Ацы аз 15 октябры  йæ царды 89-æм аз не ‘хсæнæй фæхъуыд Къомайты Риммæ Зауырбеджы чызг. Уый бирæ азты дæргъы лæууыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон университеты ныхасы культурæ, æвзаг æмæ дзыллæйон бастдзинæдты кафедрæйы сæргъ. Къомайты Риммæ ныффыста бирæнымæц зонадон куыстытæ æмæ монографитæ. Уымæй дарддæр ма йæ къухдариуæджы бын фыст æрцыдысты студенттæ æмæ æрыгон ахуыргæндты бирæнымæц зонадон куыстытæ. Уыд Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы æмæ Цæгат Ирыстоны зонады сгуыхт кусæджы номы хицау.

Къомайты Риммæ уыд тынг хæдбындур курдиаты æмæ удыхъæды хицау. Чи йæ зыдта, уыдон зæгъдзысты, адæймагыл кæй æфтыдта æнахуыр аргъуцы æнкъарæнтæ. Студенттæ йын йæ аууонæй дæр кæм тæрсгæ, кæм та æфсæрмы кодтой. Йæхæдæг тынг бæстон æмбæрста, цы амыдта, уыцы хъуыддаг. Ныхасы культурæмæ цы хауы, уый афтæ цымыдисон амæлттæй амыдта, æмæ йæм адæймаг хъусынæй не ‘фсæсти. Цæвиттон, уырыссаг æвзаджы дамгъæ «а»-йæн ис сæрмагонд зæлынад цавдон уæнджы алыварс. Уыдæттæ афтæ ахсджиаг уыдысты, уый мах, студенттæ, раздæр зонгæ дæр нæ кодтам.  Комайты чызг нын сæ афтæ дзадджынæй амыдта, æмæ дис кодтам. Йæ амындмæ гæсгæ, уырыссаг æвзагæн дæр ис йæхи транскрипци.

Къомайты Риммæ кæд иттæг тызмæг адæймаг уыд, уæддæр уарзта студенттимæ хъазæн ныхас акæнын дæр. Иу рæстæджы уыд ахæм хабар. Скульптор Дзбойы фыртæн йæ фырт уыд не ‘мкъурсон. Йæ ном хуынд Æхсар. Къомиан, афтæ йæ хуыдтам мах нæ факультеты, номхыгъд кæсгæйæ бадзырдта Дзбойты Æхсармæ: «Ды Дзбойы фырты фырт дæ, уæдæ?», – ома скульптор Дзбойы фырты фырт. Æхсар дæр тынг хъазæгой уыд, æмæ йын афтæ зæгъы: «Кæд мæ мыккаг Дзбойтæй у, уæд Дзбойы фырты фырт дæн, уæдæ цы дæн!». Къомиан тынг фæхудтаид, фæлæ йæхи урæдта, уыцы хабар ын тынг уади, ома хиуыл хæцын.

Иннæ ахæмы та йæм æз радтон ахæм фарст: «Цæмæннæ ис гæнæн, цæмæй ацы университеты дæр Иранзонынад ирон æвзагыл ахуыр кæнæм, Цхинвалы куыд у, афтæ?». Уый фæдисау ис, ома мæм ацы мæлдзыг цытæ уæнды, æмæ мын йæ цъæхснаг хъæлæсæй афтæ зæгъы: «Ды, Годжыцаты чызг, раст зæгъыс, фæлæ дæ фендзыстæм дарддæр, кæддæра æцæг ахæм исты дæ, æви мын цæстфæлдахæн митæ кæныс!».

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстæ æз бирæ фæлтæрæнты рацыдтæн ирон факультеты. Уыцы дуджы студент мæгуыр уыди, уæлдайдæр та æндæр рæттæй чи æрцыд, уыдон. Иу рæстæджы æз сфæнд кодтон фæсаууон ахуырмæ раивын æмæ куыст ссарын. Куыст ссардтон, фæлæ куырдиат куы бахастон – уæд нын Къомиан декан уыд – уый мæм  æдзынæг ныккаст, æмæ афтæ зæгъы: «Цæмæн дæ фæнды фæсаууонмæ аивын? Исты хабар у?». Æз мæхи бамæгуыр кодтон, мæ материалон уавæр æвзæр у, мæ мад та æвæрæз у æмæ мын йæ бон баххуыс кæнын ницæмæй у, зæгъгæ. Уæд уый йæ цæстытæ фæдзагъыр кодта, æмæ мын афтæ зæгъы: «Цымæ ды дæ мады фылдæр уарзыс, æз мæ мады цас уарзын, уымæй?!». Æз фæтыхстæн, æмæ загътон, нæ, зæгъгæ. Уæд ма йæ æндæр цы хъуыд, æмæ мын аудгæйæ загъта, цæмæй ацæуон, æмæ мæ ахуыры кой кæнон, ницæмæн мæ хъæуы фæсаууонмæ ахуыр.

Афтæмæй мæ бахызта стыр рæдыдæй. Дарддæр дæр йæ хъус тынг дардта ме сфæлдыстадон фæндагмæ. Фыццаг чиныг мын куы рацыд, уæд мæм фæхæрмау ис, кæй йын дзы нæ балæвар кодтон, уый охыл. Фæлæ мæм дзы, раст зæгъгæйæ, уæд нæма уыд йæ тиражæй, æмæ йын уый загътаин, уый та йæм нæ бауæндыдтæн. Æниу мæм фыдзæрдæ нæ бахаста, ахæм чысыл зæрдæйы хицау нæ уыд.

Ахæм уыди Къомайты Риммæ. Хæдхуызон æмæ сæрхызт, фæлæ хæларзæрдæ æмæ хæрзуд. Ныр не ‘хсæн нал ис нæ цытджын ахуыргæнæг, æмæ рухсаг уæд!

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.