Бирæ сты, нæ газеты иумиаг хæлæрт-тæй, æмткæй сисгæйæ, ирон журналистикæйы зиууæттæй афтид кæмæй абадтыстæм æмæ нæ зæрдæтæ тынг кæуыл фæрыстысты, уыцы æдзард æмсисонтæ…

Газет «Хурзæрин» йе ‘мцæдисон газет «Рæстдзинад»-имæ уæлдай æнгом ахастыты кæй уыд, уый фæрцы хæларæй цардыстæм йæ кусджытимæ. Кæд фæстаг азты æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ банымæг, уæддæр диссаджы цæвиттойнаг традици уыд Ирыстоны дыууæ хайы ирон æвзагыл цæуæг паддзахадон газеттæ «Хурзæрин» æмæ «Рæстдзинад»-æн – æрвылаз дæр-иу фембæлдысты дыууæ газеты коллективтæ, æрдзырдтой-иу сæ куысты æнтыстытæ æмæ проблемæтыл, иумиагæй скъуыддзаггæнинаг фарстатыл. Уыцы традицийæн бындур чи æрæвæрдта æмæ йæ чи æххæст кодта, уыдон раджы аивгъуыдтой се ‘нусон бæстæм, редакцитæм фæстаг азты цы æрыгон фæлтæр æрбацыд, уыдон сæ койæ зо-нынц æрмæстдæр. Фæлæ бирæ хæлæрттæ ссардтой редакциты абоны фæлтæр сæхицæн дыууæрдыгæй фарс дæр. Газет «Хурзæрин»-ы коллектив никуы ферох кæндзысты Хъесаты Валодяйы, Малиты Хасаны, Тыджыты Юрийы æмæ бирæ æндæрты рухс нæмттæ, кæцытæ нæ фарсмæ æрмæст нæ цинты нæ уыдысты, фæлæ нæ зын рæстæджыты дæр.

Уыцы хæлæртты хсæн йæ курдиатæй дæр æмæ йæ ирон æгъдауæй дæр бæрæг дардта Цомайты Ростислав. Уый уыд Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы æмæ Журналистты цæдисы уæнг. Фондз азы рацыд йе ‘нафоны мæлæтæй, фæлæ цыма нырма тæккæ знон дæр æмбæлдыстæм йемæ æмæ ныхас кодтам зæрдæйæ-зæрдæмæ, æхсызгонæн ын кастыстæм йæ нуарджын уацтæ, йæ ног æмдзæвгæтæ.

Ростислав курдиатджын уыд, куыд журналист, æрмæст афтæ нæ, фæлæ йæм уыд йæ алфæмблай хæлардзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад тауынмæ дæр. Хицæн æмæ хицæн цæстæнгастæ кæмæн уыд, ахæмты дæр-иу кæрæдзийæн æввахс хæ-лæрттæ фестын кодта.

Бирæ нæ фæцард, æдæппæт 55 азы, фæлæ уыцы азтæй 30 азæй фылдæр снывонд кодта газет «Рæстдзинад»-æн. Редакцийы кусгæйæ, рæнхъон уацхæссæгæй схызт газеты сæйраг редакторы хæдивæджы онг. Фæлæ цыфæнды бынаты ма куыстаид редакцийы, алы хатт дæр сæйраг бынаты æвæрдта ирон æгъдау, адæймагдзинад. Йæхæдæг цы хистæрты ‘хсæн схъомыл æмæ куыста, уыдонæй цыдæриддæр хорзæн райста, уыдон парахатæй тыдта йæхицæй кæстæрты ‘хсæн, йæхицæй хистæрты цур та йын, æмбис кары дæр йæ хъæрæй ныхас ничи фехъуыстаид.

Бирæ сты, ирон газеты фæрстыл алы æмæ алыгъуызон темæтыл Цомайы фырт цы бирæнымæц æрмæджытæ ныммыхуыр кодта, уыдон. Йæ хъус, сæйраджыдæр, дардта ирон адæмы культурæ, аивад æмæ сфæлдыстадон бынтæ парахат кæнынмæ. Диссаджы арæхстдзинад æм уыд сфæлдыстадон портреттæ аразынмæ. Йæ очеркты хъайтартæ алы хатт дæр уыдысты лыстæг сасирæй луарæгау æвзæрст, газеткæсджыты тæрхонмæ кæй рахастаид, уыцы гоймæгтæ хъуамæ уыдаиккой адæмæн уарзон, йæ фыдыбæстæйæн зæрдиаг лæггад чи фæкодта, ахæмтæ.

Ис афтæ зæгъæн, æмæ Цомайты Ростиславы курдиат æххæстбæрцæй нæ рай-хæлд. Уымæн æмæ цардæй ахицæн йæ тæккæ фæлдисыны кары. Фæлæ йын бантыст йе ‘мдугонтыл йæ уды фарны хуыздæр хуызтæ байтауын, ныууагъта нын рæсугъд уды фарн æмæ зæрдæйæ чи никуы ссæудзæн, ахæм æмгардзинад.

Кæд редакцийы куысты арф ныгъуылд уыд, уæддæр нæ зыдта фæллайын, цы йæ бон уыд, уымæй лæггад кодта ирон аив дзырдæн. Йæ поэзи уыд фæлмæн, зæрдæагайæг, йæ поэтикон уацмыстæй бирæтыл фыст æрцыд музыкæ, бирæ зарджытæ йын бацыд нырыккон эстрадæйы къæбицмæ. Фыста прозаикон уацмыстæ дæр, фæлæ йæ уæддæр æмæ уæддæр йæхимæ поэзи тынгдæр здæхта. Йæ куыст, йе сфæлдыстады тыххæй-иу йæхæдæг арæх дзырдта:

«Диссаг нæу, уарзгæ поэзийы кæнын, лæггад та журналистикæйæн кæнын».

Æниу куыднæ лæггад кодта поэзийæн дæр:

Гъе Уастырджи, фыдбылызæй нæ хиз,

Нæ къахы ных дæр ма сриссæд фæндагыл.

Куыд нæ уадзæм нæ хъуыддæгтæ уæрагыл,

Мыггагмæ уæд нæ кад æмæ нæ ис.

Йæ удæгасæй йын мыхуыры цы æмдзæвгæты, радзырдты, тæлмацты æмбырдгæндтæ рацыд – «Донгуырæн», «Сусæг маст» æмæ æндæртæ, уыдоны мыхуыр æрцæуæг уацмысты хуыздæртæ хаст æрцыдысты, йæ райгуырдыл æхсай азы кæй сæххæст, уый цытæн æмæ йæ æнæрæстæджы мæлæтыл та фондз азы сæххæсты бонмæ рауагъдад «Ир» цы ног чиныг «Удварны хорзæх», зæгъгæ, рауагъта, уырдæм. Чиныджы редактор у Дзанайты Ирæ. Чиныгмæ хаст æрцыдысты, Цомайты Ростиславы тыххæй йе ‘мдугонтæ, йе ‘мсис хæ-лæрттæ цы хъарм ныхæстæ загътой, уыдон дæр. Ам адæймаг æмæ поэты тыххæй бакæсæн ис Кокайты Тотрадз, Тедеты Ефим, Хозиты Барис, Абайты Эдуард æмæ æн-дæрты уацтæн, кæцыты ирдæй зыны Цомайты Ростиславы сфæлдыстадон царды фæндаг, йæ рæсугъд удыхъæд æмæ цæвиттойнаг æмбæстаджы позици, хуымæтæджы зæххон æмæ философон æмбарынадимæ.

Нал ис не ‘хсæн не ‘мсис хæлар, нæ иузæрдион æмбал, коллегæ æмæ æфсымæр лæг, журналист æмæ поэт Цомайты Ростислав. Кæй нал уыдзæн, уый та ахæм хуызы загъта – цыма йæхæдæг дæр зыдта йе ‘нафоны мæлæт:

Тæхдзынæн ацы зæххæй, зонын,

Мæнæн дзы нал уыдзæн бынат.

Рæуфынтæ атадысты бонæй,

Уæддæр ма баззади сæ ад.

Тæхдзынæн ацы зæххæй, зонын,

Уыдзæн цæстныкъуылдау мæ цард.

Ныр та дæ арвгæрæттæм хонын,

Мæ уд дæ удмæ нал у дард…

Кæддæр æрыздæхдзынæн зæхмæ,

Уыдзæни хурæргом мæ каст,

Æмæ сæууон къæвдайы ‘ртæхыл

Æрттивдзæн раздæрау мæ уарзт. Нал ис не ‘хсæн… Фæлæ не ‘хсæн цæры йæ сыгъдæг ном. Йæхицæн йæ уды сыгъдæг æвæрæнтæ æмæ курдиаты авналæнтæй цы рæсугъд ном скодта, уыцы ном. Йæ аив фыст уацтæ æмæ аивадон уацмыстæ та цæрдзысты æмæ цæрдзысты, цалынмæ ирон мыхуыры фæндæгтæ гом уой, цалынмæ ирон дзырды фарн цæра, уæдмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.