Мæскуы дæр иу бон кæй нæ сырæзт, уый æмбаргæйæ, нæхи амондджыныл нымайæм нæ размæцыды алы къахдзæфы тыххæй дæр. Рæзы горæт, царды хъæр хъуысы нæ республикæйы алы къуымтæй дæр, арæзтадон техникæйы уынæр æхцондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæны, ногарæзт цæрæн хæдзæрттæ æмæ æндæр нысаниуæджы бæстыхæйтты уындæй цæстытæ хурæй йедзаг кæнынц. Кæд алцæмæй разы не стæм, уæддæр æй æмбарæм, бонвыддæрæй бонхуыздæрмæ кæй цæуæм. Ис ахæм бæстæтæ, хицæн регионтæ, махмæ, Хуссар Ирыстоны адæм куыд цæрынц, ахæм цард телевизоры дæр чи никуы федта…

Цард кæм ис, уым хъуамæ арæзтадтæ дæр уа. Æмæ нæм ис, кæд нæ иу хъуыддаг хъыгдары уæддæр: ногдзинадæй æгæр кæй тæрсæм, æгæр консерватортæ кæй стæм, уый нын тынг æнад кæны нæ размæцыды хъуыддаг… Цыфæнды арæзтадыл нæм ма æрхауа дзырд – хъуамæ йын райдайæм ныхдуртæ æвæрын. Фæзыны фæдисхъæргæнджытæ, æртхъирæнгæнджытæ. Хъуамæ, дам, иу зæронд бæлас дæр калд ма æрцæуа, иу агъуыст дæр йæ раздæры хуыз ма фесафа… Æмæ афтæмæй та размæцæуæн куыд ис? Аразын дæр домæм, æмæ цæмæй хæлд мацы æрцæуа, мацæмæ бавналæм, мацæмæ фæцагайæм, уый дæр.

 Уазæгдон «Ирыстон»-ы агъуыст бынтондæр кæй бамбыд, кæй скæлæддзаг  æмæ йын æнæфехалгæ кæй нал уыд, уый тыххæй дæр цас маст бахæрын кодтам кæрæдзийæн… Ныр рæзы, бæлвырддæр зæгъгæйæ, сырæзт æмæ алчи дæр бамбæрста йæ азым. Æниу, кæй бамбыд æмæ йын æнæныппырхгæнгæ кæй нал уыд, уый æмбæрста æмæ æмбары алчи дæр, фæлæ…

Афтæ уыд, нæ горæты рагон-дæр æмæ зындгонддæр скъолатæй сæ иу – æртыккаг астæуккаг скъолайы хъысмæт дæр. Алы ног ахуыры азмæ дæр-иу æй рог цалцæг скодтой, рампъуз-бампъуз æй кодтой, фæлæ рæстæджы цыдæн дуртæ дæр куынæ фæразынц, æрдзон дуртæ, уый та хуымæтæджы чъырызмæстæй, агуыридур æмæ хъæдæрмæгæй арæзт уыд. Йæ ныппырх кæныны уынаффæ рахæссын та расайдта бирæ быцæутæ. Йæ раздæры хуыз, дам, куы фехæла, мыййаг, сæ сæртыл та ныххæцыдысты чидæртæ. Омæ куы фехæла, уæд цы?.. Цы нын ис, уый хуыздæрæй, ногдæрæй раивын нæ бон кæй у, уымæй хъуамæ разы ма уæм?..

Нæ адæмы историйы ацы скъола стыр фæд ныууагъта, цал æмæ цал зындгонд адæймаджы балæвар кодта Ирыстонæн, нæ кад, нæ фарны хъуыддæгтæ нын æндæр адæмтæн чи базонын кодта. Цал æмæ цал директоры раивта, абон дæр сæ кадджын цардвæндаджы кой кæмæн ракæнæм: Хъорнаты Розæ, Гæззаты Петр, Бететы Хъазбег æмæ æндæртæ.

Ахæм кадджын фæндагыл чи рацыд, уыцы ахуырадон уагдон алцæмæй дæр хъуамæ дзуапп дæтта йæ историон нысаниуæгæн. Стæй хъуамæ æмбарæм уый дæр, æмæ иугæр йæ фарсмæ сырæзт ног университет, нырыккон æмæ рæсугъд архитектурæимæ, уæд хъуамæ йæхимæ гæсгæ уой йæ цуры уæвæг арæзтадтæ дæр. Ногарæзт скъола уыдзæн æртæуæладзыгон, фæлæ хъахъхъæд æрцæудзæн йæ раздæры хуыз. Ныртæккæ уал  ацы скъолайы чи ахуыр кæны, уыцы скъоладзаутæ рæстæгмæ ахуыр кæнынц дыууадæсæм ас-тæуккаг скъолайы. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, зындзинæдтæ æвзарын кæны ахуырдзаутæн, фæлæ, цæйнæфæлтау, æрвылбон аварион агъуысты ахуыр кæнгæйæ, тасдзинад æвзæрстаиккой, фæлтау разы сты иу афæдзы бæрц, бирæ дæрддзæфдæр сæм чи у, ахæм скъоламæ цæуыныл дæр.

Уымæн æмæ зонынц, тагъд сын йæ ногарæзт дуæрттæ уæрæх байтынддзæн æмæ сæ йæ райдзаст хъæбысы æрбакæндзæн сæхи, сæ уарзон, сæ кадджын æртыккаг скъола.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.