Экологион службæйы цытджын  кусджытæ!

Хицауады æмæ мæхи номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Экологы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон у, нæ алыварс дунейы хъысмæтыл уæлæхох чи нæу, уыдонимæ баст. Уый махæн у зæрдылдарæн, ныртæккæйы æхсæнадыл кæй ис, фидæны фæлтæртæ нæ планетæйы цавæрæй æрæййафдзысты, уыцы стыр бæрн. Уыдонæн йæ сыгъдæг цæугæдæттæй, сатæг уæлдæф, тар хъæдтæй æмæ цæрæгойты æгæрон хъæздыгадæй æхцондзинад исыны фадат уыдзæн, æви нæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Нæ республикæйы территорийыл экологион æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаг домы фидар бæрндзинад æмæ бæрзонд профессионализм. Æрдз хъахъхъæнæг службæйы æрвылбонон куысты фæрцы махæн ис нæ алыварс æрдзы уавæр хъахъхъæнын æмæ йæ хуыздæр кæныны фадат.

Уыимæ иумæ паддзахадон структурæты архайд хъуамæ æххæстгонд цæуа æхсæнадон организациты хъуыддæгтæ æмæ нæ алыварс æрдзмæ республикæйы алы цæрæджы аудгæ ахастæй. Æрмæстдæр иумæйаг хъарутæй нæ бон суыдзæн нæ бæстæйы экологион æдасдзинад сифтонг кæнын!

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ уæ фæрнджын архайды, амонд æмæ хæрзиуджытæй хайджын ут уæ бинонтимæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.