Репортаж байгом кæныны цытджын церемонийæ

Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады боны цытæн, 23 ноябры, Президент Гаглойты Алан хайад райста,  Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы бюстты байгом кæныны цытджын  церемонийы.

Ам æвæрд æрцыдысты алкæцы дуджы зынгæ архайджыты бюсттæ – Джусойты Нафи, Дзанайты Азанбек, Брытъиаты Елбыздыхъо, Кучиты Юри, Гаглойты Рутен, Айдарты Знауыр æмæ Хуыбылты Валерийæн.

Бæрæгбоны официалон хайы райдианы «Кад æмæ цыты Аллея»-йы азæлд Хуссар Ирыстон-Аланийы паддзахадон гимн. Уый фæстæ Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта адæм,  æхсæнады минæвæрттæ æмæ уазджытæн:

«Абон рæсугъд æмæ стыр бæрæгбон у не ‘ппæтæн дæр. Хуыцау нын бирæ хъару радтæд, нæ Ирыстоны фæрныгадæн бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын нæ къухы куыд бафта. Зæрдæбынæй арфæ кæнын æппæт Хъæбатыртæн! Сымахæй сæрыстыр у нæ номдзыд бæстæ! Хъæбатыры ном йæ мæлæты фæстæ кӕуыл баззад, уыдон дæр рох макуы уæнт… Абон æнæхъæн бон куы кæнæм нæ цытджын æмæ номдзыд архайджыты кой, уæддæр нæ бон не суыдзæн райгом кæнын, куыд хъæздыг уыд сæ миддуне. Алы адæймагæн дæр йæ райгуырды бон, æвæццæгæн, Хуыцау радты хæрзиуджытæ. Уыдонæй иу у курдиат. Уымæй хайджын адæймаг йæ царды уагæй хицæн кæны иннæтæй. Бирæты дзы адæм хионау бауарзынц, кад ын фæкæнынц. Иры зæхх хъæздыг уыд æмæ у  курдиатджын адæмæй.

Гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фыццаг бонæй фæстæмæ Хуыбылты Валери уыд хæстон архайдтыты иууыл активондæр хайадисæг. Уыцы уæззау бонты ирдæй разынд йæ хъæбатырдзинад, лæгдзинад, тæрсгæ кæй ницæмæй кодта, уыцы миниуджыты фæрцы архайдта хъахъхъæнынады æппæт къордты архайд æрнывылкæныныл, уый фæрцы ифтонг æрцыд знагæн фидар ныхкъуырд раттыны хъуыддаг.

Валери уыд ӕмӕ ӕнустӕм нӕ историйы баззайдзӕн, куыд ӕцӕг патриот.

Уырны мæ, фидæны фæлтæртæ ацы цыртдзæвæнтæн аргъ кæй скæндзысты æмæ сын сæ нымæц кæй фæфылдæр кæндзысты, уыдæттыл зæрдæ дарæн ис».

«Æнусты дæргъы кæрæдзи æмбаргæйæ цæрæм æмæ фæллой кæнæм нæ иумæйаг Ирыстоны æмæ нæ бæстæйы кадæн. Нæ Ирыстоны тых –  адæмы иудзинад. Ирыстоны фæлтæртæй бирæтæ архайдтой алы хæстыты, æмæ сын саккаг кодтой Хъæбатырты нæмттæ. Æрмæстдæр æрбангом уæвгæйæ, Фыдыбæстæйы сæраппонд иумæйаг нысанæй иугондæй махæн нæ бон у нæ Ирыстон, нæ бæстæ бахъахъхъæнын» – радзырдта меценат Гуцаты Фридон.

Президент Гаглойты Алан сæрмагонд бузныджы ныхæстæ загъта меценат Гуцаты Фридон æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг, скульптор Дзукъаты Никъалайæн. «Сымахæн егъау у уæ хайбавæрд нæ адæмы истори æмæ аивады къабазы райрæзтмæ. Уæ хæрзаудæн æххуысы руаджы, цыбыр æмгъуыдмæ, Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы байгом «Кад æмæ Цыты Аллея».

«Кад æмæ Цыты Аллея»-йы символикон сырх лентæ цытджын уавæрты алыг кодтой Гаглойты Алан, Гуцаты Фридон æмæ Дзукъаты Никъала. Уый фæстæ мадзалы хайадисджытæ бюстыты раз сæвæрдтой дидинджытæ.

Дриаты Лейла

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.