Хъæу фидауы йæ номдзыд адæймæгтæй, уыдон цыфæнды зын уавæрты дæр фæлæууынц йе ‘нцой, фæлæууынц ын уырдыг æмæ йын фæархайынц йæ сыгъдæг ном хъахъхъæныныл.

Хуссар Ирыстоны кадджын хъæуыл нымад у Цхинвалы районы Цъунар – Къостайыхъæу, æмæ ахæм хъæуæй та кæддæриддæр буц вæййынц канд йæ цæрджытæ нæ, фæлæ ма дзы сæ сæртæ бæрзонд фæхæссынц æндæртæ дæр. Ацы хъæуæй рагæй фæстæмæ бирæ номдзыд æмæ куырыхон адæймæгтæ рантыст æмæ сын абоны фæлтæр кæнынц аргъ, сæ ном сын æрæмысынц хорзæн.

Кады адæймагыл нымад уыд йæ радтæг адæмы æнувыд фырт Мамиты Æхсар Георгийы фырт дæр. Царды уавæртæм гæсгæ Æхсары ныййарджытæ чысыл рæстæг ацардысты Цæгат Ирыстоны Хъобаны хъæуы æмæ ам 1932 азы 15 августы банкъардтой хъæбулы циндзинад. Фæстæдæр, 1939 азы, бинонтæ æрцардысты сæ фыдæлты райгуырæн хъæу Цъунары æмæ сæ фырт Æхсар ам æнтысгæйæ каст фæци астæуккаг скъола. Уый фæстæ ахуыр кæнын райдыдта Сталины номыл Фæскавказы фæндæгты инженерон институты æмæ дзы бакаст фыццаг курс. Фæлæ æвзонг æмæ цардбæллон лæппу æндæр фæндаг равзæрста йæ сомбонæн æмæ уымæ гæсгæ ахуыр кæнын райдыдта Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны Одессæйы зенитон-артиллерион æфсæддон ахуыргæнæндоны æмæ йæ каст фæ-ци 1955 азы. Фæстæдæр та сахуыр кодта ССРЦ зенитон-ракетон æфсады ракетон техникæйы сæрмагонд курсыты. 1967-72 азты каст фæци ССР Цæдисы авиацийы маршал Жичаревы номыл Æфсæддон-командон академи.

Мамийы фырт 1955 азæй суанг 1970 азтæм намысджынæй службæ кодта ССР Цæдисы Фæскавказы æфсæддон округты.

1984 азы кадимæ ацыд æфсæддон службæйæ, лæвæрд ын æрцыд булкъоны цин. Йе ‘фсæддон хæс намысджынæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд паддзахадон 15 хорзæхæй ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум æмæ Хъахъхъæнынады министрадæй, ис ма йын Сырх Стъалыйы хæстон орден.

Æрыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ æмæ дарддæр кодта æхсæнадон куыст. Цалдæр азы уыд Къостайыхъæуы æххæсткомы сæрдар, æмбæстæгты алыгъуызон фарстатæ рæстæгыл скъуыддзаг кæныны зæрдиагæй архайдта. Уый фæстæ та æвзæрст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны «Стыр Ныхас»-ы разамынадмæ. 1997-1999 азты уыд Парламенты депутат закъондзинад æмæ адæймаджы барты фæдыл бынæттон комитеты уæнг. 1989 азы гуырдзиаг лæгсырдтæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбалæбурдтой, уæд уыд Къостайыхъæуы хъахъхъæнынады штабы хистæр. Ацы ран равдыста йе стыр фæлтæрддзинад, хæстон лæппуты къордтæн кодта арæхстджын разамынд.

Йæ иубæстон адæмы иузæрдион фырт Мамиты Æхсар йе ‘мкъаимæ схъомыл кодтой дыууæ чызджы, ис сын ноджы кæстæры кæстæртæ. Дыууæ уарзæгой адæмæн хастой циндзинад, фæлæ цалдæр азы размæ аивгъуыдтой а-дунейæ. Кæстæртæ сæ мысынц, аргъ сын кæнынц сæ бирæ фыдæбæттæн æмæ сæ дарынц сæ зæрдыл.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.