ФУТБОЛ

Уæрæсейы Кубокы 1/8 хайы Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» Грознæйы хъазыд Тулайы «Арсенал»-имæ. Хъазты иуæнг-иу пурти 4-æм минутыл бакъуырдта Хуыбылты Владимир. Афтæмæй 1:0 хыгъдæй рамбулгæйæ, «Алани» ахызт турниры финалы 1/4  хаймæ.

СУМО

Горæт Кызылы (Тувайы республикæ) уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат сумойæ. Ерысты хайад райстой бæстæйы тыхджындæр сумоисттæ. +115 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта Багаты Руслан. Ацы уæзы дыккаг бынат та бацахста Хъараты Зауыр. Ерысты фæстæ йæ архайды тыххæй Багаты Руслан комментаритæ радта Уæрæсейы сумойы федерацийы пресс-службæйæн.

– Куыд алы ерыстæм, афтæ Уæрæсейы чемпионатмæ дæр мæхи сæрмагондæй цæттæ кодтон. Хъыгагæн мын финалы нæ бан-тыст ме’мзæххон Хъараты Зауыримæ фембæлын. Уæрæсейы чемпионат рамбылдтон 2019 азы, фæлæ-иу уый фæстæ та сдæн бронзæйон призер. Уымæ гæсгæ мæ фæндыд Зауыримæ тохы мæ цæттæдзинад равдисын. Куы мын рауадаит Зауыры рамбулын, уæд уыдаин ноджы амондджындæр. Æцæг куы фембæлдаиккам, уæд уымæй дæр райгонд уыдаин. Тынг зын мын нæ уыдаит ме’мгарæн фембылды уæвын, кæцыимæ рагæй тренировкæ кæнын иу залы. Фæлæ хъыгагæн, Хъарайы фырты бахъыгдардта травмæ. Ныфс мæ ис йемæ кæй фембæлдзынæн АИШ-ы æппæтдунеон хъæзтыты финалы. Æцæг дунейы уæззау уавæр кæй ис, уымæ гæсгæ йæ нырма нæ зонæм уырдæм ацæудзыстæм æви нæ, уый.

 

САМБО

Ирон спортсмен Дзанайты Сослан ссис хæстон самбойæ Уæрæсейы чемпион. Ерыстæ уагъд æрцыдысты Верхняя Пышмайы. Сосланæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 98 кг уæзы категорийы.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.