РЕСПУБЛИКÆ  ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10-азы сæххæсты сæраппонд» майданæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Ахуырады фадыджы сæ лæггæдты, ирон-уырыссаг æвзæгты райрæзтмæ  сæрмагонд хайбавæрды  æмæ журнал «Русское слово в Южной Осетии»-йы фыццаг номыры мыхуыры рацыдыл 5 азы сæххæсты сæраппонд хорзæхджын æрцæуæд:

«РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ АДÆМЫ ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТЫ     УÆЛАХИЗЫЛ 10-АЗЫ СÆХХÆСТЫ СÆРАППОНД»  МАЙДАНÆЙ

– Бесаты Инессæ Александры чызг – Цхинвалы 6-æм  иумиагахуырадон астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы  ахуыргæнæг;

Джусойты Клавдия Григолы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл Паддзахадон педагогон университеты  райдиан ахуырады  педагогикæ æмæ методикæйы кафедрæйы доцент;

– Зубко Инна Михаилы чызг – Цхинвалы 6-æм иумиагахуырадон  астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг;

– Магкоты Эльвирæ Семены чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Гуфтайы астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг;

– Мулдарты Иринæ Левы чызг – журнал «Русское слово в Южной Осетии»- йы кусæг;

– Туаты Тамарæ Алексейы чызг – Цхинвалы 5-æм иумиагахуырадон астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг;

– Цхуырбаты Софья Мухтары чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Уахтъанайы астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг;

– Цоциты Инга Рутены чызг – Цхинвалы 11-æм иумиагахуырадон астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Цхинвал, 2018 азы 14 декабрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны куысты ветеран»-ы кадджын ном радтыны тыххæй

Бирæ азты дæргъы сæ æнтысгæ куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны куысты ветеран»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд:

– Битеты Дуби Уасилы фыртæн

– Дзукъаты Хазби Исахъы фыртæн

– Цхуырбаты Сиранæ Митушы чызгæн.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Цхинвал, 2018 аз 14 декабрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Карапетова Е.Г.-йæн «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном радтыны тыххæй

Ахуырады фадыджы,  рæзгæ фæлтæры хъомыл   æмæ ахуыр кæныны йæ лæггæдты æмæ бирæазон æнтысгæ  куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд

Карапетова Екатерина Георгийы чызгæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады  Кадетон скъолайы физикæйы ахуыргæнæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Цхинвал, 2018 аз 14 декабрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 9-æм пунктмæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

  1. Хацырты Филипп Шотайы фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы бынатæй.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æвæрд æрцæуæд

Гулиты Владимир Тотрадзы фыртыл – РХИ-йы Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæгыл.

  1. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 17 декабрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны фæллойы ветеран»-ы кадджын ном радтыны тыххæй

Бирæ азты дæргъы æнтыстджын фæллойадон архайды тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæллойы ветераны» кадджын ном лæвæрд æрцæуæд:

– Бибылты Нателæ Ираклийы чызгæн

– Дзанайты Заретæ Елиозы чызгæн

– Лолоты Уасил Дянозы фыртæн

– Тедеты Маринæ Сосланы чызгæн

– Кокойты Маринæ Шотайы чызгæн

– Цхуырбаты Отар Алиханы фыртæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 20 декабрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.