Ныры дуджы цардмæ бирæ ивындзинæдтæ æрцыд хаст, æнусты дæргъы традицион чи уыд, ахæм хъуыддæгтæй бирæтæ цадæггай сæфын райдыдтой, фæлæ иуæй-иу бæрæгбонтæ куыд раздæр, афтæ ныр дæр баззадысты æнæаивгæйæ. Ахæм бæрæгбонтæй сæ иу у Ногазон бæрæгбон дæр.

Дзауы районы Синагуры астæуккаг скъолайы бацæттæ кодтой æмæ ауагътой Ногазон мадзал. Кæд скъолайы ахуыргæнинæгтæ цъус сты, уæддæр семæ куыст цæуы алыварсонæй æмæ та ныр дæр уый фæбæрæг ногазон мадзал тынг хорз кæй уыд, уымæй. Скъоладзауты ныййарджытæ, æввахс хъæуты цæрджытæ æмæ скъолайы ахуыгæнджытæ уыдысты мадзалмæ кæсджыты чысыл аудитори. Райдайæны скъолайы директор Бестауты Аркади раарфæ кодта мадзалы хайадисджытæн, æрбалæугæ ног азы сын йæ цæст бауарзта æппæт хæрзиуджытæ, амондджынæй æмæ æнæнизæй арвитыны фæндиæгтæ. «Фæстаг азты, куыд æппæт дунейы адæм, афтæ мах дæр бавзæрстам бирæ зындзинæдтæ, нæ дугмæ æрхаудис ноджы иу уæззау фæлварæн – карз низ, уый  кæд тынг бирæ адæмы цард аскъуыдта, уæддæр адæймагад бацыд йемæ æнæмсæр тохы æмæ уырнинаг у, кæй йыл фæуæлахиз уыдзыстæм. Ахæм азтæ уыдысты ивгъуыд азтæ, ныр та æрбалæууыд ног аз æмæ уе ‘ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы, сæйраджыдæр, фидар æнæниздзинад, амонды æмæ æппæт хæрзиуджыты фæндиæгтæ. Рæзгæ фæлтæр стут æмæ уæ мах æвæрæм стыр ныфс, тырнут ахуыры бæрзæндтæм æмæ уын уæт æнтыстытæ», – раарфæ кодта Бестауты Аркади.

Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ радзырдтой ногазон æмдзæвгæтæ, аив сæххæст кодтой ирон кафт «Симд». Уæрæсейы Арæнхъахъхъæнæг управленийы Синагуры хайады службæгæнæг Ковалева Виктория ма кусы ацы скъолайы математикæйы ахуыргæнæгæй дæр. Уый ахуыргæнинæгтимæ бацæттæ кодта цалдæр конкурс- равдысты алыгъуызон цымыдисон темæтыл, кæцыты скъоладзаутæ равдыстой сæ зонындзинæдтæ æмæ сæ цырддзастдзинад. Конкурсты уæлахиздзаутæн Виктория йæхи хæрдзтæй æрбахаста чысыл призтæ æмæ сæ уыдонæй схорзæхджын кодта. 11 æм къласы ахуыргæнинаг Деканоидзе Димæ аив азарыд  зарæг «Ног аз». Гæджиты Арсен, Деканоидзе Георги æмæ Деканоидзе Рая дæр азарыдысты алыгъуызон ногазон æмæ æндæр темæтыл зарджытæ. Ахуыргæнинæгтæ ма аив сæххæст кодтой чысыл сценкæ «Расыггæнджытæ»-йæ. Сæйраг рольты ахъазыдысты Деканоидзе Рая æмæ Гæджиты Арсен.

Ногазон мадзалы ма ахуыргæнинæгтæ иууыл иумæ аив сæххæст кодтой ирон традицион кафт «Симд». Мадзал бацæттæ кодтой скъолайы ахуыргæнджытæ Бестауты Мери, Джиоты Зæлинæ, Ковалева Виктория æмæ  Джусойты Рагим.

Мадзалы кæрон скъоладзаутæн лæвæрд æрцыд ногазон лæвæрттæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.