РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик мæсæллæйы ныхæстæ загъта фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ се ‘ввахс хиуæттæн, банысан кодта, зæгъгæ, фæмардуæвджыты рухс нæмттæ æнустæм цæрдзысты адæмы зæрдæты.

«Ереды трагедийы хъæдгом нæ байгас уыдзæн канд æрмæст фæмардуæвджыты бинонты æмæ сæ хиуæтты зæрдæты нæ, фæлæ æппæт ирон адæмы зæрдæты дæр. Махæн уый бар нæй æмæ ферох кæнæм, нæ адæмы ныхмæ гуырдзыйы агрессийы рæстæджы хъизæмæрттæ чи бавзæрста æмæ чи фæмард, æппæт уыдоны. Уыцы æбуалгъы трагеди сæ иунæг фыдракæнд нæу адæймагады ныхмæ, æмæ уымæн æмгъуыд нæй. Мах ногæй æмæ ногæй дунейы зæрдыл лæууын кæнæм – ахæм цау кæй мауал хъуамæ æрцæуа», – загъта Пухаты Эрик фыдохы мадзалы рæстæджы, кæцы уагъд æрцыд Ереды трагедийы фæмардуæвджыты ингæны уæлхъус.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.