Уалдзæджы æрлæудимæ та нæ горæты хæрзарæзтады кусджытæ æрæвнæлдтой уынгтæ сыгъдæг кæнынмæ, æфснайынмæ, цæмæй та зæрдæ райа горæты бакастæй. Ныридæгæн бирæ уынгтæ фесты æфснайд æмæ сæ хуыз скалдтой, – сыгъдæгдзинады фæрцы цæсты бынтон æндæргъуызон ахадынц.

Ӕрæджы æрæвнæлдтой РХИ-йы Парламенты алфæмблай æфснайынмæ дæр. Фыццаг уал асыгъдæг кодтой фæзуат алыгъуызон бронæй, кæрдæджытæй сыгъдæг кæнынмæ. Бавнæлдтой ма бæлæстæм дæр – ралыг сын кодтой сæ хус къалиутæ. Уый фæстæ халамæрзæнтæй ралæгъз кодтой газонтæ æмæ фæзуат бынтондæр йæ хуыз скалдта. Брæтты та машинæйыл аластой.

Бæлæстæ æрмæст ацы бынаты не сты æхсæдинаг, фæлæ ма горæты бирæ уынгтыл. Ис дзы рагон, зæронд бæлæстæ, кæцытæн хус кæнынц сæ къалиутæ. Стæй ма æрыгон бæлæстыл дæр низтæ схæцынц æмæ уый фæстиуæгæн хус кæнын райдайынц. Ӕппæт ацы бæлæсты хъæуы æхсæдын, кæцыдæрты та бындзарыл ралыг кæнын æмæ сын сæ бынаты та талатæ ныссадзын. Ныридæгæн дæр та Путины уынгыл ралыг кодтой цалдæр назбæласы, кæцытæн ма æрмæстдæр цалдæр къалиуы цъæх дардтой, иннæтæ бахус сты. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу æрцъæл сты сæ къалиутæ æмæ сæ бынты бæлццæттæ дæр шофыртæ дæр æдасæй нал цыдысты. Се ‘ддаг бакастæй дæр сыл бæрæг уыд, иу тыхдымгæйы фæлдæхгæ дæр кæй акæндзысты.

Горæты хæрзарæзтады кусджытæ дарддæр дæр сæ куыст кæндзысты архайдзысты сыгъдæгдзинадыл. Фæлæ ма цæрджытæ дæр куы æвдисиккой активондзинад æмæ-иу кæддæрты куы рафснаиккой сæ цæрæнуæтты раз, уæд хорз уаид. Ацы ныхас алкæмæ нæ хауы, – нæ горæты ис ахæм уынгтæ æмæ  сæ сæ цæрджытæ сыгъдæг дарынц, сты хæрззылд. Фæлæ нæм ис ахæм чъизи уынгтæ дæр æмæ сыл цæуынмæ адæймаг зивæг фæкæны. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, æвидыц кæны уынг æмæ, иумийагæй сисгæйæ та, горæты дæр.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.