Уæрæсейы адæмон артист, цирк æмæ кинойы артист Хъантемыраты Мухтарбег йæ цардæй ахицæн 30-æм августы. Уæрæсейы зындгонд уыд, куыд каскадер æмæ бæхты театры саразæг, афтæ.

Уый райгуырд 1934 азы 18 февралы профессионалон циркы барджыты бинонты ‘хсæн. Уый уыд Мæскуыйы бæхты театр «Каскадер»-ы аивадон къухдариуæггæнæг. Йæ фыд Хъантемыраты Али-Бег уыд циркы барджыты зынгæ династийы хистæр, кæцы Уæрæсейы фыццаг хатт сарæзта бæхты цирк «Джигиты Осетии» («Али-Бег»).

Йæ фыд куы фæзиан, уæд Хъантемыраты Мухтарбег сарæзта «Каскадер». 1999 азы Санкт-Петербурджы йæ театр равдыста программæ «Россия в седле» æмæ 1991 азы та Чысыл спортивон аренæйы, Лужникты та – «Прощай и здравствуй Русь!». 1993-1999 азты Хъантемыраты Мухтарбеджы театрæн ралæуджытæ уыд Болгарийы. 1997 азы фыццаг хатт Мæскуы федта циркы театр «Каскадер»-ы номыртæ, Уæрæсейы столицæ йæ радон 870 азы юбилей куы нысан кодта, уыцы бон. Артисттæ æххæст кодтой рагон Уæрæсейы паддзахты ролтæ. Уыдон бæрæгбонон цыд кодтой Тверская уынджы, афтæ Дмитровойы дæр. Хъантемыраты фырт уыд Юри Долгорукийы ролы. Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ каскадерты труппæ бацыд Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады дæлбармæ. Артист-циркач æмæ йе ‘фсымæр Ирбег курсантты-ирвæзынгæнджыты ахуыр кодтой бæхыл цæуыны джигитовкæ æмæ трюктыл.

Хъантемыраты Мухтарбегæн уыд дыууæ æфсымæры – Ирбег æмæ Хасанбег. Йæхицæн та баззад дыууæ бындары – фырт Алан æмæ чызг София. Циркы зæронд нывтæм куы æркæсай, уæд дзы сты йæ фыд, труппæ «Джигиты Али-Бек»-ы бындурæвæрæг, бæхты джигитовкæйы легендæ, йæ дыууæ хистæр æфсымæры Хасанбег æмæ Ирбег, уыдон сты стыр артисттæ, кæцытимæ уый ралæууыд дунейы сценæтыл. Цал бæстæйы равдыстой сæ диссаджы дæсныдзинад, уыдон зын банымайæн сты.

Хъантемыраты Мухтарбег уыд курдиатджын артист дæр. Уый ахъазыд ахæм кинонывты, куыд зæгъæм: «Заложник», «В двух шагах от Рая», «Марш-бросок», «Парк советского периода». Сценæмæкæсджытæ йæ тынгдæр бахъуыды кодтой кинокомеди «Не бойся, я с тобой»-ы, циркач Рустамы ролы хъазгæйæ. Ацы кинокомедийы уый ахъазыд зынгæ Лев Дуровимæ. Гæнæн ис афтæ зæгъæн дæр æмæ Советон Цæдисы ацы кинонывæн стыр æнтыст уыд ацы дыууæ артист дзы кæй хъазыдысты, уый руаджы. Фенæн дзы ис ахæм эпизодæн, цыран Мухтарбег йæ бæхыл стæхы хохы цъупмæ, раст цымæ зæххыл ныдзæвгæдæр нæ кæны, афтæмæй. Уыд уыд тынг диссаджы хæларзæрдæ адæймаг æмæ йæ йæ бирæ зонгæтæ, йæ радтæг адæм бахъуыды кæндзысты ахæмæй. Уымæн йæ бæх уыд йæ царды нысан. Арæх-иу дзырдта: «Нæ йæ хъуыды кæнын цæуын куыд райдыдтон, фæлæ хъуыды кæнын бæхыл куыд сбадтæн, уый…» Æмæ мæнæ фæстаг кадр – Мухтарбег æрбалхъывта йæ хæрæфырт Маирбеджы къух, раст ын цыма ацы царды ахсджиаг цы уыд, уый радтынмæ бафæлвæрдта, уыйау. Фæстаг азты Мухтарбег цард Мæскуыйы. Йæ хиуæтты ныхæстæм гæсгæ уый фæндыд, цæмæй йæ баныгæдтаиккой йæ райгуырæн бæстæйы, йе ‘фсымæры цур. Уый базонгæйæ РЦИ-Аланийы хицауад равдыста йæ разыдзинад æмæ кæд мемориалон комплекс «Кады Аллея»-йы бынат нал уыд, уæддæр дзы Ирыстонæн стыр ном чи скодта, уымæн ссардтой бынат. 5-æм сентябры Хъантемыраты Мухтарбегы баныгæдтой Дзæуджыхъæуы «Кады Аллея»-йы.

Рухсаг у!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.