнæм. Æмæ та нын уыцы куырдиат дæр сæххæст кодта цалдæр мæйы æмгъуыдмæ», – радзырдта ацы  районы цæрæг Лохты Вадим.

Нæузæххонты уынджы 60-æм хæдзары фыццаг уæладзыджы спортивон залы та тренировкæ кодтой чызджытæ. Уыдон мын куыд загътой, афтæмæй сын арæзт ис график æмæ уымæ гæсгæ сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ кæрæдзи нæ хъыгдарынц. БАМ-ы районы тренажерон зал дæр афтид никуы вæййы. Ацы залæн дзуаппдæттæг Кокойты Вадим æмæ уый та афтæ загъта: «Тренажерон залтæ фæсивæды хæрзиуæгæн гом кодтой горæты алы районты. Мах районы лæппутæ дæр бахатыдысты Тыбылты Леонидмæ. Уый нын загъта, цæмæй бынат ссарæм æмæ, дам, цалцæг та æрцæудзæн хицауады фæрæзтæй. «Энергоресурс» цы агъуысты ис, уым 2008 азы фæстæ арæзт æрцыд стыр зал. Хъуамæ дзы сарæзтаиккой трансформертæ цалцæггæнæн цех. Фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, ацы куыст фæсыкк. Президент нын бар радта, уым спортивон зал байгом кæнынæн. Стæй ма нын æй алыгъуызон зынаргъ тренажертæй дæр сифтонг кодта. Нæ зал афтид никуы вæййы, йæ дуæрттæ æрбайгом вæййынц райсом раджы æмæ суанг 24 сахатмæ ам тренировкæ кæнынц фæсивæд».

Залы сыгъдæгдзинады тыххæй дзуапп чи дæтты, зæгъгæ, куы бафарстам лæппуты, уæд загътой: «Тренажерон зал цытджын æгъдауæй куы гом кодтам, уæд Тыбылты Леонид бахатыд «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы сæргълæууæгмæ, цæмæй нын иу æфснайæджы штат  рахицæн кæной, æмæ уый сæрмагондæй æфснайа спортивон зал. Раст куы зæгъæм, уæд мах нæхæдæг дæр тынг архайæм, цæмæй нæм мидæгæй сыгъдæг уа. Алчидæр зоны, уынджы цы къахдзаума дарæм, уыдонимæ мидæмæ цæуæн нæй.

Махмæ арæх æрбахатынц спортивон секциты тренертæ цæмæй сын бар радтæм æмæ сæ хъомылгæнинæгтæ тренировкæ кæной нæхи залы. Фæлæ сæ мах бафæдзæхсæм сæ фæстæ æфснайын кæй хъæуы. Иу цыбырдзырдæй, алчи дæр æмбары йæ фæстæ бырон уадзын кæй не ‘мбæлы, стæй тренажертæ дæр куы ацъæл кæной, уæд нын ногтæ кæй ничиуал балхæндзæнис. Стыр горæты иу ран дæр нæй ахæм бынат, цæмæй æхгæд спортивон залы æнæаргъæй тренеровкæтæ цæуой».

Азылдыстæм æмæ федтам гом футболон фæзуæттæ дæр. Районты стырдæр хъæуты фæзуæттæ сты мæгуырау уавæры, фаг зылд сæм кæй нæй, уый аххосæй. Хъæуы цæрджытæ куыд загътой, афтæмæй хъæуы уадиссаг фæсивæд нал ис, чи ис, уыдон та сæ рæстæг фылдæр интернет тыгъдады æрвитынц.

Йæ рæстæджы Тыбылты Леонид фæсивæды хæрзиуæгæн цы спортивон залтæ байгом кодта, уыдон арæзт æрцыдысты Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорт райтынг кæныны концепцийы фæлгæтты цы программæ биноныг æрцыд «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ, уым. Алы районы сывæллæттæ æмæ фæсивæдæн дæр уыд спортæй архайыны фадат. Цалдæр азы размæ дæр ма ахæм уавæртæм кодтам бæлгæ.

Уырны мæ, уыцы хъуыддаг æвзонг фæлтæрыл хуыздæрæрдæм кæй æндавы. Фæстаг рæстæджы нæ фæсивæд спорты бирæ хуызтæй фенын кæнынц æнтыстытæ. Уый та баст у сæрибарæй сын кæй ис уавæртæ спортæй архайынæн, уыимæ.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.