Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфссæддон базæйы плацы уагъд æрцыд рæнхъон сконды æркаст зымæгон формæйы хуызмæ рахизыны фæдыл. Уый тыххæй фехъусын кодта хъахъхъæнынады ведомствойы пресс-службæйы. Уый размæ æфсæддон управленийы органты афицертæ æмæ дæлхæйæдтты сæрмагонд сконд ифтонг æрцыдысты фидаргонд хуызы ног уæлæдарæсæй.

Басгæрст æрцыд рæнхъон сконды комплектаци, æфсæддонтæ уæлæдарæс дарыны домæнтæ куыд æххæст кæнынц, æфсæддон нысæнтты уæвынад æмæ дарыны фæтк, æфсæддонтæн сæ хæстæ рæнхъы слæууыны размæ æмæ рæнхъы уæвгæйæ, куыд зонынц, уыдæттæ. Рæнхъон сæрмагонд скондмæ æвдыст цæуынц уæлдай стырдæр домæнтæ формæйон уæлæдарæс дарыны фæтк æххæст кæныны фæдыл, æхсæнадон бынæтты дисциплинæ æххæст кæнын æмæ æндæр хъуыддæгты.

Рæнхъон æркастытæ ауадзын ахъаз кæнынц æфсæддонты  дисциплинæ, рæнхъон культурæ, дæлхайæтты уставон фæтк фæбæрзонддæр кæнынæн, афтæ ма алкæмæ дæр бæрндзинады æнкъарын æвзæрын кæнынæн.

Информацион агентад «Рес»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.