2008 азы августы цауты рæстæджы хъыгдардбаййафджытæн æххуысы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ бангы сæрмагонд хыгъдмæ цæуæг фæрæзтæй нысанмæздæхтæй æмæ рационалонæй пайда кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Хъусдарæг советы скондмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы (Сæйраг Закъон)   51-æм статьяйы 1-аг хаймæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

1.2008 азы августы цауты рæс-тæджы хъыгдардбаййафджытæн æххуысы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ бангы сæрмагонд хыгъдмæ цæуæг фæрæзтæй нысан-мæздæхтæй æмæ рационалонæй пайда кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Хъусдарæг советы скондмæ, кæцы фидар æрцыд 2018 азы 23 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №77 Барамынд №77 «2008 азы августы цауты рæстæджы хъыгдардбаййафджытæн æххуыс кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ бангы сæрмагонд хыгъдмæ цæуæг фæрæзтæй нысан-мæздæхтæй æмæ рационалонæй пайда кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Хъусдарæг советы сконды тыххæй»-мæ, хаст æрцæуæд ахæм ивын-дзинæдтæ.

а) позици:

«Къозонты Алан Дудары фырт – Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты комитеты сæрдар (Хъусдарæг советы сæрдар)»

Ивд æрцæуæд ахæм мидисы позицийæ:

«Къозонты Алан Дудуары фырт – Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты комитеты сæрдар»;

б) позици:

«Сиукъаты Наирæ Садулы чызг – «Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæг»

Ивд æрцæуæд ахæм мидисы позицийæ:

«Сиукъаты Наирæ Садулы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæг (Хъусдарæг советы сæрдар)»

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал, 2018 азы 22 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.