Ирон богал Тасойты Инал ссис дзюдойæ «Большой шлем»-ы этапы уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Улан-Баторы. +100 кг уæзы категорийы Инал финалы фæуæлахиз корейаг Ким Мин Чжоныл. Ерысты бронзæйон майдантæ та рамбылдтой Хуыбецты Алан æмæ Таймæзты Мадинæ.

 

РАМБЫЛДТОЙ  ЦЫППАР СЫГЪЗÆРИН МАЙДАНЫ

Дагъыстайнаг горæт Каспийскы уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомыл-гæнинæгтæ рамбылдтой цыппар сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ аст та бронзæ майданы. Нæлгоймæгты ‘хсæн ерысты уæлахиздзаутæ систы Уалыты Чермен (74 кг), Багаты Арслан (86 кг) æмæ Уалыты Владислав (92 кг). Дыккаг бынæттæ бацахстой Гобаты Артем (57 кг) æмæ Джиоты Эрик (125 кг). Бронзæйон призертæ та систы Хæдарцаты Алик (61 кг), Хъызынты Джамбулат (65 кг), Байты Давид (74 кг), Найфонты Артур (86), Багаты Алан (92 кг), Козырты Сергей (97 кг), Хуыбылты Ален (125 ) æмæ Хынцæгты Сослан (125 кг).

Ирыстоны минæвæрттæй ма ноджы иу сыгъзæрин майдан рамбылдта Кæсæбиты Алинæ, кæцыйæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 62 кг уæзы категорийы.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Багаты Арслан йæ интервьюйы рæстæджы куыд банысан кодта, афтæмæй йæхæдæг, Уалыты Владислав æмæ Кæсæбиты Алинæ кæй сты Хуымæллæджы хъæуæй.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.