Президент Гаглойты Алан Мæскуыйы фæуазæг Æхсæнадæмон форум «Продэкспо»-мæ. Йемæ уыдысты Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Хицауады Сæрдары хæдивæг  – экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Гасситы Знауыр.

Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Базарадон минæварады сæргълæууæг Гогинов Таймураз Гаглойты Аланæн радзырдта, зæгъгæ, республикæ фæндзæм хатт исы хайад форумы. Банысан кодта Хуссар Ирыстоны экспортерты рæзт.

«Хуссар Ирыстонæй экспортерты нымæц азæй-аз фылдæр кæны. Хуссар Ирыстонæй исты ногдзинад куыддæр фæзыны, афтæ стыр федералон хызæгтæ цæттæ вæййынц æмгуыстадмæ. Ацы аз Æхсæнадæмон форум «Продэкспо»-йы йæ продукци фыццаг хатт равдыста «Бæрзондхæххон Хъелы бæгæныфыцæн» (Ленингоры бæгæныфыцæн завод). Бæгæныфыцæны продукцимæ ныридæгæн тынг бацымыдис кодтой  æлхæнджытæ, федералон хызæгтæ æмæ дистрибьютортæ», – загъта Гогинов Таймураз.

Гаглойты Алан раарфæ кодта «Продэкспо»-йы хуссарирыстойнаг хайадисджытæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæмæй нæ республикæйы товаруадзджытæ æхсæндунеон æмвæзадмæ рахизой, уый  тыххæй сын форум уникалон фæрæз у.

«Бузныг зæгъын мæ фæнды сымахæн уæ куысты тыххæй, Хуссар Ирыстоны аккагæй кæй æвдисут, уый тыххæй. Хорз æй хъуыды кодтам, райдайæны куыд зынтæй æфтыд нæ къухты товар уадзын. Уый уыд дæргъвæтин æмæ зынвадат процесс.

Абон не ‘мбæстæгтæ сæ продукци равдисдзысты, Уæрæсейы регионтæй дарддæр æндæр бæстæты æлхæнджытæ дæр кæм æмбырд кæнынц, уыцы фæзуæтты. Абоны бон Хуссар Ирыстонæн сæ приоритетон хæс у инвестортæ æмæ инвестицитæ республикæмæ æрбахонын. Куыд Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Базарадон минæвар, афтæ  дæ хæс у, цæмæй Хуссар Ирыстоны кусын кæй фæнды, уыцы потенциалон инвестортæн фехъусын кæнай диалогмæ æмæ хæрзвадат уавæртæ саразынмæ нæ цæттæдзинад», – банысан кодта Президент.

Йæ куысты æнтыстыты тыххæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономисты боны цытæн Джуссойты Константин Гогинов Таймуразы схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.