Ахæм номимæ мадзал бацæттæ кодтой Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы ирон адæмы уарзондæр фырт, аккаг хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырæн боны цытæн. Сорганизаци йæ  кодтой скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Мæргъиты Фаризæт æмæ Хъодалаты Мери. Мадзал уæлдай цымыдисондæр рауад уымæй æмæ дзы хайад кæй райстой скъоладзаутæ се ‘ппæт дæр 1-аг къласæй  11-æм къласы онг.

Мадзал амыдтой 11-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Хуриты Дианæ æмæ Дудайты Иринæ. Уыдон цитатæтæ хастой Къостайы сфæлдыстадæй æмæ ныхасы бар лæвæрдтой ахуырдзаутæн.

Бæрæгбонон мадзал бацæуæн ныхасæй  байгом кодта Хъодалаты Мери. Уый æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Къостайы цардвæндагимæ. Загъта, зæгъгæ, æгæрыстæмæй, Къостайы уæнгты уæззау низ куы бацыд, уæддæр йæ катай, йæ сагъæс уыд йæ радтæг адæмыл, йæ Ирыстоныл. Уæззау рынчынæй, дæр йæ мæгуыр æфхæрд ирон адæмы мæтæй улæфын дæр нæ фæрæзта. Къоста ирон адæмæй алкæмæндæр у æввахс хионы, зынаргъ адæймаджы хуызæн.

Æмдзæвгæтæ бакастысты 6-æм къласы ахуыргæнинæгтæ, афтæ ма равдыстой инсценировкæ Къостайы «Сидзæргæс»-æй. 5-æм къласы скъоладзаутæ та равдыстой  инсценировкæ  «Рувас æмæ хърихъупп»-æй. 10-æм къласы ахуырдзау Куыдзеты Эльдар тынг зæрдæмæхъаргæйæ бакаст æмдзæвгæ  «Ракæс». 1-æм къласы ахуыргæнинаг Болататы Дауыт дæр  тынг хорз бакаст æмдзæвгæ «Фест райсомæй лæгау». Ирон генийы цытæн мадзалы активон хайад райстой уыцы ахуыргæнинæгтæ дæр, кæцыты ацы аз сентябры мæйы цытджын æгъдауæй райстой  ногдзауты рæнхъытæм.

Хуыбылты Ленæ,

Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.